Куадзæнмæ ма къуыри куыд хъæуа, афтæ сабат бон нысан кодтой Зазхæссæн. Йæ ахастмæ гæсгæ уыцы бæрæгбон баст у марды кæндтимæ æмæ йæ аразынц, Бадæнтæ куыд кæнынц, афтæ.

Йæ ном райгуырди æгъдауы сæйраг æууæлтæй æмæ баст у назы кæнæ зазы къалиутимæ. Дыууæ зайæгойы дæр сты æнусон цъæх бæласы мыггæгтæй, арæзтой-иу æй сылгоймæгтæ. Мæрдты бонмæ-иу сцæттæ кодтой æлæм. Бæттæнтыл-иу æрцауыгътой мыдамæстытæ, æнгузтæ æмæ къанфеттæ.

Майрæмбоны изæрмæ сцæттæ кæнынц хойраг, нозт, ракæнынц зазы къалиу æмæ йæ хæдзармæ æрбахæссынц. Зазхæссæн чи фæкæны уыцы хæдзармæ хурныгуылды фæстæ хæстæджытæ сегас дæр æрбахæссынц хойрæгтæ æмæ нозтытæ: хæдзары бандоныл кæнæ стъолыл  сæвæрынц лæдзгуытæй арæзт дзуарсæвæрд сурæт, удæгас адæймагау ыл дарæстæ скæнынц æмæ йын йæ фарсмæ сæвæрынц зазы къалиу, хойрагæй, нозтæй йын йæ размæ алцы дæр рахæссынц. Ӕппæт дæр куы сцæттæ кæнынц уæд ныккæуынц, нырдиаг ласынц. Кæуынæй сæ мондæгтæ куы суадзынц, уæд зæгъынц рухс сæ мардæн. Уыцы æхсæв ничи схуыссы. Зæронд мæрдты цардæй алцыдæр фæмысынц æмæ сæ зæрдæтæ куы суынгæг вæййынц, уæд та сегас дæр кæуын райдайынц. Боны ‘рдæм къæцæлын лæгæн йæ дзаумæттæ раласынц. Бирæтæ уыцы æхсæвмæ æнгузтæ, къанфеттæ, лакъамитæ æмæ алыгъуызон адджинæгтæй сфæлындынц æлæмтæ.

Изæрæй сæ къалиутыл æрцауындзынц. Сæумæрайсом къæцæлын лæгæн йæ дзаумæттæ куы раласынц, уый фæстæ дæc сахатмæ æввахс кæрты райтауынц гауызтæ æмæ сыл æлæмтæ æрывæрынц, уæдмæ кæртмæ æрæмбырд вæййынц барджытæ. Ӕлæмты мæрдтæн куы ныххæлар кæнынц, уæд сæ барджытæм раттынц. Уыдон, æлæмтимæ дугъ кæнгæйæ, хъæутыл æрзилынц æмæ, адæмы æмбырдæй кæм фенынц, уым æлæм ныууигъынц. Ӕртæ, цыппар хъæуыл куы æрзилынц, уæд, кæцæй рацыдысты, фæстæмæ уыцы кæртмæ ‘рбаздæхынц. Ӕрхизынц сæ бæхтæй æмæ хæдзарæн раарфæ кæнынц. Уый фæстæ уæлмæрдмæ ацæуынц æмæ мардæн йæ сæры ‘рдыгæй ингæны æлæм тырысайау æрсадзынц, раздæр уал ын йæ адджинæгтæ æртонынц, афтæмæй.

