Хуссар Ирыстоны истори йемыдзаг у мысæн трагикон бонтæй. Уыдон се ‘ппæт дæр æрцыдысты ирон адæмы ныхмæ нæ цыфыддæр тугмондаг сыхæгты къухæй. Лæгсырдтæ! Уæдæ ма æндæр цы хъуамæ схонай, 1992 азы 20 майы Зары фæндагмæ чи схъуызыд,  сабырцæрæг адæмы размæ чи бабадт æмæ сæ фæндаджы сæрдæнтæ чи фæкодта, уыдоны?! Уыцы боны онг дæр Ирыстоны хуссар хайы уавæр нæ уыд сабыр, гуырдзыйы лæгсырдтæ алырдыгæй лæбурдтой æмæ сусæг-æргомæй куынæг кодтой ирон адæмы. Уавæр кодта карзæй карздæр æмæ адæмæй кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ сæхи истой цæгаты  ‘рдæм, сæхи мæлæтæй бахизыны охыл. Кодтой сæ сабиты сæ цард сын бахъахъхъæныны тыххæй.

 

ТУГÆЙДЗАГ ХЫЗЫН

20-æм  МАЙ… ЦЫД  ЦÆСТЫСЫГ ÆМÆ ТУДЖЫ ЛÆСÆН

Уыцы бон Битеты Валойæн дæр йæ сæрымагъзы хæлбурцъ кодтой æрмæстдæр йе ‘ввахс хиуæтты æд сабитæ Цхинвалæй Дзауы ‘рдæм куыд аирвæзын кæна, ууыл. 19-æм майы райсомæй раджы балæууыд йæ хойы хæдзары æмæ сын тыхстгъуызæй загьта, зæгъгæ, уæхи ба-цæттæ кæнут, райсом Гуфтамæ цæуинаг дæн æмæ сымах дæр хъуамæ мемæ акæнон. «Кæд нæ уавæр бауадза, уæд- ма иу хызыныдзаг картофтæ дæр райстон æмæ сæ уым асадздзыстæм», – фæндтæ кодта Вало… «Дыккаг райсом, куыд дзырд уыдыстæм, афтæ, райсомæй раджы Вало радзырдта телефоны æмæ загъта, кæй нæм æнхъæлмæ кæсы фæндагыл. Фæлæ æз дæр æмæ мæ сывæллæттæ дæр хуыссæны афтæ нындæгъдыстæм, цыма нæ исчи бабаста, æппындæр нæ никæй хаста йæ зæрдæ ацæуынмæ. Цыд рæстæг æмæ та ме ‘фсымæр ногæй радзырдта. Уæд ме ‘мкъай йæхи схылгæнæг кодта, зæгъгæ сымахмæ æнхъæлмæ кæсы æмæ цы ми кæнут. Æвæндонæй скодтам нæ дарæс æмæ рацыдыстæм, цæуын нæ хъуыд Хъайтартæ æмæ Исахъы уынджы алвæндагмæ, фæлæ снайпертæ афтæ ‘хстой горæтмæ æмæ иу къахдзæф дæр æргомæй акæнын уыд тынг тæссаг. Уымæ гæсгæ-иу куы иу хæдзары кæртмæ балыгъдыстæм куы – иннæмæ, афтæмæй, тыхамæлттæй, мæ сывæллæттимæ схъуызыдыстæм Сабырады уынгæй Хъайтарты уынгмæ. Уым фембæлдыстæм Валойыл дæр. Цыдысты  машинæтæ, фæлæ-иу сæм кæнæд бынат нал разынд, кæнæ-иу ме’фсымæры нæ бафæндыд мæн сабитимæ машинæйы гуыффæмæ схизын кæнын. Афтæмæй дзы алæууыдыстæм цалдæр сахаты бæрц», – дзуры  Валойы хо Мери.

Æвæццæгæн уыцы æнхъæлмæкаст уыд Мери æмæ йæ сывæллæтты амондæн, фæлæ хъыгагæн, Вало афтæ тынг зæрдиагæй цы фæндагмæ тырныдта, уый йын ссис йæ царды фæстаг фæндаг… Фæстаг фæндаг – мæлæты хъæлæсмæ. Мери куыд радзырдта, афтæмæй, машинæмæ кæм æнхъæлмæ кастысты, уымæй чысыл уæлдæр,  Нæузæххонты уынджы цардис йæ хæрæфырт, æмæ Мери ацыд йæ абæрæг кæнынмæ, зæгъгæ, чизоны уый дæр фæнд кæны Дзæуджыхъæумæ æмæ иумæ уæддæр ацæуæм. «Суадтæн Темырмæ æмæ мын уый загъта, зæгъгæ йæ машинæйы чысыл цыдæртæ аразинаг ис, абон сæ хъуамæ сараза æмæ райсом цæуинаг у Дзæуджыхъæумæ. Фæстæмæ æрбаздæхтæн, ме ‘фсымæр æмæ сабитæ кæм уыдысты, уырдæм æмæ сын загътон Темыры ныхас, райсом кæй цæуæм. Валойæн ма бахæс кодтон, цæмæй йæ картофты хызын Темыры машинæйы бавæра райсоммæ æмæ рацыдтæн фæстæмæ хæдзармæ æд сывæллæттæ. Фæстæмæ дæр та цыдыстæм хъуызгæцыдæй, уымæ гæсгæ бирæ рæстæг бахъуыдыстæм. Хæдзармæ куы бахызтыстæм, уæд мыл уынгæй ссыд цавæрдæр тыхст адæмы хъæлæба. Ракастæн, æмæ адæм фæдисы лидзынц рынчындонмæ. Æз дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ сыхæгтимæ алыгътæн фæдисы, фæлæ хъуыды дæр никуы акодтаин æмæ ме ‘фсымæрæй цы цыбыр рæстæджы фæхицæн дæн, уыцы чысыл рæстæгмæ уый Зары къуылдыммæ знаджы хъæбысмæ схæццæ уыдаид… Бацыдтæн-иу мæрдты цурмæ дæр, фæлæ йыл мæ цæст никуы схæцыд æмæ мæ хæрæфыртимæ рацыдыстæм йæ агурæг», – дзуры Мери.

