УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Горæт Чебоксарыйы уагъд æрцыд Уæрæсейы фæсивæды V Спартакиадæйы финал уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты иууыл уæззаудæр уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта цхинвайлаг богал Зассеты Арсæмæг. Уый финалы фæуæлахиз Артем Пуховскийыл. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Арсæмæг æрæджы кæй ссис, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Европæйы æвзист призер. Йæ тренер у Коцты Тамерлан.

Чебоксарыйы ма ирон богалтæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Джиоты Салæмæт (79 кг), Багаты Арслан (86 кг) æмæ Джыгкайты Тамик (97 кг).

 

УАГЪД ÆРЦÆУДЗÆН СÆРДЫГОН ОЛИМПИАДÆ

23 июлæй 8 августмæ Токиойы уагъд æрцæудзысты XXXII-æм сæрдыгон Олимпион хъæзтытæ. Раздæр ма куыд хъусын кодтам, афтæмæй уым Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды хайад райсдзысты Ирыстоны 8 минæвары. Фæлæ ма Ирыстоны спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæй цыппарæй та хъахъхъæндзысты æндæр бæстæты спортивон кад. Афтæмæй уæгъдибар хъæбысхæстæй Словакийы командæйы сконды 86 кг уæзы категорийы архайдзæн Макоты Барис. Дзюдойæ 100 кг уæзы категорийы Олимпиадæмæ Азербайджаны командæимæ ацæу-дзæн Коцойты Зелим. Иннæ дзюдоист Золойты Владимир та хъахъхъæндзæн Хъыргъыстаны спортивон кад. Уый та майдантыл тох кæндзæн 81 кг уæзы категорийы.

Хуриты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.