Нæ рагфыдæлтæ – арабаг бæлццоны цæстæнгасæй

«…Асса (Ома Аланыстон) – у æвдæм климатæй, цæрæн зæххы ныгуылæйнаг æмбисхайы сахартæй. Хæстæг æм у Уырысы бæстæ. Ассайы стырдæр сахартæй иу у Кубата. Йæ адæмы фылдæр хай цæрынц дæлвæзты,  кæрдæгджын быдырты. Сæ сæйраг хъæздыгдзинад у саргъы бæхтæ æмæ фосдард. Цæрынц уыдоны фæрцы. Сæ фылдæр хай сты чырыстон адæм. Уырдыгæй ластæуы цæрмттæ. Ассайы нæлгоймæгтæ сты хъæддых æмæ онгвидар. Ныртæккæ ардыгæй Ром æмæ Мавераннахрмæ (Централон Ази) ласынц бирæнымæц хæстон фæлыст, хъæдын мигæнæнтæ, искæйуæттæ. Ам иуæй-иу сылгоймæгтæн ис аив бакаст… Се гъдæуттæй иу у ахæм, исчи сæ исты куы радава, уæд æй бабæттынц бæласыл æмæ йæ ныууадзынц уæдмæ, цалынмæ амæла æмæ бамбийа. Уый фæстиуæгæн сæм давджытæ ис хæрзцъус, сæ хæдзæртты æмæ базаргæнæндæтты дуæрттæ æхсæвæй бонæй сты гом, нæ сæ хъæуы хъахъхъæнджыты сæр».

 Махмуд ибн Вали,

арабаг географ,1595 аз

 

Калакæй æрвыст æфсады хъысмæт

1824 азы Калакæй Ирыстонмæ рарвыстой дыууæ æфсады: иуæн дзы командæ кодта майор Бобриков, иннæмæн та – майор Кершен. Бобриков хъуамæ рацыдаид Згъилы æфцæгыл Тибмæ, Кершен та – Захъайыл Нармæ, æмæ хъуамæ баиу уыдаиккой Тибы.

Кершен æрхæццæ Нармæ. Нар æй суазæг кодтой: радзырдтой йын, Екатеринæ-паддзахæй фæстæмæ Уырысæн кæй куыстой сæ фыдæлтæ, сæхæдæг дæр кусыныл разы кæй сты. Куырдтой Кершенæй, цæмæй сæм уырыссаг скъола арæзт æрцæуа æмæ ахуыр кæнын байдауой уырыссаг чиныджы. Иу-æртæ боны афæстиат Кершен Нары, Бобриковæй йæм хабар куы нæ æмæ куы нæ уыд, уæд йæ ныфс нал бахаста Тибмæ æмæ раздæхт фæстæмæ Ручъы æфцæгыл.

Кершены ацыдæн йæ дыккаг бон Бобриков Згъилы æфцæгыл рахызт æмæ Тибмæ сарæзта йæ фæндаг. Тиб дæр æрлæууыдысты Бобриковы раз. Уый сæм дзуры:

– Хæстмæ не ’рцыдтæн. Фæндаг мын радтут, Кæсæгмæ у мæ арæзт. Хæрзиуджытæ уын ралæвар кæндзæн нæ паддзах, скъолатæ уын сараздзæн, сахуыр уæ кæндзæн.

– Мах хъæуы æрмæст иу хорздзинад, – загътой йын Тиб, – не мгæрæтты дæр куыд нæ цæуат, афтæ, уадзут нæ æнцад цæрын нæхицæн.

Æхсæвы Тиб Бобриковы æфсады алфæмбылай æрзылдысты æмæ сыл хæцын байдыдтой. Тæрсæн гæрæхтæ ма фæкодта Бобриков дæр сармадзанæй, йæхæдæг æмæхсæвæджы йæ фæд, йæ фæд лидзынмæ фæци.

 

Рагон хæс æмæ удхæссæг

Иу мæгуыр лæг æруатон æмæ йæ фырты æрвиты дард бæстæм, цæмæй йын йæ хæсджынæй æрхæсса, цы хæс дзы дары, уый. Æрмæст æй бафæдзæхста, зæгъгæ, дæ фæндаг дард у æмæ сыдæй куы мæлай, уæддæр кæрдзын иунæгæй ма бахæр.

Лæппу фæндагыл цæугæйæ сæххормаг, кæсы æмæ уæртæ иу зæронд лæг иунæгæй бады. Лæппу йæ фæндаггаг кæрдзын йемæ адих кодта æмæ иумæ араст сты сæ фæндагыд. Лæппу йæ фысымты цурмæ куы бахæццæ, уæд зæронд лæг фæтары. Фысымтæ лæппуйы суазæг кодтой, йæ фыдæй йын кæй дардтой, уыцы хæс дæр ын радтой æмæ йæ дыккаг бон æд фæндаггæгтæ рафæндараст кодтой. Фæндагыл та раййæфта уыцы зæронд лæджы æмæ йæ бафарста, цæмæн афтæ бакодта, уымæй. Зæронд лæг ын загъта:

– Æз дæр дæ фысыммæ уыдтæн, фæлæ мæ ды нæ фыдтай. Æз дæн удхæссæг, цыдтæн дæ фысымы уд ахæссынмæ, фæлæ иудадзыг куывта, Хуыцау, хæсджынæй мæ ма амар зæгъгæ, æмæ йын тæригъæд кодтон. Ныр йæ хæс куыддæр бафыста, афтæ йын байстон йæ уд.

