19-æм январы, куыд æппæт дунейы чырыстон бæстæтæ, афтæ нæ республикæйы дæр банысан кодтой стыр æмæ уаз бæрæгбон – Доныскъæфæн. Чырыстон дин куыд амоны, уымæ гæсгæ 18-19 январмæ æхсæвы æмæ æгас бон зæххыл цыдæриддæр дæттæ ис, уыдон иууылдæр вæййынц сыгъдæг æмæ аргъуыдгонд. Уымæ гæсгæ хъæуты æмæ нæ горæты уынгты адæмы фенæн уыдис аргъуантæй æмæ суадæттæй донгæрзтимæ куыд здæхтысты сæ хæдзæрттæм, уый. Адæм хорз фæндиæгтимæ кæрæдзийæн арфæ кодтой бæрæгбоны сæраппонд.

18-æм январы, традицимæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны аргъуанты ауагътой Донаргъуыды бæрæг-бонон литургитæ, кæцыты хайад райстой æппæт чырыстон адæм. Уаз бæрæгбоны сæраппонд йæхи фæдзæхсынмæ Сыгъдæг Æртæиуон Чырыстон аргъуанмæ æрбацыд Президент Гаглойты Алан дæр. Адæм Хуыцаумæ куывтой æмæ йын лæгъстæ кодтой, цæмæй дунейы уа сабырад æмæ хæст ма уа, цæмæй сæ бинонтæ æмæ æввахс адæймæгтæ уой æнæниз æмæ амондджын. Æхсæвыгон службæйы Фыд Серги адæмы зæрдыл æрлæууын кодта бæрæгбоны нысаниуæг æмæ йæ равзæрды истори æмæ йæ бакуывдтытæй адарддæр кодта службæ.

Донаргъуыд – доныскъæфæны

Республикæйы æппæт чырыстон диныл хæст адæмæн сыгъдæг зæрдæйæ раарфæ кодта Президент Гаглойты Алан дæр æмæ банысан кодта бæрæгбоны уаз нысаниуæг.

«Мах ацы бæрæгбоныл æмбæлæм цины æнкъарæнтимæ. Уый æппæт адæмыл дæр æфтауы сыгъдæг хъуыдытæ, цæмæй æвзæрдзинæдтæй нæхи хизæм, æмæ зæххыл фылдæр хорздзинад тауæм. Абон аргъуаны цы бирæ адæм æрбамбырд, уыдон сфæлдисæг Хуыцаумæ кувынц æмæ йын лæгъстæ кæнынц, цæмæй уой йæ фæдзæхст æмæ сын радта æнæниздзинад, царды хæрзиуджытимæ. Фидарæй мæ уырны, не ‘ппæт дæр нæ куывдтыты сабырад кæй курæм æмæ, сæйраджыдæр та, цæмæй нæ хæстон-тæ сæрæгасæй æрæздæхой сæ хæдзæрттæм. Уыдон знагæй хъахъхъæнынц Райгуырæн бæстæйы. Ацы диссаджы уаз бæрæгбоны цытæн уын мæ зæрдæ зæгъы сабырад æмæ уæ куывдтытæ та фехъуысæнт Стыр Хуыцаумæ!», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Бæрæгбонон службæйы фæстæ традицимæ гæсгæ адæм араст сты Дменисы хъæуы цæугæдонмæ æмæ уым сауджын саргъуыдта доныл. Дменисы аргъуыды хайад райста Гаглойты Алан дæр.

Дыккаг бон, 19-æм январы дзуарæфтыд цыд сарæзтой Леуахимæ æмæ уым донаргъуыд райстой чи йæм æнхъæлмæ каст, æппæт уыдон. Донаргъуыд райстой 10 адæймаджы, се ‘хсæн уыдис сывæллæттæ дæр. Боныгъæд уыдис хъарм æмæ адæмæй бирæтæ сæхи ныннадтой цæугæдоны. Æнæмæнг-иу сæхиуыл дзуæрттæ афтаугæйæ, æртæ хатты аныгъуылдысты зымæгон сыгъдæг доны.

Цхуырбаты Лариса