Ирыстоны хуыдта йæ кувæндон

Уый дæр уыд, бирæ азты Къоста æмæ Ирыстоны знагыл кæй нымадтой, уыдонæй сæ иу – Иры разагъды лæг Байаты Гаппо, Къостайы æмдугон.

Гаппо ирон адæмы национ хиæмбарынад райхъал кæнынæн, йæ культурон æмвæзад ын фæбæрзонддæр кæнынæн, ирон фыссынад райрæзын кæнынæн, ирон литературæйы фыццаг уацмыстæ джиппы рауадзынæн бирæ хъару бахардз кодта. Уыдонимæ уыдысты Къостайы «Ирон фæндыр», Къубалты Алыксандры поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ», йæхи чингуытæ «Ирон аргъæуттæ», «Ирон æмбисæндтæ», альманах «Фарн».

1922 азы уыд Гутнаты Елбыздыхъойы рауагъдады уæд цы уырыссаг журнал цыд, «Сполохи», зæгъгæ, уый базарады хайады редактор. Уыцы рауагъдады фæрцы йæ къухы бафтыд ирон чингуытæ рауадзын. 1922 азы Гаппойы фæрцы Берлины рацыд Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр». Ноябры тæлмацгондæй рацыд «Алгъуызы кадæг» йæ разныхасимæ. Гаппо стыр бавæрæн бахаста Всеволод Миллеры «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат» саразынмæ. Дзырдуат Ленинграды куы рацыд, уæд тынг цин кодта: «Нæ фæсивæдæн уый уыдзæн ахъаззаджы дзырдуат немыцаг æвзаг ахуыр кæнынæн».

Берлины йын йæ фыстæджыты ссардтой ахæм ныхæстæ: «Ирыстон мæнæн мæ кувæндон у… Мæ уаты рудзгуытæ нæхирдæм арæзт сты. Æдзухæй мæм хъæр хъуысы: «Гаппо, нæ каст дæумæ у… Ирон чиныгæн исты бакæн… Тæхуды, рæсугъд тохы чи амæлы йæ бæсты сæрыл! Мæ зæронд хъару, мæ зæрдæ, мæ зонд радтон нæ адæмæн иттæг зынаргъ куыстæн… Фæлæ Германы æвиппайды наусаст фæдæн… Фæихсыйынц мæ бонтæ хурныгуылæны изæрау, дзæгъæл зайынц мæ бирæ хорз хъуыддæгтæ, иунæг сидзæрау…»

Нарты сырдоны фырттæ

(Вариант)

Сырдонæн уыдис æртæ фырты. Адæм æм хæрам кæй уыдысты, уый зонгæйæ сыл йæхæдæг сæвæрдта нæмттæ.

Сæ иуыл сæвæрдта Цæй, иннæуыл сæвæрдта Рæмбын, æртыккагыл та сæвæрдта Фу.

– Хист мын сын ничи скæндзæн, мæгуыр сты, адæм та – хæрам. Нартæн та никуы уыдзæн æнæзæгъгæ: «Цæй, афтæ бакæнæм!». Уæдæ Хæргæ-хæрын йæ рæмбынтæ фынгмæ мачи æруадза, уый гæнæн дæр нæй нæ дзыллæйы хсæн. Уæдæ-иу хæринаг тæвдæй куы рахæссой, уæд ыл нæ фу гæнгæ ничи фæуыдзæн.

Уымæ гæсгæ мæ фыртты кой цæрдзæн Нарты: Цæй, Рæмбын æмæ Фу никуы ферох уыдзысты.

Годзийы саст кард

Персы паддзах сфæнд кодта Гуырдзыстоны паддзах Тамары йæхи бакæнын. Тамар гуырдзыйæ уадиссаг ныфс не вæрдта æмæ æххуысмæ рарвыста Нары адæммæ. Найрæгтæ сæ сæрмæ не схастой «нæ» зæгъын æмæ гуырдзымæ арвыстой æртындæс адæймаджы. Уыдон хъуамæ схæцыдаиккой персимæ. Уыцы æртындæс адæймаджы тых бавзарынæн равзæрстой Хетæгкаты Годзийы. Уый рацыдис хæцынмæ. Йæ кард асаст æмæ йæ сцыргъ кодта. Йе мбæлттæй йын сæ иу лæвæрдта кард, фæлæ йæ нæ бакуымдта. Персæгтæ хæцæг адæм уыдысты, дардтой згъæр худтæ, уарттæ æмæ згъæр хæдæттæ, цæмæй сæ фат ма хызтаид. Йæ сæры кæхц-иу сæ кæмæн фæдих, уыдонæн-иу сæ бахуыдтой æрхуыйæ.