Валойы йæ хиуæттæй ничи ма федта мæрдты ‘хсæн, æмæ сæ фидарæй уырныдта, ныртæккæ искæцæй кæй зындзæн фæдисонтимæ. Уыд сæ стыр ныфс, Вало удæгас кæй хъуамæ уа, уымæн æмæ уый уыцы бон нал хъавыд цæуынмæ дæр. «Мах фæхицæн стæм кæрæдзийæ дыккаг бон Темыримæ ацæуыны дзырдæй. Уымæ гæсгæ æнхъæлдтон, ме ‘фсымæр горæты æндæр кæмдæр кæй ис, Зары фæндагыл уый ма хъуамæ уыдаид. Фæлæ уæддæр мæ зæрдæ æнкъардта цавæрдæр тас», – загъта йæ мысинæгты Мери. Æмæ, хъыгагæн, Мерийы нæ фæсайдта йæ зæрдæ, Вало фæдисон адæмимæ куынæ разынд, куы никуы йæ ничи уыд уынæг дæр, уæд Темыр ногæй бахызт мæрдты ‘хсæнмæ йæ агурæг. Фæстæмæ рахыст фыдохы хабаримæ, уым ссардта Валойы…

Вало уыцы машинæйы гуыффæмæ куы схызт, уæд ма уырдæм схызтис  йæ фыдыхойы чызг дæр, цыд йæ сывæллæтты бæрæггæнæг Гуфтамæ,  фæлæ йæ Вало фервæзын кодта мæлæты дзæмбытæй, кæд æй йæхæдæг дæр уæд нæма зыдта, уæддæр. Рахизын æй кодта, зæгъгæ, дын æз æрхæсдзынæн исты хабар æмæ сæм  ма ‘хсайæд дæ зæрдæ.

Ныпырх сты машинæйы Валойы тауинаджы картофтæ, ныппырх сыл ис ирон туджы æртæхтæ, йæ хызын та йын цыма исчи барæй сæвдылдта туджы, афтæмæй уыд машинæйы гуыффæйы…

 

ХЪУЫСТИС ТУДЖЫ  СÆХ-СÆХ…

20-æм  МАЙ… ЦЫД  ЦÆСТЫСЫГ ÆМÆ ТУДЖЫ ЛÆСÆН

Уыцы бон Остъаты Георги дæр йе ‘мкъай Дякъонты Шурæимæ здæхтис Цхинвалæй фæстæмæ Сохты хъæумæ. Уыдон дæр амбæлдысты ацы фыдбоны уæзласæн машинæйыл æмæ сæхи фæбалц кодтой ууыл.  Шурæ куыд радзырдта, афтæмæй машинæ куыддæр сæ разы æрбалæууыд, афтæ бæлццæттæй айдзаг ис. Нал дзы уыд бынат. «Афтæ æндыгъдæй лæууыдыстæм, æмæ нæ йæ къах фæзилыны фадат дæр никæмæн уыд. Зары æфцæгмæ куы схæццæ стæм, уæд ныл нызгъæлстой нæмгуытæ. Райдайæны ницы бамбæрстам, цы хабар у, уымæн. Æз   хæцыдтæн бортыл, Георги та хæцыд мæныл, фæлæ мæ уалынмæ йæ къæхты бынмæ ссонын райдыдта. Цы ‘рцыдис, уый æххæстæй нæма бамбæрстон, афтæмæй мыл æрхаудис йæхæдæг дæр, стæй ма ноджы чидæртæ æмæ æз фæдæн сæ быны. Æхст куы банцад, уæд куыддæрты сбырыдтæн сæ бынæй æмæ, уыйбæрц адæмы ахæм уавæры куы федтон, уæд мæ зонд схæццæ, цы аразын хъуыд, уый нал зыдтон… Цыд мыл цавæрдæр сæх-сæх, æнхъæлдтон, кæмдæр суадон ис, фæлæ машинæйы гуыффæйæ куы æрхызтæн, уæд федтон, гуыффæйæ адæмы туг кæй калдис…», – загъта Шурæ.

Шурæйæн уыцы бон Хуыцау дыккагæй балæвар кодта цард, йе ‘мкъай Георги æмæ йæ Битеты Вало  ныккодтой сæ быны, бахъахъхъæдтой йæ тугмондаг бирæгъты нæмгуытæй. Шурæ уыдонæй амондджындæр разынд æрмæстдæр уымæй, йæ цард уым кæй нæ аскъуыд, фæлæ ахæм æвирхъау нывтæ фенын та нæу æнцон, уыдон баззадысты йæ мысынады æмæ йын цæрæнбонтæм риссаг хъæдгомæй агайынц йæ зæрдæ.

Уыцы бон гуырдзыйы лæгхорты къухæй бабын сты 33 æнаххос  адæймаджы, уыдоны ‘хсæн уыд сабитæ, ацæргæтæ, æнхъæлцау сылгоймæгтæ æмæ æнахъом сывæллæтты ныййарджытæ. Ахæм фыдракæнд саразджытæ хъуамæ баййæфтаиккой аккаг æфхæрд, фæлæ…

ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.