Абон, 7-æм сентябры йæ юбилейон райгуырæн бон банысан кодтаид йæ радтæг адæмы æцæг патриот, курдиатджын дохтыр, адæмуарзон æмæ зæрдæхæлар адæймаг Тыбылты Славик Георгийы фырт. Уый йæ цардæй æнæнхъæлæджы ахицæн ацы аз апрелы мæйы куадзæны бон.

Райгуырд 1964 азы 7-æм сентябры Карелы районы Понайы хъæуы. Бæрæг уавæртæм гæсгæ, йæ ныййарджытæ Тыбылты Георги æмæ Гæбæраты Боболкайы бахъуыд цæрынмæ Тбилисмæ ацæуын. Славик ацы горæты фæцис каст астæуккаг скъола. 1983-1985 азты службæ кодта Советон æфсады рæнхъыты Германы.

Йе ‘мбæстагон хæс бафидыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Кемеровойы паддзахадон медицинон институтмæ. 1991 азы йын ацы институт æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ лæвæрд æрцыд дохтыр-педиатры квалификаци. 1989-1990 азты куыста Кемеровойы 1-æм областон клиникон рынчындоны хъуырты низты хайады медицинон æфсы-мæрæй.  Сывæллæтты отоларингологы дæсныйады фæдыл иуазон интернатурæ рацæуыны фæстæ, 1991-1992 азты куыста хъуырты дохтырæй. 1992 азæй 1993 азмæ та хъуырты дохтырæй бакуыста Кемеровойыы горæтон поликлиникæйы.

Тыбылты Славикæн кæд йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг цыдысты, Кемеровойы йæм æнхъæлмæ каст хорз фидæн, уæддæр йæ бæллиц уыд Ирыстоны цæрын. 1997 азы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ уыцы аз кусын райдыдта Цхинвалы горæтон поликлиникæйы отоларингологæй. Ацы бынаты бакуыста 2004 азы онг. Уыцы рæстæджы æмæ уый фæстæ дæр бирæтæн баххуыс кодта хъуырнизæй фервæзын кæнынæн, нымад цыд хорз дохтырыл. 2003-2007 азты хаст æрцыд дохтыр-отоларингологæй РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады æфсæддон поликлиникæйы хисæр-магонд сконды номхыгъдмæ. 2004 азы ма уыцы-иу рæстæджы куыста Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл республикон центры сæйраг дохтырæй. 2007 азы нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны республикон соматикон рынчындоны радгæс терапевтæй. Уыцы аз раконд æрцыд РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты медицинон-социалон экспертизæйы къамисы сæрдарæй, цыран бакуыста 12 азмæ æввахс, суанг йæ амæлæты боны онг.

«Мæскуыйæ нæм йæ амæлæты хабар куы æрæхъуыст, уæд фергъийау стæм. Ау, мах æм сæнæнизмæ, уыцы хорз хабармæ куы æнхъæлмæ кастыстæм, уæд фыдæнхъæл цæмæн фестæм?  Славикы хуызæн адæймаг хъуамæ бирæ фæцардаид. Уымæн æмæ уыд тынг зæрдæхæлар адæймаг. Йæ дæлбар кусджытæй алкæмæндæр уыд æфсымæры, хорз хæлары хуызæн. Алкæуыл дæр нæ аудыдта, раст цыма йе ‘ввахс хион уыд, афтæ. Уыд тынг тæнæгзæрдæ адæймаг. Экспертизæ рацæуынмæ-иу нæм уæззау рынчынтæ куы æрбацыдысты, уæддæр-иу сыл тынг фæмаст кодта. Иу хатт нæм иу сылгоймаг æрбакодта йæ 15-аздзыд чызджы, кæцы уыд шизофренийæ рынчын. Чызджы ахæм уавæры фенгæйæ, Славикы рустыл æртылдысты нæлгоймаджы уæззау цæссыгтæ. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы уыд.  Æрвылбон дæр ракæнæм Славикы хорзы кой. 7-æм сентябры, йæ райгуырæн боны æнæмæнгæй бацæудзыстæм йæ уæлмæрдмæ æмæ йын йæ ном ссардзыстæм, æндæр ма цы нæ бон у», – дзуры нын йе ‘мкусæг Бекъойты Сæлимæт.

