СУМО

Польшæйы уагъд æрцыд сумойæ Европæйы чемпионаты дыккаг этап. +115 кг уæзы категорийы ерысты финалы фембæлдысты дыууæ ирон богалы – Хъараты Зауыр æмæ Хъазиты Ацæмæз. Хъазийы фырт, финалмæ цæугæйæ, фæуæлахиз европæйаг сумойы лидер украинæйаг Александр Верещукыл. «Ирон финалы» уæлахиздзау ссис Хъараты Зауыр. Хъарайы фырт ма сентябры фыццаг æмбисы фæуæлахиз Европæйы чемпионаты фыццаг этапы. Уæд уый иууыл тыхджындæр разынд абсолютон уæзы категорийы.

Ныр Европæйы чемпионаты æртыккаг этап та уагъд æрцæудзæн Германы 8-æм октябры. Уым ирон спортсментæй сæ тыхтæ фæлвардзысты Хъараты Зауыр, Хъазиты Ацæмæз, Багаты Руслан æмæ Куыдзойты Эдуард.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды радон туры Дзæуджыхъæуы «Алани» Грознæйы хъазыд Воронежы «Факел»-имæ, кæцы турнирон таблицæйы ахсы 3-аг бынат. Алайнæгты æнæмæнг хъуыд рамбулын, цæмæй фыццаг цыппар бынатæй фæстæйæ ма баззадаиккой. Дзæуджыхъæуккæгтæн 17-æм минутыл бантыст пурти бакъуырын. Расгуыхт Кобесты Дмитри. Уый ацы хъазты разынд иунæг бакъуырд пуртийы автор.

3-æм октябры «Алани» уазæгуаты хъаздзæн Томскы «Томь»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.