Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд фыццаг командон бынат бацахста Варшавайы уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты. Ирон специалист Тедеты Дзамболаты къухдариуæгадæй командæ рамбылдта æхсæз сыгъзæрин æмæ дыууæ та – æвзист майданы. Бæстæйы æмбырдгонд командæйы сконды æнтыстмæ та стыр хайбавæрд бахастой Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Сыгъзæрин майдан рамбылдта Найфонты Артур (86 кг), æвзист хорзæх та бафтыд Козырты Сергейы (125 кг) къухты.

Найфонты Артур финалы 8:0 хыгъдæй фæуæлахиз гуырдзиаг спортсмен Сандро Аминашвилийыл.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ чемпионаты командон хыгъды Турчы æмбырдгонды фæстæ æртыккаг бынат кæй бацахста Словакийы командæ. Уый æрæмбырд кодта дыууæ сыгъзæрин майданы. Уыдон рамбылдтой ацы бæстæйы спортивон кад хъахъхъæнæг ирон богалтæ – Салхъазанты Таймураз (74 кг) æмæ Гулаты Æхсарбег (79 кг).

Сенсаци ссис Салхъазанты Таймураз. Уый чемпионаты размæ фаворитыл нымад нæ цыд, фæлæ йæхæдæг афтæ нæ хъуыды кордта. Нырма уал фæуæлахиз дуне æмæ Европæйы бирæ хæттыты чемпион, италиаг Франк Чамизойыл 6:2 хыгъдæй. Дарддæр 6:5 хыгъдæй рамбылдта дунейы æвзист призер, гуырдзиаг Автандил Кенчадзейы. Æрдæгфиналы дæр 6:5 хыгъдæй тыхджындæр разынд Дунейы кубокы уæлахиз-дзау Разамбек Жамаловæй.

Финалы та йæ ныхмæлæууæг уыд Болгарийы минæвар Мирослав Киров. Раздæр ын цы тыхджын ныхмæлæуджытæ уыд, уыдонимæ абаргæйæ йын уый аккаг ныхмæлæууæг нæ уыд. Æмæ æцæгæйдæр, хыгъд фæцис 10:0 Таймуразы пайдайæн.

Ацы уæзы ма Сербийы æмбырдгонды сконды дебют уыд Цæболты Хетæгæн. Фæлæ уый йæ фыццаг тохы фæхæрд Автандил Кенчадзейæн.

Гулаты Æхсарбег та нырма æмгъуыдæй раздæр рамбылдта Македони æмæ Сомихстоны богалты. Уый фæстæ 5:4 хыгъдæй фæуæлахиз гуырдзиаг хъæбысæйхæцæг Ника Кенчадзейыл. Финалы та 2:1 хыгъдæй фæуæлахиз французаг Сайфедин Алекмайыл.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.