Персайнаг æмæ Годзи сæ кæрдтæ кæрæдзийыл авæрдтой. Персайнаг Годзийы уæлейæ æрцавта, фæлæ йæ Годзи нымæты бын фæкодта. Годзийы бакодтой паддзах Тамармæ. Рахастой йын бæгæны сыгъзæрин хъалацы æмæ йын йæ цæрæнбонæн гаджидау рауагътой.

Сидзæры кадæг

Иу сидзæр лæппу Гуыйманæн уыдис сау къæбыла. Гуыйман æххуырсты цард хъæздыг æлдармæ, сæрибар рæстæг та цыд цуаны. Æлдарæн уыд, хуртæ æмæ мæйтæ кæмæй каст, ахæм рæсугъд чызг. Гуыйман æмæ æлдары чызг кæрæдзи бауарзтой. Мæгуыр лæппу æлдармæ барвыста йæ минæвæрттæ. Æлдар тынг бадис кодта, смæсты æмæ сфæнд кодта мæгуыр лæппуйæ ахынджылæг кæнын:

– Кæд мын иу боны гуырд сæдæ дзæбидырæн сæ рахис уыргтæ æрхæссай, уæд ныхас кæндзыстæм…

Гуыйманæн уыдис иу æмбал, уый дæр уарзта æлдары чызджы. Гуыйман хохмæ дзæбидыртæ марынмæ куы цыд, уæд йе мбал дæр йæхи фæцæуæг кодта  йемæ. Гуыйманæн йæ сау къæбыла дæр æххуыс кодта, йе рдæм-иу ын раскъæрдта дзæбидырты æмæ цæй тыххæй рацыд, уый йæ къухы бафтыд.

Гуыйманæн йе мбал афтæ зæгъы:

– Уæртæ рындзыл иу урс дзæбидыр лæууы æмæ уый æлдарæн удæгасæй куы ахæсиккам, уæд ын йæ зæрдæ хуыздæр балхæнис.

Куыддæр рындзмæ бахæццæ сты, афтæ Гуыйманы йе мбал къæдзæхы сæрæй асхуыста. Гуыйман цы сæдæ дзæбидыры амардта, уыдоны рахис уыргтæ æрхаста æмæ æлдарæн афтæ зæгъы:

– Æз амардтон иу боны гуырд сæдæ дзæбидыры æмæ дæ чызджы мæнæн ратт.

Уæд æмæ чызг бадзырдта:

-Уыдоны чи амардта, уый фæхъау фæу.

Уæдмæ къæбыла хъæумæ фæфæдис, райдыдта ниуын, адæмы къæдзæхы бынмæ хонын. Гуыйманы марды куы ссардтой, уæд ыл кæуынц, йæ мад æмæ йæ хотæ сæ рустæ тонынц. Йæхи адæмы цæстмæ кæуæг скодта Гуыйманы  æмбал дæр, фæлæ куыддæр скуыдта, афтæ йæм къæбыла йæхи баппæрста æмæ йын йæ хурхы уадындзтæ фегом кодта.

ХÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ

Лæвар бæхтæ

Иу зæронд мæхъæлон йæ дыууæ фаззон фыртæн сæ гуырæнбонмæ балæвар кодта фæйнæ бæхы. Æфсымæртæ сæ лæвар бæхты бæхдоны æрбастой æмæ катай кæнынц:

– Ныр бæхты кæрæдзийæ куыд хицæн кæндзыстæм?-дзуры сæ иу.

Цæй, æз мæ бæхæн йæ иу хъус ралыг кæндзынæн æмæ бæрæг уыдзæн, мæн дзы кæцы у, уый.

Æмæ афтæ бакодта. Сæ ныхас сын фехъуыста сæ сыхаг ирон лæг. Æхсæвы бæхдонмæ бацыд æмæ иннæ бæхæн дæр йæ хъустæй иу ралыг кодта. Æфсымæртæ бæхты куы федтой, уæд та катай кæнынц.

– Цæй, æз мæ бæхæн йæ иннæ хъус дæр ралыг кæндзынæн.

Æхсæвы та ирон бацыд æмæ иннæ бæхæн дæр ралыг кодта йæ хъус.

Райсом æфсымæртæ кæсынц æмæ бæхтæй хъус никæуылуал ис.

– Цæй æз мæ бæхы къæдзил алыг кæндзынæн, – загъта та сæ иу.

Æхсæвы та ирон алыг кодта иннæ бæхы къæдзил дæр.

Райсом æфсымæртæ кæсынц сæ бæхтæм æмæ нал зонынц, цы ма æрхъуыды кæной, уый.

Æрæджиау сæ иу афтæ зæгъы:

– Цæй, урс мæн уæд, сау та – дæу…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.