Раджыйы рæстæджы ирон адæмы фыдæлтæм цы хорз æгъдæуттæ уыд, уыдонæй бирæтæ хъахъхъæд нал цæуынц æмæ афтæмæй рох кæнынц. Уыцы хорз æгъдæуттæй иу уыд ацæргæ, зæронд адæймагæн кад кæнын. Кæцы ирон лæг схастаид йæ сæрмæ æмæ йæ ныййарджытæн, гъе, та йæхицæй хистæрæн ма кад кодтаид. Фæлæ азтæ куыд цæуынц, афтæ дугтæ дæр ивынц æмæ раздæр кадджын цы уыд, уымæн ныр ницыуал кад ис, раздæр стыр худинагыл нымад цы хъуыддæгтæ уыдысты, уыдон абон бирæтæм æвзæр нал кæсынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, æвзонг адæймаг тыхджын вæййы, стæй хъуыды дæр нæ фæкæны искуы уый дæр базæронд уыдзæн, ууыл.

Ацæргæ адæймæгтæм уæлдай хъусдард аздахыны тыххæй æрвылаз дæр æнæхъæн дунейы 1-æм октябры нысан фæцæуы «Ацæргæ адæймæгты дунеон бон». Уыцы бон уæлдай хъусдарды бын вæййынц хистæр кары адæймæгтæ: нæ нанатæ æмæ бабатæ, нæ хистæр кары сыхæгтæ, нæ кол-легæтæ. Ацы бæрæгбон сфидар кодта ИНО-йы Генералон Ассамблея. Уыцы бон уагъд фæцæуынц алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ, цæмæй уыдон ахъаз кæной ацæргæ адæймæгтæм æхсæнады ахаст фæивынæн. Уæлдай уæрæхдæрæй бæрæгбон нысан фæцæуы Скандинавийы бæс-тæты. Уæрæсейы Федерацийы дæр ацы бон æхсæнадон организацитæ фæаразынц алыгъуызон хæрзаудæн акцитæ.

Уæдæ Хуссар Ирыстоны та цахæм ахаст ис æвзонг фæлтæры ‘рдыгæй ацæргæ адæймæгтæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæры кад сын нал кæнынц, æцæг афтæ зæгъæн дæр нæй æмæ сæм  бынтон æвзæр ахаст дарынц, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр не ‘рвылбонон царды сæмбæлæм ацæргæ адæймæгтæм гуымир ахаст равдисыны цауыл. Æрæджы Хъайтарты уынджы магазинтæй сæ иумæ бацыд ацæргæ сылгоймаг, уый куы сныхас кодта, зæгъгæ, уæртæ уыцы уæййагæн йæ аргъ цас у, уæд æй рахатыдтон ацæргæ сылгоймаг ма рынчын дæр кæй у, уый. Фырлæмæгъ æмæ æдыхæй йæ хъæлæс рæстмæ хъуысгæ дæр нæ кодта.  Уæйгæнæг æм ракаст куыдфæндыйы цæстæй æмæ йын былысчъилтæ кæнгæйæ, æнæбары афтæ бакодта, зæгъгæ, уæртæ йæ уæлæ фыст ис йæ аргъ æмæ ма мæн цæмæн фæрсыс. Фæлæ ацæргæ рынчын сылгоймаг цæстырухсæй дæр  дзæбæх кæцæй уыдтаид, уæлдай ницыуал загъта æмæ рахызт магазинæй æлхæнгæ ницыуал бакодта, афтæмæй.

Йæ ацыдимæ уæйгæнæджы хъуыр-хъуыр ноджы фæтынгдæр, зæгъгæ, рарвитынц сæ рынчынты æмæ нын нæ нуæрттæ фехалынц. Уæд æм нал фæлæууыдтæн æмæ йын бауайдзæф кодтон, зæгъын, чизоны уый дæ цахъхъæнæй дæуæй æнæниздæр æмæ уындджындæр уыд, зæгъын, сом-боны адæймагмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый æппындæр ничи зоны æмæ сæм нæ хъæуы ахæм гуымир ахаст æвдисын. Зæгъын, чизоны, бынтон иунæгæй цæры, уæд кæй хъуамæ рарвыстаид магазинмæ.  Уый уæддæр йæхи раст кодта, фæлæ йæм тынг фæхæрам дæн, мæ зæрдæйыуаг фехæлд, æз дæр ницыуал балхæдтон æмæ афтæмæй мæстæйдзагæй рацыдтæн магазинæй. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауæн свæййы адæймаг æвдисæн. Раздæр, уартæ ма 30 азы размæ дæр хистæр кары адæймагмæ кæстæр фæстæмæ не сдзырдтаид, фæлæ сæм ныр ахæм дзыхтæ фæхæлиу кæндзысты æмæ сæм сдзурын дæр ницыуал сфæраздзысты. Ахæм æнæхъомыл æмæ уазалзæрдæ кæстæртæм афтæ фæкæсы цыма уыдон цæрæнбонтæм æвзæнгтæ уыдзысты, афтæ сæм фæкæсы уыдон никуы базæронд уыдзысты, фæлæ… Цард тагъд алидзы нæ иувæрсты, азтæ азты куыд фæивынц, уый хатгæ дæр нæ ракæнæм.  Зæронд хæцгæ низ кæй у æмæ хæс та фидгæйæ кæй у, уый сæ бынтондæр айрох вæййы. Абон уыдон цахæм ахаст дарынц ацæргæ адæймæгтæм, сомбоны сын сæхимæ дæр ахæм ахаст кæй дар-дзысты кæстæртæ, ууыл бынтондæр нæ ахъуыды кæнынц.