Славик Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ хæдтæхæгыл тæхгæйæ, цы сгуыхтдзинад равдыста, уый алчи дæр зоны. Йæ рæстæджы йыл Интернеты Тадтаты Тамерлан афтæ фыста: «Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ хæдтæхæгыл чи тахт, иу ахæм æвзонг нæлгоймаг тынг сæвзæр, йе муд нал цыд. Йæ цæсгом нырма ныцъæх ис, уый фæстæ та йын саухуыз райста. Стюардессæ фæлвæрдта нæлгоймагæн баххуыс кæнын, фæлæ йын йæ бон ницы бацис. Уæд командир хъæрæй бафарста, зæгъгæ, бæлцæтты ‘хсæн исчи медик ис? Ис, райхъуыст фыццаг рæнхъытæй нæлгоймаджы хъæлæс, æз акастæн уыцырдæм æмæ федтон мæ хæлар Славикы, цхинвайлаг хъуырты дохтыры. Иу рæстæджы мын Тыбылы фырт хос кодта хроникон ларингитæн æмæ диссаг, уый фæстæ мæ хъуыр нал срыст. Славик фæгæпп кодта йæ бынатæй æмæ нæлгоймаджы цур фестадис. Фæлтæрдджын дохтыр уайтагъд бамбæрста хабар цæй мидæг ис, уый æмæ ныхъæр кодта: «Уидыг мæм тагъддæр радтут, цалынмæ йе ‘взаг нæ аныхъуырдта, уæдмæ!» Фæлæ, хъыгагæн, хæдтæхæджы бортыл уыд æрмæстдæр пластмассæй арæзт мигæнæнтæ. Уæдмæ бæлццæттæй кæцыдæр фæцарæхст æмæ йæм радта дуары даргъ дæгъæл. Славик дæгъæлы атыхта йæ фындзмæрæзæны æмæ йын цæмæй йæ дæндæгтæ ма асастаид, уый тыххæй йæ хъавгæйæ атъыста лæппуйы дзыхы. Æвзонг нæлгоймаг сулæфыд, бæлццæттæ дæр сбадтысты сæ бынæтты, æрмæст ма лæппуйы цур баззад стюардессæ. Славик дæр уæззау улæфт кæнгæйæ, дæгъæл йæ хицаумæ радта æмæ йæ бынаты сбадт. Хæдтæхæг æрбадт æмæ лæппуйы аластой тагъд æххуысы машинæйыл. Трапæй куы æрхызтыстæм, уæд æз ахъæбыс кодтон Славикæн æмæ йæ афарстон, зæгъын, йæ цардæн исты тас у. Йæ дзуапп уыд, зæгъгæ, лæппу цæрдзæн. Æз ма йын загътон, зæгъгæ, дыл æнæмæнгæй ныффысдзынæн, цæмæй дын де сгуыхтдзинады тыххæй базоной де ‘мтуг ирон адæм, фæлæ мын уый æфсæрмдзæстыгæй загъта: «Нæ мыл хъæуы фыссын, мæ профессимæ гæсгæ æз хъуамæ ирвæзын кæнон адæмы, стæй дæр, Гиппократы ард бахордтон мæ профессийыл æнувыд кæй уыдзæн, уый тыххæй». Æз уæддæр мæхион акодтон æмæ йын йæ ныв систон хæдтæхæджы цур». Æмæ æцæгæйдæр Тамерлан Интернеты куынæ ныффыстаид ацы цауы тыххæй, уæд ничи базыдтаид Славик адæймаджы мæлæтæй кæй фервæзын кодта, уый тыххæй, уымæн æмæ уыд æфсæрм-дзæстыг.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Тыбылты Славик  2011 азы горæт Архангельскы паддзахадон медицинон университетмæ ахуыр кæнынмæ кæй айсын кода хуссар-ирыстойнаг авд адæймаджы, кæцытæ систы иттæг хорз специалисттæ.

Медицинон-социалон экспертизæйы къамисы сæрдарæй цалдæр азы кусгæйæ, уый бамбæрста æндæр низты æмрæнхъ, бирæтæ, ома 200 адæймагæй фылдæр кæй хъаст кодтой сæ цæстырухсæй. Уымæ гæсгæ йæ бафæндыд раздæры Советон Цæдисы рæстæджы Цхинвалы цы куырмыты æхсæнад уæвынад кодта, уый сæндидзын кæнын. Æмæ 2015 азы Хуссар Ирыстоны регистраци æрцыд æхсæнадон организаци «Куырмыты хуссарирыстойнаг æхсæнад», кæцыйы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Тыбылты Славик. Фæндыд æй, цæмæй ацы организацийы куыстаиккой йæ цæстырухс æвзæр кæмæн у, уыцы адæймæгтæ æмæ афтæмæй фæхуыздæр уыдаид сæ царды æмвæзад, сæхи банкъардтаиккой æхсæнады æххæстбарджын уæнгтæй. Æнгом ахастытæ сарæзта куырмыты æппæтуæрæсейаг æхсæнады президент Александр Неумывакинимæ. Бæргæ йæм бирæ хорз фæндтæ уыд, фæлæ… Бирæ йын бантыстаид саразын, фæлæ йыл, хъыгагæн, хъысмæт сайдæй разылд æмæ йæ сау мæлæт атыдта йæ уарзон бинонтæ, хиуæтты, коллегæты æмæ йæ бирæ хæлæртты ‘хсæнæй. Славик йæ фæстæ ныууагъта хорз бинонтæ. Йе ‘ртæ хъæбулы – дыууæ чызджы æмæ иу лæппуйы ныууагъта йæ цардæмбал Тъехты Маяйы бæрны æмæ йын уыдон дарддæр кæндзысты йæ хорз хъуыддæгтæ.

Тыбылты Славикы никуы ферох кæндзысты чи йæ зыдта, уыдон. Йæ рухс ном ын мысдзысты хорзæн. Рухсаг у! Ирыстоны зæхх дын хъазы пакъуыйау фæлмæн уæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.