Цардфæлдисæг мады уарзтæй тыхджындæр æнкъарæн Хуыцау не сфæлдыста. Иугæр афтæ у, уæд хъуамæ хъæбул дæр йæ ныййарæджы раз æнкъара бæрзонд, æвæджиауы хæс. Уымæй дæр, куыд алы мадæн, афтæ алы хъæбулæн дæр йæхи хъысмæт ис, йæхи ныхыфыст, алы хъæбул дæр йæхирдыгонау у хæсджын йæ ныййарæджы раз.

Мæ фæлмæнзæрдæ, мæ уарзæгой мад Гæбæраты Этер мæнæн мады бæсты дæр у æмæ фыды бæсты дæр. Фыдырдыгæй хæрзчысылæй баззадтæн сидзæрæй. Алчи дæр æй зоны æмæ æмбары, куыд зын у æнæ фыдæй рæзын æмæ хъомыл кæнын, уæлдайдæр чызгæн, сылыстæгæн. Зын уыд мæнæн дæр, фæлæ мæ мады уарзт æмæ аудгæ ахасты фæрцы æнцондæрæй фæрæзтон уыцы зындзинадæн – мады рæвдыд мæ кæм хъуыд, уым æй алы хатт дæр æнкъардтон уæлдайджынтæй. Фыды рæвдыд зын баивæн у мады рæвдыдæй, иу дзы иннæйы бæсты нæ цæуы, алкæцыйæн дæр дзы йæхи хъарм нысаниуæг ис. Фæлæ мæм афтæ каст, цыма мæн мæ мад Гæбæриан куыд уарзы, ахæм зæрдиаг уарзтæй иунæг мад дæр нæ уарзы йæ хъæбулы æмæ мын уый рог кодта, мæ уды цы рыст уыд, уый – фыдæй сидзæры уæззау рыст.

Ахæм мады æнæкæрон уарзтæй куыднæ хъуамæ уарза йæ хъæбул, куыднæ йыл хъуамæ тыхса, куыднæ йын хъуамæ тæрса дымгæйы рбаулæфтæй дæр.

Уымæн ын фæтарстæн афтæ тынг, амæйразмæ мын рынчындонмæ куы бахауд, уæд. Фæтыхстæн, фæтарстæн ын, фæлæ нæ дыууæмæ дæр æнхъæлмæ каст, хорз адæмы къухмæ бахауыны амонд. Республикон рынчындоны кардиологийы хайады дохтыртæ сæ сæргълæууæг Хъороты Светланæимæ зæрдиагæй æрæвнæлдтой мæ мады æнæниздзинад къахыл слæууын кæнынмæ. Дохтыртæ Лохты Майя æмæ Æлборты Олеся, иннæ медицинон персонал иудадзыг уыдысты йæ уæлхъус. Æрмæст йæ низыхат сбæлвырд кæныныл нæ архайдтой, фæлæ ма йæ рæвдыдтой фæлмæн ныхасæй дæр, ныфсытæ йын æвæрдтой, цæмæй йæхимæ ма ныхъуса, йе уонг ма ауадза. Рынчынæн та дохтырæн йæ хосæй йæ фæлмæн дзыхы дзырд ахсджиагдæр у, уый йын фылдæр тых, фылдæр хъару дæтты.

Куыд фæзæгъынц, мæ ныййарæг мады мын Хуыцау хуы-цауысконд адæмы къухмæ радта, æндæра бæрæг нæу, куыд уыдаид йе нæниздзинад, йæ хъысмæт. Æмæ мæ уый тыххæй тынг зæрдиагæй фæнды бузныг сын зæгъон газеты фæрцы. Стæй æрмæст дохтыртæн нæ, фæлæ хайады кусджытæй алкæмæн дæр сæ иузæрдион, сæ аудгæ ахасты тыххæй. Хуыцау уын æххуысгæнæг уæд кæддæриддæр! Уæ бинонтæ, уæ хиуæттæй макуы мачи фæрынчын уæд, уæ зæрдæтæм æввахсдæр цы адæм ис, уыдонæй хъæрзгæйæ макуы макæй фенут! Мæ рынчын мадæн мын арфæйаг лæггад бакодтат æмæ арфæгонд ут стыр Хуыцау æмæ Ирыстоны зæдтæй!

ХЪУЫЛЫМБЕГТЫ Светланæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.