Зазхæссæнæй къуырийы фæстæ æрбаллæуы иууыл кадджындæр адæмон бæрæгбон – Куадзæн (ком + уадзæн, омæ, мархо фæцис, æмæ ком уæгъд æрцыд). Ирон адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кодтой развæлгъау, гæнæн уæвгæйæ, бинонтæ иууылдæр хъуамæ скодтаиккой ног дарæс. Хæдзæрттæ-иу хæрзæфснайд бакодтой. Йæ къух кæмæн куыд амыдта, уымæ гæсгæ кодтой кусарт дæр, чырыстон фосæй. Куадзæны æхсæв-иу æвзонг лæппутæ æрæмбырд сты æмæ-иу иумæ зылдысты æгас хъæуы хæдзæрттыл, зарыдысты, хъæр кодтой: «Чырысти райгас, Чырысти райгас!» Цы æйчытæ сын лæвæрдтой, уыдон-иу уый фæстæ кæрæдзийыл уæрстой. Æвзонг лæппутæ-иу хæдзæрттыл куы зылдысты, уæд-иу сæ уæлæ скодтой алыгъуызон бызгъуыртæ, цæмæй сæ мачи базона. Уыцы æхсæв-иу алчи дæр архайдта иунæгæй уæвыныл, уымæн æмæ, дам, Чырысти уæларвæй зæхмæ куы ‘рцæуа, уæд йæхи равдисдзæн æрмæст иу адæймагæн, уыцы адæймаг та уый фæстæ кæндзæн амондджын цард. Стырбон-иу райдыдта арфæтæй: «Чырысти райгас!» – «Æцæгæйдæр райгас!». Уый фæстæ ахæм арфæтæ та сыхæгтæ кодтой кæрæдзийæн.

Куадзæн райсом-иу донскъæфæнтау хæдзары чындзытæ раджы хъуамæ ацыдаиккой суадонмæ дон хæссынмæ, мачи сæ федтаид афтæмæй. Куадзæны æхсæвы дон, дам, Хуыцауæй арфæгонд у, æмæ дзы фыццаг æрбахæссын кæмæн бантыса, уый æгас афæдз амондджын уыдзæн. Хæдзары бинонтæ-иу уыцы ногхаст донæй сæхи ныхсадтой, æхсгæ-æхсын-иу сæхи фæдзæхстой Хуыцауæн, бардуæгтæн.

Бирæ хæххон хъæуты Куадзæн нымад цыд хъæлдзæг бæрæгбоныл. Æрæмбырд-иу сты кувæндоны, хъæуы хистæр-иу алкæй кувинæгтæй дæр скуывта, уый фæстæ-иу æгас хъæубæстæ иумæйаг куывды æрбадтысты. Бирæ хатт-иу уыцы куывд æнæхъæн къуыри дæр ахаста. Фæсивæд-иу хъазты æвдыстой сæ арæхстдзинад кафгæйæ. Сæ арæхстдзинад æвдыстой барджытæ дæр – тæхгæ бæхæй фелвас – æвæрд худ, кæнæ та дзыхъхъы æппæрст æрхуы æхца. Цы барæг-иу фесгуыхт, уымæн-иу чызджытæ балæвар кодтой сæхи быд алдынбыдтæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны бирæ рæтты Куадзæн нымад у мæрдты боныл. Хæрд, нозтимæ фæцæуынц уæлмæрдмæ æмæ рухс фæзæгъынц сæ мæрдтæн.

Куадзæн, куыд Чырыстийы стыр бон, афтæ тынг зындгонд у дунейы чырыстон диныл хæст адæмтæм. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, Куадзæн æрбафтыд рагон скæсæйнаг бæс-тæтæй æмæ баиу ис бынæттон бæрæгбонтимæ. Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, Куадзæн адæмæн æрхæссы стыр цардамонд, уæд райдайы æцæг уалдзæг, райхъал вæййы æрдз, сулæфы зæхх. Куадзæн æййафы хуымтæ, зайæгойтæ сæ тæккæ рæзынмæ куы бахæццæ вæййынц, уыцы афонмæ, æмæ-иу цæмæй уыдон ноджы тынгдæр æмæ тагъддæр рæзой, уый тыххæй арæзтой алыгъуызон ритуалон æгъдæуттæ. Куадзæны сæйраг æвдисæныл нымад цæуы айк. Айк у ног царды райдиан. Сырхахуырст æйчытæн уалдзыгон бæрæгбонты стыр ритуалон-магион нысаниуæг кæй уыдис æппæт чырыстон адæмтæм дæр, уый бæрæгæй зыны этнографион литературæйы дæр. Айк афтæмæй ссис стырбонты культон ритуал, уый символикон æгъдауæй æвдыста Чырыстийы «райгасы» идейæ. Æйчытæ хъуамæ уыдаиккой æнæмæнг сырх кæнæ цъæх ахорæнæй ахуырст, ацы хуызтæ, зæгъгæ, тæрсын кæнынц фыдбылызты æмæ алыгъуызон æвзæргæнджыты.

Ацы бæрæгбоны æвзонг фæсивæд ахуырст æйчытæй кæнынц алыгъуызон хъæзтытæ, кæрæдзийыл сæ фæкъуырцц кæнынц æмæ кæмæн ацъæл вæййы, уый йæ иннæмæн ратты.

Куадзæны стырбон-иу фæсивæд кæрæдзийыл дон калдтой, стыр æртытæ-иу скодтой, ацы æгъдæуттæ дæр арæзтой хъæздыг хор æрзады тыххæй.

Мæрдты Куадзæн

Мæрдты Куадзæн вæййы Куадзæны хæдфæстæ къуырисæры. Уæдмæ уæлмæрдтæм хорз базилынц, бафснайынц сæ, ссыгъдæг сæ кæнынц зымæджы фæлхæрттæй. Æмæ, удæгæстæ Куадзæны сæ ком куы суадзынц, сæ бæрæгбон хорз куы сбæрæг кæнынц, уæд дыккаг бон къуырисæры сæ мæрдты уæлмæрдтæ бабæрæг кæнынц, сæ ком цы хойраг, хæлц, дыргъ, халсар, адджинаг, нозтытæй суадзынц, уыдонæй сæ мæрдтæн дæр ныххæлар кæнынц.

Мæрдты Куадзæн æнæмæнг скæныны хæс сæхицæн нымайынц, афæдзы дæргъы йæ бинонтæй кæмæн фæхъуыд, уыдон – ног мæрдджынтæ. Кусарт куынæ акæнынц, уæддæр æрцæттæ кæнынц фынджыдзаг. Цы хойраг, нозт, дыргътæ, халсартæ, адджинæгтæ йыл æрæвæрынц, уыдон мардæн ныххæлар кæнынц, стæй дзы иу хай уæлмæрдмæ ахæссынц æмæ йын дзы уым рухсаг фæзæгъынц.

Фынджыдзагæй хæдзары марды ном та ссарынц хæстæг, хиуæттæ æмæ сыхы хистæртæ.

Мæрдты Куадзæн ма мæрдты къуырисæр дæр хонынц.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.