РЦИ-Аланийы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Фидараты Юри журналисттæн бæстон радзырдта, дыууæ азы размæ цы ног программæ арæзт æрцыд журналистикæйы къабазы кусджыты профессионалон цæттæдзинады рæзтæн, уый нысæнттæ æмæ йæ дарддæры ахадгæ мадзæлтты тыххæй.

Фидары фырт куыд загъта, афтæмæй алы рæстæг, алы дугæн дæр йæхи домæнтæ вæййы æмæ сын æнæххæстгæнгæ нæй. Уымæн æмæ абоны дуг у – ног информацион технологиты рæстæг æмæ царды уавæртæ дæр бынтон æндæрхуызон сты. «Республикæйы Сæргълæууæг нын бахæс кодта, цæмæй нæ журналисттæн дарддæр профессионалон цæттæдзинады ахуыртæ уадзæм. Сæ зонындзинæдтæ сын фæбæрзонддæр кæнынæн нæ программæмæ ивддзинæдтæ бахастам. Раздæр нæм ахæм программæ нæ уыд, фæлæ ныр дыууæ азы комитеты æххæстгонд цæуы. Ирыстонмæ æрхуыдтам нæ бæстæйы зындгонд журналисткæ Иринæ Бреусовайы, телеуынынады равдыстытæ амонджыты, комкоммæ эфиры хи дарыны æгъдауыл чи ахуыр кæны, радиойы дикторты та рæсугъд æмæ аив дзурыныл, уыцы специалисты, – загъта уый.  Мæскуымæ дæр æрвитдзыстæм нæ журналистты уыцы ахуыртæм. Баныхас кодтам Мæскуыйы, телеуынынады уæлдæр скъолайы декан Виталий Третьяковимæ дæр æмæ нæм рарвитдзæн   хуыздæр специалистты. Æхцайы фæрæзтæ нæ куыд амоной, уымæ гæсгæ кусдзыстæм ацы программæйы рæзт æмæ нысантыл. Программæ арæзт у 2025 азмæ æмæ нæ фæкæсын хъæуы нæ журналисттæм».

Иринæ Бреусовайы ахуырты архайдзæн 25 журналисты, æмæ ацы специалисты амынддзинæдтæ хорз ахъаз фæуыдзысты, Ирыстоны телеуынынад профессион æгъдауæй дæлдæр кæй никæмæй æрлæудзæн, уымæн.

Уымæй уæлдай ма Хуссар Ирыстоны журналистты фæхуыдтой Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæм. ПТРК «Ир»-ы кусжытæ дыууæйæ зонындзинæдтæ исдзысты “Техника речи”-йы хаххыл.

Цæгат Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитеты хуындмæ гæсгæ Цхинвалæй арвыстой Паддзахадон радио «Ир»-ы ног хабæртты амонæг Дзæгъитаы Алла æмæ паддзахадон телеуынынады уацхæссæг Кокойты Анжелайы.

«Фондз боны цыдысты ахуыртæ. Фыццаг дыууæ боны фæстæ мæ бон у фидарæй зæгъын æмæ нæ ахуыртæ кæй сты тынг цымыдисон. Амонынц нын ныхас кæныны æу-уæлтæ æмæ сусæгдзинæдтæ. Ахуыр кæнæм Иринæ Бреусовайы авторон курсмæ гæсгæ», – загъта курсыты архайæг Дзæгъиаты Аллæ.

2017-2018 азnы ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадим дæр фæхуыдта телеамонæджы уæлдæр ахуырадон уагдоны студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн семинартæ æмæ тренингты къуырион курс ауадзыны тыххæй. Журналисттæ райстой «Раныхасы техникæ»-йы æмæ «Публикон раныхасы дæсныйад»-ы зонындзинæдтæ.

«Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лекциты фыццаг бон равдыста, фæсивæд кæй сты æргом æмæ æнцонæй цæуынц контактмæ, уыдон фæнды райсын позитив æмæ ног зонындзинæдтæ», –  загъта телеамонæг.

Æхсæнадон царды æппæт къабæзты дæр бирæ ивддзинæдтæ цæуы. Ног рæстæджы цыдимæ æмдзу кæнын та нæ хæс у. Уыцы ногдзинæдтæ хаст цæуынц нæ республи-кæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæм, се ‘ппæтмæ дæр, журналистикæимæ йæ цард чи сбаста, уыдонмæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.