 

Брытъиаты Елбыздыхъойы æлвæст хъуыдытæ

Фыдæлтæй нырмæ адæм бафиппайдтой: стырдæр адæмыхатты ‘хсæн къаддæр адæмыхатт куы фæуа, уæд къаддæрæн стырдæры æвзаг æмæ æгъдæуттæ æнæ бафæзмгæ æмæ æнæ райсгæ нæй.

* * *

Ныртæккæ нæхи цардмæ куы ‘ркæсæм, уæд дзы ссардзыстæм, уырысырдæм кæй ивæм, уый нысæнттæ.

* * *

Ассимиляци кæй хонынц, уый йæ тыхыл у. Цин ыл кæнæм æви кæугæ? Иу дæр нæ, иннæ дæр! Адæмы ‘хсæн æфсымæрдзинад куы стыхджын уа, уæд дунейы хицæн æвзæгтæ ницæмæнуал хъæудзысты. Адæм тырндзысты иудзинадмæ, бахъæудзæн сæ иу æвзаг, кæцы уæдмæ уыдзæн цæттæ. Фæлæ уал ныр алчи æрмæст йæхи уарзы; адæм хицæн арæнтæ, хицæн уаг æмæ æвзагмæ уымæн бæллынц.

***

Адæмы фарн бирæ у, бирæ у адæмы тых, æрмæст се ‘хсæн иудзинад куы уа, уæд. Зæрдиагæй цæуыл ныллæууой, уый баххæст кæндзысты, æрмæст кæрæдзийы ныхас куы ‘мбарой, уæд.

 

Æфсарм æмæ уæздандзинад ирон æмбисæндты

*Æфсарм адæмы фаг у, цæсгом – армыдзаг

*Уæтæры чи схъомыл уа, уый дæр ма æфсарм зоны

*Хæруссаг галау – æнæхсæст

*Æнæхсæст лæг æхсæдинаг бæласæй уæлдай нæу

*Æдзæсгом лæг цыфæнды уайдзæф дæр фæразы

*Халонæн йæ лæппын амард æмæ йыл цæргæсты та кæуын кодта

*Йæхи хæдзары оммены бар кæмæ нæ хауы, уый дæр искæй хæдзары чъирикувæг свæййы

*Æнæдымæг гал – рæгъауæн бындзсур

*Чидæр иу къуыри уайсадгæ кодта, дыууæ къуырийы та – дзургæ

*Чидæр йæ куыдзæн фиудзармæй æрчъитæ кодта

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ХЪУЫХЪУЫНЫ ИУ СОМ

Хъуыхъуын иу цъыф бон хъæуæй горæтмæ æрцыд æмæ кæдæмдæр цъыф къахæй бафсæрста. Иу æдзæсгом милиционер æй ауыдта æмæ сфæнд кодта «æнæфенд» хъæууон лæгæй спайда кæнын. Фæхъæр ыл кодта:

– Ныртæккæ иу сом ивар бафид, дæ цъыф къæхты тыххæй!

Хъуыхъуын ын иу сом радта, фæлæ йæхæдæг хъуызæгау цæуы «фæткæвæрæджы» фæстæ, йæ иу сом ын цы фæкæндзæн, уый базоныны охыл. Милиционер хæрæндонмæ бацыд æмæ сихор кæныныл æрбадт.

Хъуыхъуын йæ уæлхъус æрлæууыд æмæ йын афтæ зæгъы:

– Ныр мæ къæхтæ цъыф куынæ уыдаиккой, уæд цымæ цы бахордтаис?

 

ХÆРÆДЖЫ «КАБИНКÆ»

Хъуыхъуын йæ хæрæгыл горæты базармæ цыхтытæ фæцæйхаста уæй кæнынмæ. Фæндагыл цæугæйæ баййæфта иу схъæлбæрзæй, къуыдиппарæзт лæппуйы. Хъуыхъуын хæрæгимæ йæ фæрсты куы фæцæйхызт, уæд къуыдипп лæппуйы бафæндыд, цæмæй дзы ахынджылæг кæна, æмæ йæм фæстейæ дзуры:

– Гъей, хорз лæг, дæ машинæйыл мæ авæр!

– Табуафси, мæнæ кабинкæмæ бахиз! – загъта йын Хъуыхъуын æмæ йæ хæрæджы къæдзилыл хæрдмæ схæцыд…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.