Алы бæрæгбон дæр адæмæн вæййы иумæйаг. Уæд  фесæфы æрвылбоны æнтъыснæгдзинад,  Бæрæгбон-иу райхæлдта зæрдæты æлхынцъытæ, дуне-иу ирд ахорæнтæй сфæлыста кæрæдзимæ фыдæхы цæстæй кæсджытæ-иу бафидыдтой.

Кæрдæгхæссæнæй къуыри фæстæдæр ирæттæ арæзтой Дауджыты бæрæгбон.

Фыдæлтæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ – дауджытæм куывтой бахъуыды заман, фæлæ сын æмхуызон нымад нæдæр афонæй уыдысты, нæдæр бынатæй. Зæдтæм амыдтой комкоммæ сæрмагонд нæмттæй æмæ сын арæзттой кувæндæттæ – дзуæрттæ. Уыдысты сын уæларвон æмæ зæххон, дзырдтой сæм бардуагæй, ахстой бæрæгæй бæрзонд æмæ ныллæг бынæттæ, тахтысты базырджынтæй уæлæрвты, фæлгæсыдысты фылдæр бæрзондæй ныллæгмæ. Дауджытæ бадтысты ныллæджыты æмæ сын нæмттæ нæ уыд. Уыцы уырнынады, æмбарынадыл хъуыстысты фыдæлты ныхæстæ, кувыны хъуыдытæ афон æмæ бынат хынцгæйæ ахæм хуызты: хохы зæдтæ æмæ быдыры дауджытæ; зæдтæ æмæ дауджытæ; изæры зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; сæумæйы зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; уæларвон зæдтæ æмæ зæххон дуæгтæ; цы зæд, цы дуаг дæ, ахъаз бакæн!

Зæды номæй дзырдтой бæрæг бынæттæм – Сæрзæд, Хъæуызæд. Дуаджы номæй уыцы хуызы нæ дзырдтой. Уæдæ зæдтæ фыдæлтæн тахтысты хохæй хохмæ, дзуарæй дзауармæ. Дуаг æртахти, зæгъгæ, никуы дзырдтой, нæдæр ын фехъусæн уыди, уымæн  æмæ фыдæлтæн дуæгтæ-дауджытæ уыдысты зæххон, æмæ тæхгæ нæ кодтой. Зæдтæй иутæ цардысты уæлæрвты (Аларды, Йелиа, Уастырджы, Куырдалæгон, Хуртыхурзæрин), иннæтæн сæ бынæттæ уыдысты зæххыл (Фæлвæра, Тутыр, Уацилла, Ӕфсати, Сафа, Сæрызæд, Хъæуызæд, Бынатыхицау, Мадиз).

Дауджытæ уыдысты зæххон æмæ бадтысты, змæлыдысты сæ кувæг адæмы – кусæн, улæфæн, цæуæн æмæ кувæн бынæттæм хæстæджыты æмæ хъуыстой алы афæтты царды хъæрмæ, змæлдмæ.

Уыдон дæр зæдты хуызæн Хуыцауы фæндонæй афæдз цыппар хатты бадтысты тæрхæтты-уынаффæтты.

Дауджыты ссарынц уыдонæн сегасы нæмттæ дæр. Бæрæгбонæн йæ ном дæр йæ уæлæ ис – равзæрдис дзырд дуагæй (идауæг). Рагон ирайнæгтæм уый нысан кодта “æрвон тых”.

Дауджытæй райдайынц сæрды æмæ фæззæджы бæрæгбонтæ. Сегасы размæ дæр лæууы иу нысан – фæззæджы хортæ æрдзы фыдбылызхæссæг тыхтæй бахизын. Бæрæгбонтæ арæзт цыдысты уæларвон тыхтæн кад кæныны охыл, цæмæй уыдон хъахъхъæдтаиккой зæхкусæджы куыствæллой. Дауджыты бæрæгбон æппæты кадджындæр уыди Куырттаты комы.  Йæ кувæндон ис  “Дзирыдзуары” хохы къабузтæй иуыл. Куырттаты комы кувæндæттæй уый уыди æппæты бæрзонддæр ран æмæ афтæ зыны, цыма комбæсты сæрты тæхы. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, æппæты цытджындæр дзуæртты бынæттæ æппæты бæрзонддæр рæтты уыдысты, зæгъгæ.

Бæрæгбонмæ бахсидынц бæгæны, рауадзынц арахъ. Кæмæн куыд йæ фадат у, ахæм кусарт акæнынц. фæлæ арæхдæр æргæвдынц уæрыкк. Бæрæгбоны фынгыл æрæвæрынц æртæ чъирийы кусарты хуылфыдзау-мæттæй физонæгимæ, афтæмæй скуывынц Дау-джытæм.

Кувæндонмæ ахæссынц æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ нозт. Дзуары лæг скувы Дауджытæм. Сæ хорзæх сæ куыд уа, азæй-азмæ æртæ чъирийæ куыд кувой. Уый фæстæ æрбадынц æмæ райдайы сæ куывд.

Ацы бæрæгбон ирон адæмæй абон дæр рох нæу. Бирæ рæтты йæм сæхи фæцæттæ кæнынц æмæ йæ арвитынц хъæлдзæгæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.