Тибæгты хæст

1822 азы сæрды Калакæй рарвыстой æфсæдтæ, сæ хистæр уыд Попов, Херсоны полчъы хицау. Дзырд ын уыди хицæуттæй: Дзауы ком, Къуыдаргомыл куыд ацыдаид æмæ Згъилы æфцæгыл Мамысонмæ куыд ныххызтаид æмæ адæмы сабырæй куыд сразы кодтаид коммæ кæсыныл.

Попов Дзауæй Тибмæ сабыргай фæцыди, фæлæ Тибы адæм йæ размæ æрлæууыдысты Къоты фæзы Тлийы бын. Фæрсынц Поповы:

– Чи дæ, кæдæм цæуыс, стæй цæмæн цæуыс?

– Æз дæн Калакæй æрвыст Уырысы паддзахы номæй, – дзырдта Попов тæлмацæй, йæ талмацгæнджытæ уыдысты гуырдзиæгтæ. – Паддзахы фæнды, цæмæй Иры дзыллæ басабыр уой æмæ сæхи Уырысы уазæг бакæной, Уырысы æгъдæуттæм гæсгæ сабыр цард райдайой, Гуырдзы куыд бакодта, афтæ.

– Уыдон хорз се ппæт дæр, фæлæ дын зæгъæм: мах бæстыл дæуæн нæй ацæуæн; кæуылты æрцыдтæ, фæстæмæ дæр уыцы рæттыл дæхи айс æд æфсад. Уырысы паддзахæй исты куы курæм, уæд нæм-иу фæзынæд, фæлæ уал ныр уæхи айсут нæ зæххæй.

Попов нырма фæлмæн ныхас кодта, фæлæ Тиб ком куынæ радтой, уæд булкъон хъæбæрæй ауагъта йæ ныхас.

Тибы адæм сæхи æфсæддон арæзт акодтой. Дыууæ дихы фæкодтой сæхи. Иутæ хæцгæ бацыдысты хуссæртты, иннæтæ та – цæгæтты. Æфсады сæ астæу фæкодтой æмæ сыл хæст самадтой.

Æризæр, афтæ Уырысы æфсæдтæ хæцын байдыдтой дыууæрдæм. Фæхæцыдысты, цалынмæ цæст уыдта, уалынмæ дыууæрдыгæй дæр. Куы бахсæв, уæд Попов æд æфсад фæстæмæ айста йæхи. Тиб æй сырдтой фæсте. Попов фæстæмæ Згъилы æфцæгыл ахызт Къуыдармæ.

Хъуыддаг ууыл ахицæн.

 

Кадзиты Сатана

Сатана уыд Нартæм дæр æмæ Кадзитæм дæр. Кадзитæ уыдысты фыдбылызхæссæг адæмы хатт, цæргæ та кодтой фурды бын. Кадзиты Сатана йæ фыртæн кæхцгæнæн арæзта. Сæ чызджытæн сæ рæсугъддæрты равзæрста æмæ сæ арвыста Нарты Сатанамæ кæхцгур. Чызджытыл фæндагыл амбæлд Сослан æмæ сын фыдмитæ фæкодта. Кадзиты чызджытæ фæстæмæ ныздæхтысты Сатанамæ. Уый Кадзиты фæстæмæкъахджынты æрæмбырд кодта æмæ сын загъта, цæмæй Сослан кæмдæриддæр ис, ссарой йæ æмæ йæм æй æркæной. Сослан Нартæй иу мæгуыр лæппуимæ цуаны уыд. Фæстæмæкъахджынтæ сæ æрцахстой æмæ сæ ныккодтой Сатанамæ. Сатана сæ сæ дарæсæй æргъæу уаты къултыл гауызтау байтыгъта. Æмæ афтæ тыгъдæй лæууыдысты, цалынмæ сæ Батрадз нæ фервæзын кодта, уæдмæ.

