Нæ горæты цæрджытæ рагæй хъаст кодтой, уынгты æхсæнадон транспортмæ бæлццæттæ кæм æнхъæлмæ кæсой, ахæм бынæттæ кæй нæй, уый тыххæй. Æвзæр боныгъæдты-иу ацы проблемæ уæлдай тынг тыхсын кодта бæлццæтты. Азы райдианы Хицауады радон æмбырды Президент Бибылты Анатоли хæслæвæрд радта горæты администрацийæн, цæмæй бакусой ацы фарстыл. Уый тыххæй æхцайы фæрæзтæ хицæн æрцыд бюджетæй.

Цхинвалы горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Лалыты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй ивгъуыд къуыри уыдон æрæвнæлдтой Президенты хæслæвæрд æххæст кæнынмæ.

«Æфсæн æмæ авгæй конд конструкцитæ æвæрын райдыдтам, æхсæнадон транспортмæ бæлццæттæ кæм фенхъæлмæ кæсынц ахæм бынæтты. Нырма уал ахæм лæууæн бынæттæ æвæрд æрцыд Джиоты Аланы проспектыл. Проектмæ гæсгæ уыдонæй ацы уынджы æвæрд æрцæудзæнис аст. Стæй цадæггай ахиздзыстæм иннæ централон уынгтæм дæр», – зæгъы Лалыйы фырт.

Лалыйы фырт ма куыд загъта, афтæмæй нырма æвæрд æрцæуы æфсæн каркас, уый фæстæ йын йæ фæрстæ сæхгæнынц бæзджын авгæй. Æрлæууæн бынæтты æвæрд æрцæудзæн тротуарон плиткæ æмæ дзы сæвæрдзысты бандæттæ дæр.

Уымæй дарддæр ма фæндæгтæ арæзт куы цыдысты, уæд хынцыд не ‘рцыд æрлæууæн бынæттæ саразыны фадат, уымæ гæсгæ æхсæнадон транспорты æрлæууæны нысæнттæ æвæрд кæм ис, уырдæм хатт адæм бахизынц газонты сæрты. Автобустæ æмæ маршруткæтæ та саразынц аварион ситуацитæ. Ныр ахæм æрлæу-уæнтæ арæзт кæй цæуы, уымæй цалдæр проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæнис.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.