Пухаты Иликъойы фæлгонц

Ирон адæмæй цы абырджытæ уыд, уыдоны зындгонддæртæй сæ иуыл нымад уыд Пухаты Иликъо. Æниу уыдонæй абырæг зæгъын тæригъæд хъуыддаг уаид, уымæн æмæ абырæг у, адæмы чи стигъы, хъæздыг æмæ мæгуыр чи нæ æвзары. Пухаты Иликъо æмæ уый хуызæттæн та æндæр уыд сæ царды нысан. Иликъо никæй хъыгдардта, æрмæст нæ барста мæгуыр адæмы æфхæрджытæн, уæлдайдæр та гуырдзиаг æлдæрттæн. Иууыл растдæр уыдзæн афтæ зæгъын: Иликъо уыд адæмон хъайтар, рæстдзинады сæрыл тохгæнæг.

Пухаты Иликъойы фæлгонц

Пухаты Иликъойы хъæбатырдзинады хабæртты тыххæй фылдæр æрмæгæн æрæмбырд кæнæн ис гуырдзиаг документты æмæ сæ мыхуыры фæрæзты. Æмæ бузныг нæ фæсивæдæн, нæ историон хабæрттæм сæ хъус кæй дарынц, уый тыххæй. Цалдæр æвзонг адæймаджы бацымыдис кодтой, ныры онг хъусдард кæмæ не рцыд, иу ахæм цымыдисаг фарстмæ, иртасынц æй, æмæ ныридæгæн сæ къухы бафтыд фаг бæлвырдгæнæнтæ, зынгæ гуырдзиаг фыссæг Чабуа Амиреджибийы роман æмæ уыцы романы бындурыл ист зындгонд кинонывы сæйраг хъайтар Дата Туташхиайы фæлгонц кæй равзæрд реалон адæймаг Пухаты Иликъойы хъæбатырдзинад æмæ сгуыхтдзинæдты бындурыл.

Сыгъзæрин бынтæ

Сидæмон, Хъусæг æмæ Æгъуыза уыдысты æфсымæртæ.

Бирæ фæцардысты æмæ уарын æрымысыдысты. Уаринаг сын уыдис сыгъзæрин кард, сыгъзæрин тын æмæ сыгъзæрин пурти.

Байуæрстой æмæ тын фæцис Сидæмоны, кард фæцис Æгъуызайы, пурти – Хъусæджы.

Хъусæг кæстæр уыди. Иу æркæнаггæг лæг сын уыди, Цæхил, зæгъгæ æмæ йæ Хусæгæн балæвар кодтой.

Афтæмæй тын куыд даргъ уыди, афтæ Сидæмоны мыггаг дæр адаргъ æмæ бæстæ бацахста, Æгъуызайы кард фæцис æмæ æхсар уый мыггагæн баззад. Пурти хъусæджы фæцис æмæ кад уый мыггагæн баззад.

Искæй фæллойæ мулк нæй

Иу хатт дын комбæсты тыхдымгæ сыстад, æнæхъæн комбæстæ арвистон фестад. Хæдзæртты фæхаста, бæлæсты ныффæлдæхта, иу дзырдæй йæ развæдыл ницыуал ныууагъта. Æрмæст йæ бон ницы бацис, мусы кæрон аууон ран дуарæхгæдæй чи нынныгъуылд, уыцы зыгуымдонæн.

Уый дымгæмæ хардзау æркаст, зыгуымдоны ма куыд ныууадзон æнæхъæнæй, зæгъгæ, йæ алыварс футтытæгæнгæ зиллахар кæны, фæлæ йын уæддæр ницы фæразы, уымæн æмæ йæ дуар фидар æхгæд уыд. Уæд æм дзуры:

– Дæ дуар бакæн, зыгуымдон, æмæ дæм æз хъæмпы муртæ бакалон.

– Мæхи муртæ мын куы уадзис, – загъта зыгуымдон, – дæ хъæмпы муртæ мæн ницæмæн хъæуынц, искæй фæллойæ мулк скæнæн нæй.

Рагон ирон дзырдтæ

Авдиуаг – ацы дзырдыл арæх æмбæлæм ирон адæмон сфæлдыстады, бæрæг у, цавæрдæр зæды мыггаг кæй у, уый.

Азайы сыф – Нарты кадджытæм гæсгæ дзæнæты зайы Азайы бæлас, кæцыйæн йæ сыфтæртæм ис низтæ сурын æмæ мард райгас кæныны миниуæг.

Алай – базарды ныхас чындз хæссыны рæстæджы.

Алфæн – истæй тыхæй, истæй охыл, исты нысанæн.

Алыпп – ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады диссаджы бæхы мыггаг.

Арæ – рæтæнагъд.

Арæсын – искæй размæ бабадын, истæмæ ныхъавын.

Арси луби – рагон базар кæныны ныхас.

Арыхъ-сапон – диссаджы хорз сапон. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ æвæццæгæн дзурæг у, кæм æй арæзтой, уыцы бынатыл.

Артауыз кæнын – дам-думтæ ахæлиу кæнын.

Ахкемæ – æххæст кодта Ныхасы функцитæ, æмбыргæнæн, уынаффæтæ хæссæн бынат.

Хъæлдзæг хабæрттæ

АЛКÆМÆЙ РÆВДЗДÆР

Хистæр хъомгæсæн йе стуртæ хъомы разæй фесты æмæ хуыммæ фæцæйхæццæ кодтой. Хъомгæс сайынвæнд скодта кæстæр хъомгæсты:

– Алæ-ма, азгъорут сæм, кæддæра уæ чи рæвдздæр у.

– Разæй кæй хъомтæ сты, уымæй рæвдздæр нæ ничи у, – фæцырд æм сæ иу.

БЫЛЦОЙЫ БÆХ

Иу хæдзармæ чындз æрхастой, кæрты хъазт сытынг ис. Хæдзары хицау рынчынæй уаты хуыссы. Лæггадгæнæг устытæ хъæлæба кæнынц, сæ къухтæ тилынц. Уалынмæ иу барæг хæдзары фæмидæг, бæх хуыррыт кæны, йæ фæстаг къæхтыл алæууы. Устытæ фæтарстысты æмæ хъæрамæхст кæнынц. Уæд рынчын хъæццулы бынæй йæ сæр радардта æмæ устыты фæрсы:

– Чи у, цавæр хабар у?

– Мæнæ Былцо дæ хæдзармæ бæхыл æрбацыди.

– Ау, æмæ æз Былцойæн йæ хæдзары фистæгæй дæр куы никуы уыдтæн…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.