Абон, 19-æм январы куыд æппæт дунейы Чырыстон бæстæтæ, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр нысан кæнынц стыр æмæ уаз бæрæгбон – Доныскъæфæн. Ацы бæрæгбон нæм æрхæццæ нæ рагфыдæлтæй æмæ йæ алкæцы бинонтæ дæр Хуыцауыл сæхи фæдзæхсгæйæ, фæнысан кæнынц. Аргъуаны бæрæгбонтæй ацы уаз бæрæгбон нымад цæуы, куыд  ахсджиагдæр æмæ нысаниуæгджындæртæй сæ иуыл. Ацы цытджын бонæн стыр нысаниуæг ис алкæцы чырыстон диныл хæст адæймаджы царды дæр. 19-æм январимæ баст сты бæрæг традицитæ, кæцыты æнæмæнгæй хъæуы æххæст кæнын ацы стыр бон. Доныскъæфæны бæрæгбонмæ Чырыстон диныл хæст адæм сæхи фæцæттæ кæнынц рагацау.

Ирон адæммæ, фыдæлтæй фæстæмæ, ацы диссаджы бон фæмысынц, Ногбонæй æхсæз боны куы рацæуы, уæд. Доныс-къæфæн, комкоммæдæр баст у Чырыстийы номимæ. Ацы бон Чырыстийыл дзуар бафтыдта Иоанн æмæ доныаргъуыд райста Иорданы цæугæдоны. Уымæ гæсгæ йæ Чырыстон диныл хæст адæм алы аз дæр æнæмæнгæй фæнысан кæнынц стыр цытимæ, у сын тынг ахсджиаг бæрæгбон.

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ республикæйы адæм фæстаг рæстæджыты активондæрæй райдыдтой цæуын нæ горæты аргъуантæм, уырдæм сæхи фæдзæхсынмæ. Уæлдайдæр та ныр – бирæты хæдзæрттæй Донбассмæ фæцыдысты нæлгоймæгтæ æмæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы. Æмæ сæ бинонтæ курынц Хуыцауæй, цæмæй сæ   хæстонтæ фыдбылызтæй хызт уой.

Чысыл сабийæ суанг хистæр кары адæймæгты онг ацы сыгъдæг боны райсынц доны аргъуыд æмæ сæхæдæг куыд фæзæгъынц, афтæмæй банкъарынц стыр удæхцондзинад. Чырыстон дин куыд амоны, уымæ гæсгæ 18-19 январмæ æхсæвы æмæ æгас бон зæххыл цыдæриддæр дæттæ ис, уыдон иууылдæр вæййынц сыгъдæг, аргъуыдгонд. Уымæ гæсгæ ацы бон æрмæст найын нæ хъæуы, фæлæ ма хъуамæ мигæнæны сисай уаз донæй, афæдзы дæргъы йæ дарай дæ хæдзары æмæ дзы пайда кæнай.

Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, ацы бон æппæт суадæттæ æмæ цæугæдæттæн вæййы алæмæттаджы хосгæнæн тых æмæ уый зонгæйæ, ацы бон доны аргъуыды рæстæджы Хуыцаумæ кувæг адæмæй йæ ныфс чи хаста ихджын донмæ, уый-иу дзы цалдæр хатты дæр аныгъуылд. Чырыстон дин куыд амоны, афтæмæй ацы дыууæ боны цыфæнды уазал доны дæр дæхи куы ныннайай, уæддæр нæ фæрынчын уыдзынæ, æмæ æцæгдæр афтæ у. Уый зонгæйæ нæ фыдæлтæ дæр ацы бон райсом раджы æнæдзургæйæ цыдысты, хъæуты цы суадæттæ ис, уырдæм, æмæ-иу дзы æрдавтой сыгъдæг донгæрзты, бапырх-иу дзы кодтой хæдзары къуымты, уый фæстæ-иу æвæрд æрцыдис хицæнæй бæрæг ран, бинонтæ йæ куыд зыдтаиккой, ахæм бынаты, афæдзы дæргъы-иу дзы пайда кодтой.

Фыд Серги куыд фæдзæхсы, афтæмæй гæнæн уæвгæйæ, алкæцы уырнон адæймаг дæр хъуамæ бацæуа аргъуанмæ, æмæ йын кæд уыцы фадат нæ уа, уæд та хъуамæ хæдзары скува. Иууыл сæйрагдæр та у, цæмæй дæ куывд цæуа сыгъдæг зæрдæйæ. Хъуамæ дæ хъуыдытæ æмæ дæ зæрдæ уой сыгъдæг æмæ дæ æвзæр макæмæн фæнда. Ацы уаз бæрæгбоны адæймаг хъуамæ уа фæлмæнзæрдæ, батæригъæд кæна мæгуыр адæмæн æмæ сын баххуыс кæна, йæ бон куыд цæуа, афтæ. Æнæмæнгæй хъæуы ныббарын æмæ ферох кæнын хъыгдзинæдтæ, афтæ ма сæйраг у, де ‘ввахс адæмæй хатыр ракурын дæр. Уæд адæймагæн йæхицæн дæр бирæ фенцондæр вæййы. Ацы сыгъдæг донæй куы нуазай, уæддæр хъуамæ æвзæр хъуыдытæ аиуварс кæнай, æвзæр хъуыддæгтæ ма аразай.

Цхуырбаты Ларисæ