Йæ радтæг адæмæн бирæ чи балæггад кодта  иу ахæм ацæргæ нæлгоймаг цард нæ горæты. Уый æмбырд кодта хъæуæг æмæ ахсджиаг æрмæджытæ, гуырдзы ирон адæмæн дæргъвæтин азты дæргъы цы фыдмитæ фæкодтой, уыдоны тыххæй. Уый-иу арæх æрбацыд нæ горæты уагдæттæ æмæ организацитæм, цæмæй-иу ын исчи документты халдих сарæзтаид, кæнæ та йын смыхуыр кодтаид цалдæр сыфы ирон адæмы иумиаг интересты фæдыл чингуытæ саразыны тыххæй. Æппæт уыцы куыст уый йæхи пайдайæн нæ арæзта, фæлæ Ирыстоны адæмы тыххæй. Фæлæ-иу æй иуæй-иутæ  куы ауыдтой, уæд-иу дзы бамбæхстысты, сæхи-уыл-иу кабинетты дуæрттæ ахгæдтой, бирæтæ та-иу ын телефон дæр нал систой. О, æмбарын сæ, сфæлмæцыдысты дзы, фæлæ йæм уæддæр ахæм уазал ахаст ма хъуамæ æв-дыстаиккой, телефон сис æмæ йын бамбарын кæн, зæгъгæ, мæ бон дын ныртæккæ баххуыс кæнын нæу. Ау, мæргътæм ма æндæр маргъ куы æрбатæхы, уæд ма уыдон дæр сæ базыртæ куы батилынц, уæд уый та ацæргæ лæг куы уыд, уымæй дæр кадджын адæймагæй куы базæронд. Æртæ азы размæ уыцы ацæргæ нæлгоймаг цардæй ахицæн æмæ цы стыр куыстытæ бакодта, цы бирæ ахсджиаг чингуытæ сарæзта, уыдонæй йемæ æппындæр ницы ахаста, баззадысты Ирыстоны фидæны фæлтæртæн. Абон ма йæ адæймаг цæстæй бæргæ фæагуры, фæлæ…

Нæ горæты цард иу ацæргæ нæлгоймаг, кæцы хайад иста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ хæстæй æрæздæхт уæзхъусæй. Уынджы-иу мыл куы амбæлд, уæд-иу мемæ ныхас кæнынæй нал æфсæст, бæрæгæй йыл зынд, хъусдард цух кæй у, уый. Йемæ хъæрæй ныхас кæнын кæй хъуыд, уымæй-иу кæй афæлмæцыдтæн, уый тыххæй абон дæр мæ зæрдæ мæхиуыл худы. Бæргæ ма йæ цæстæй фæагурын, хатт мæм уынджы чидæртæ дæр фæкæсынц уыцы лæджы хуызæн, фæлæ…

Æвзонг фæлтæр, уæ зæрдыл бадарут ацæргæ адæймæгты дунеон бон  хистæр фæлтæры – уæ нанаты, бабаты   бæ-рæгбон кæй у, уый. Ацы бон уын ноджы иу хатт фадат фæвæййы уыдонмæ уæ уарзондзинад, аудындзинад равдисынæн. Уыдон сымахæн тынг бирæ сарæзтой уæ царды æмæ  хæсджын стут, цæмæй сын лæггад кæнат. Ацы адæм стыр хайбавæрд бахастой æхсæнады рæзтмæ æмæ сæ нæ хъæуы рох кæнын.

Афæдзы алы рæстæгæн дæр ис йæхи циндзинæдтæ, йæхи рæсугъддзинад. Афтæ у адæймаджы царды дæр. Æв-зонгад алыхатт дæр йемыдзаг у ныфсытæ æмæ уарзондзинадæй. Ацæргæ адæймæгты цард дæр у йæхирдыгонау цымыдисон. Цард… Цæмæй йын ис гæнæн сбарæн? Сымах, кæй зæгъын хъæуы, зæгъдзыстут азтæй. О… Азтæй дæр, фæлæ фылдæр – хъуыддæгтæй. Уымæн æмæ адæймаг йæ царды цы саразы, уый саразы æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ æндæртæн дæр. Уымæн æмæ хорз хъуыддæгтæй, хорз ныхæстæй мах даргъдæр кæнæм æрмæст нæхи цард нæ, фæлæ нæ алыварс адæмы цард дæр. Ацæргæ адæймæгты цард дæр хъæуы даргъдæр кæнын æмæ уымæн та фæахъаз уыдзæн уыдонмæ лæмбынæг хъусдард, аудгæ ахаст куы дарæм, уый.

Рæзгæ фæлтæры хъæуы ахуыр кæнын сæ нанатæ æмæ дадатæн, иумиагæй хистæр кары адæмæн кад кæныныл, аудгæ ахаст сæм дарыныл. Афтæ куы уа, уæд та кæддæры хорз æгъдæуттæ æххæст цæудзысты æмæ ацæргæ адæм дæр сæхи уæлдайæгтыл нал нымайдзысты куыд сæ бинонты ‘хсæн, афтæ æхсæнады дæр.

Зæронд адæймагæй чи нæ аргъуц кæны, йæ азтæй йын чи нæ æфсæрмы кæны, уыдонæн мæ фæнды сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, иу æфсин йæ чындзæн цы ныхæстæ загъта уыдон, «фæлæу дæуæн дæр дæ фæндаг мæныл у…», зæгъгæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.