 

Къулгард

Уыд къаннæг кард, фæлæ дзы, куыд кард, афтæ арæх нæ пайда кодтой, бынтон æндæр нысанæн æй дардтой хæдзары. Раджы заманы-иу ирон хæдзарæй исчи дард балцы куы ацыд, уæд-иу къулгард къулы ныссагътой. Кæд-иу æндæргъуызон дæр нæ фæцис, уæд уый нысан кодта æмæ сæ бæлццон у сæрæгас, йæ фæндагыл ацыд фæцис арфæйаг, фыдбылызæй тас ын нæу. Кæд кард сызгæ уыдаид, уæд сæ бæлццонмæ хорзæй ницæмæуал æнхъæлмæ кастысты бинонтæ. Кæд-иу бæлцæттæ дыууæ уыдысты, уæд-иу кард згæ кæнын райдыдта, фыдбылызы сæ чи бахаудаид, уый кæцырдæм ацыд, уыцырдыгæй фарс. Кæд ма-иу кард ранæй рæтты чысыл æрттывта, уæд уый нысан кодта, сæ бæлццон уæззау уавæры кæй бахауд, фæлæ ма йын кæй ис амал, цæмæй æгас хæдзар ссара.

 

Зондамонæнтæ

*Адæймаг йæхи фæллойæ хъал нæ кæны, фæлæ – кадджын

*Хуры рухс цæстытæ уынынц, царды рухс та – зонд æмæ зæрдæ

*Кæд цардаразæг исты фехала, уæддæр – хуыздæр саразыны тыххæй, цардхалæг та æрмæстдæр – йæхи равдисынæн.

*Зноны хур абоны цард нæ батавдзæн

*Дæ бафхæрд дæхи аххос куы уа, уæд дæ бафхæрæгæн бузныг зæгъ

*Зын дын куы уа, уæд уымæй зындæр ранмæ бакæс æмæ дæм дæ зынтæ дзæнæт фæкæсдзысты

*Хохыл хæрдмæ чи цæуы, рахауынæй тас дæр уымæн у

*Цалынмæ дæм кæстæртæ зондмæ æнхъæлмæ кæсынц, æрмæстдæр уæдмæ хæссыс хистæры ном

 

Рагон къамтæ

Уацамонгæ

ÆНÆУÆРСТ БИНОНТÆ

Ацы къам у æнудæсæм æнусы ист. Хъæу бæрæг нæу. Систой йæ, Ирыстонмæ   экспедицийы чи æрцыд, ахæм уырыссаг бæлццæттæ. Къамы сты иу хæдзары бинонтæ, фæлæ къам чи систа, уыдон фыстой, зæгъгæ, дам,  бинонтæн сæ къам иууыл иумæ æмбырдæй систаиккам, уый нæ къухы нæ бафтыд, уымæн æмæ, къам исыны рæстæджы, бинонтæй куыстхъом чи уыд, уыдонæн сæ фылдæр  хæдзары нæ разындысты…

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ЧАИСМЕЛ ÆМÆ КЪИНТЪОТÆ

Чаисмел Калачы базармæ гогызтæ уæймæ ахаста. Къинтъотæ йæм бацыдысты, хъуамæ йæ дзурыныл фæкодтаиккой æмæ йын йæ уæййæгтæ адавтаиккой.

– Ацы хорз лæг, афтæ тынг кæм ныстыр дæ, æппын бирæгъæй дæр никуы фæтарстæ?-афарстой йæ.

Чаисмел йæ гогызтæ йæхирдæм æрбаввахс кодта æмæ сын дзуапп радта:

– Нæ, никуы фæтарстæн. Уæ хуызæн куыйтæ мын бирæ ис æмæ мæм бирæгъ æввахс не рбауаддзысты…

 

АХХОСДЖЫН СЫХАГ

Иу къæвдабон Чаисмелы хуы сыхæгты цæхæрадонмæ баирвæзт. Сыхаг хуыйы расырдта æмæ Чаисмелимæ хыл самадта:

– Дзæгъæл баззайæд дæ хуы, мæ цæхæрадон мын фесæфта!

Уæд æмæ Чаисмел бадзырдта:

– Дæ цæхæрадон баззайæд дзæгъæл, мæ хуыйы бырынкъ мын цъыфæй фесæфта!

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.