Æртæдзыхоны

Ирон адæммæ нымæцтæ æртæ æмæ авд цы нысан кæнынц æмæ цæмæн кадджын сты, уый алчи дæр зоны, фæлæ ма афтæ кадджын у нымæц фараст дæр. Фараст нысан кæны æртæ æртæйы. Гæнæн ис æмæ нæ рагфыдæлтæн уыдаид сæхи, фараст-тигъон стъалы, дзудтæгты стъалы æх-сæзтигъон куыд у, афтæ.

Ирон фынгыл æртæ æртæдзыхоны кадджын уыдысты фыдæлтæй фæстæмæ. Æниу, арæхдæр æмбæлæм æртæ чъирийыл, ома æртæ уæливых, æртæ ссывдыл. Традицион уæливых, ома тымбыл кæрдзын ирон адæммæ нымад цæуы хуры хуызæныл – хурдзалхау, хурау тымбыл. Хæрнæджы фынгыл æвæрд вæййы дыууæ уæливыхы, фæлæ æртæдзыхон кæрдзынтæй цы-фæнды фынгыл дæр дыууæ æвæрæн нæй, уымæн æмæ æртæдзыхонтæ фынгыл кæрæдзийы уæлæ æвæргæ сты, сæ тигътæ кæрæдзийæ куыд хицæн кæной, афтæ. Æмæ дыууæ куы уой, уæд сæ тигътæ цæуынц – æхсæз, æхсæз та у къайон нымæц æмæ къайон нымæц ирон адæммæ æнæфæт-джиагыл нымад цæуы. Хуымæтæджы нæм нæ баззад ахæм ныхас: иу æлгъыст у, дыууæ – фæлдыст, æртæ – æнтыст. Уымæ гæсгæ æртæдзыхон кæрдзынтæ дæр сты æртæ. Кувыны рæстæджы сæ хицæн кæнæм кæрæдзийæ, фæлæ сæ æрзилæм, сæ тигътæ куыд ахицæн уой, афтæ, æмæ уæд æртæ æртæдзыхоны свæййынц фа-расттигъон стъалыйы хуызæн. Махмæ ма абон дæр ног къæйттæн фæ-кувынц, Мады-Майрæм уын авд лæпппуйы æмæ иу цъæх чызг балæвар кæ-нæд, зæгъгæ, фæлæ ахæм нысаниуæгыл æмбæлæм нымæц фарасты тыххæй дæр. Раджы заманы-иу ног чындзæн йæ хыз куы истой, уæд-иу хызисæг арфæ кодта: «Фарн, фарн, фарн! Фараст лæппуйы æмæ иу цъæх чызг!»

Цымыдисон ма у ахæм хабар дæр æмæ ирон адæмон сфæлдыстады, суанг Нарты кадджытæй райдайгæйæ кадджын бынат ис æстдæссион сагæн. Æстдæс дæр нысан кæны фæйнæ фарасты, ома сагæн йæ алы сыкъа дæр у фарастсион.

Балсæджы цалх

Сæрмагондæй, кæнæ йыл арæх æмбæлæм Нарты кадджыты. У цавæрдæр æнæуынгæ тых, кæм та – уынгæ, хæстон хотых (иуæй-иу вариантты хуыйны Малсæджы цалх дæр). Балсæг уыд лæг, уыдис ын æнахуыр цалх, кæцыйы ныхмæ æрлæууын уыд тынг зын. Нарты Сослан ын йæ чызджы куы фæхъыг кодта, уæд чызг рахъаст кодта йæ фыдæн. Фыд йæ диссаджы цалхæн бардзырды хуызы загъта:

– Фæцу æмæ Сосланы куыд амарай, афтæ…

Балсæджы цалх бæстæ йæ быны ссæндгæ рараст ис Сосланы марынмæ æмæ йæм дардæй хъæр кæны:

– Дæхи мæ хъахъхъæн, нæртон гуырд!

Болатриу Сослан æм йæ ных бадардта æмæ цалх фæстæмæ асхъиудта, цъæррæмыхст дæр æй нæ фæкодта. Сослан æм фæлæбурдта, фæлæ йæ бон нæ бацис йæ рацахсын. Балсæджы цалх та ногæй йæхи рауагъта Сосланмæ. Сослан æм ацы хатт та бадардта йæ риу. Куыддæр йæ риуыл сæмбæлд, афтæ йæм фæлæбурдта, рацахста йæ æмæ йæ йæ быны æркодта, йæ фæрсчытæй йын цалдæр асаста. Балсæджы цалх ын ныллæгъзтæ кодта:

– Мæ уд мын ма аскъуын æмæ дын ард хæрын, абонæй фæстæмæ мæхи Балсæджы цалх нæ, фæлæ Сосланы цалх хондзынæн.

Сослан ыл баууæндыд æмæ йæ суагъта. Балсæджы цалх фæстæмæ куы аздæхт, уæд ыл Нарты Сырдон амбæлд æмæ йæм дзуры:

– Дæ фæндаг раст уа, Балсæджы цалх!

– Балсæджы цалх нал дæн, Сосланы цалх мæ хон, кæннод мæ Сослан амардзæн.

Сырдон Сосланмæ мæсты уыд æмæ йын бафидис кодта:

– Гъе, фесæфай Балсæджы цалх, дæ тых æмæ дæ кад цæуыл фесæфтай!.. Дæ кæстæр æнгуылдзæй туг суадз, æмæ дæ ардбахæрд ацæудзæн.

 Балсæджы цалх афтæ бакодта. Стæй йæ саст фæрсчытæ Куырдалæгонæн болатæй байсæрдын кодта, æрцыд Зилахары быдырмæ æмæ Сослан сырдмæ куыд фæцæйхъуызыд, афтæ йыл йæхи сусæгæй рауагъта æмæ йын йæ къæхтæ тæккæ уæрджытыл ахауын кодта.

Æрвадиуæггæнæг ирон мыггæгтæ хицæн таурæгътæм гæсгæ

* Габотæ – Тулатæ

*Гагкойтæ – Дзилихтæ – Аппитæ – Густитæ

*Гаглойтæ – Санахъотæ – Уанетæ – Гæбæратæ – Галуантæ

*Гайтæ – Церехъатæ – Цæгæратæ

*Гаджитæ – Къоратæ – Хъайсынтæ – Исахътæ – Таймазтæ

*Галатæ – Хъазитæ

*Галачитæ – Чихауитæ – Кобегкатæ – Мулукатæ – Галазтæ

*Гегутæ – Хъаныхъуатæ – Хъабантæ – Кобегкатæ – Абысалтæ – Тугъантæ – Хъуыбадтæ

*Гегутæ – Сататæ – Бериатæ – Бимболтæ

*Гæззатæ – Дзасохтæ – Костæ

*Гæззатæ – Мæргъитæ

*Гамаонтæ – Цагъатæ – Текъатæ

*Гæмостæ – Сабайтæ

*Гæриатæ – Кокайтæ – Заппойтæ – Цæриатæ – Салатæ – Кæсойтæ

*Гегутæ – Сугкойтæ – Дзантистæ – Темыратæ – Гетойтæ – Озитæ – Турчинтæ – Хъазахтæ

*Гегкитæ – Хачиртæ

*Гæцойтæ – Дзайныхътæ

*Гугкатæ – Габетæ

*Гулитæ – Техъуртæ – Тетцойтæ – Баликъотæ – Дзиратæ – Гæтдзитæ

*Гусатæ – Ализатæ – Басатæ

*Гусалтæ – Хъалæгатæ – Торчынтæ – Цъæриттæ – Данæгтæ

*Гуыдиатæ – Ахболæттæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.