Гъе, уыцы хабæрттæ æрцæуынц дыууæ боны дæргъы, уыдонæй иу вæййы хуыцаубон. Æлæм цæттæ кодтой нæлгоймæгтæ, сылгоймаджы мысынæн та-иу сфæлыстой зазы кæнæ назы  къалиу.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ кæй кой ракодтам, мардæн уыцы æгъдæуттæ аразæн хуыцаубон кæй у кадджын чырыстон аргъуанæн. Уый та у Чырысти Йерусалиммæ куы бацыд, уыцы рæстæг. Уыцы бæрæгбон ма хонынц Зазхæссæн дæр.  Уыцы бон бакувынц æмæ хуыцауы комытæфдзыд донæй бапырх кæнынц къуыбыр æфтауæг донхæрис кæнæ æндæр бæласы къалиутæ. Къалиутæ раттынц кувæг адæмæн æмæ сойын цырæгътæ, бæрзонд сисгæйæ, фæлæууынц, Хуыцауæн цалынмæ фæтабу кæнынц, уæдмæ. Цард мæлæтыл кæй фæуæлахиз, уымæн вæййынц æвдисæн.

Цы дыууæ скъуыддзаджы æрхастам, уыдон æмхуызон хуымæтæджы не сты. Сæ мидиудзинад æгæр тынг дæр ма раргом. Йæ сæйраг мидис у мæлæтыл тыхгæнæг æндидзæг тыхты стауын. Ацы бæрæгбон уалдзæджы бæрæгбонтæм хаст кæй æрцыд æмæ дзы æнусон цъæх бæласы къалиутæй кæй пайда кæнынц, уый у фæткыл конд хабар.

Ацы бæрæгбонимæ фидар баст у Къутугæнæн дæр. Нысангонд цæуы Зазхæссæнты рæстæг хуыцаубоны, Куадзæнæй къуыри раздæр. Уый комкоммæ у хоры бæрæгбон, уæдмæ-иу сæрмагондæй скодтой цъилгъуыз гуылтæ. Хорæфснайæн сæрст кауын къутуйæн фæсномыг нысанау уыдысты æмæ сæ хуыдтой къутутæ. Уыцы бон кæрæдзийæн арфæ кодтой, уæ къутутæ хоры уæзæй куыд сæттой, ахæм амонд уæ уæд, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ æфсинтæ сæ удæй арт цагътой, мæ гуылтæ мæнæн рæсугъддæр рауайой, зæгъгæ, уымæн, æмæ,  дам, ахæм хæдзармæ фылдæр хор æрбацæудзæн. Сывæллæттæ  ацы бæрæгбонмæ сæхи тынг цæттæ кодтой, арæзтой æрдын æмæ фæттæ æмæ-иу ерыс кодтой.

Бæрæгбоны рæстæг-иу сабитæ ерыс кодтой фатæй æхсынæй: ома, цыбыр рæстæгмæ чи фылдæр къутутæ акъуырид. Фæуæлахизуæвæгмæ-иу хæрзиуæджы хуызы æрхаудтой йе ‘мбæлтты къутутæ дæр æмæ-иу уыцы бон уый банымадтой хъайтарыл. Сабиты хъазтмæ гæсгæ рагацау базонæн уыдис, ног азы хорæрзад куыд рауайдзæн, уый. Сабитæ цас фылдæр “къутутæ” æрæппарой, уыйас сæм фылдæр уыдзæн хор сæ къутуты.

Гуырысхойаг нæу Къутугæнæнты къутутæ фыцынæй, рæстдзæвин уæвынæй æмæ æндæрæй цы змæлд ис – сегас дæр сты, хорæрзады, фосбирæйы æмæ уыдонимæ баст кувинæгтæй кæмæн куывтой, уыцы незамайнаг хуыцæуттæ кæй нæ ферох сты, уый æвдисæг. Алы дедатæ æмæ басылтæ хъуамæ аудыдтаиккой бинонтыл, уалдзæджы куыстытæ цæмæй нывыл æрцыдаиккой, сæ хъæздыг тыллæгæй-иу цæмæй гага дæр ма фесæфтаид, сæ фос цæмæй ныб бирæ уыдаиккой…

Адæймаг зындгонд магион мадзæлтты руаджы æрдзы йæхицæн кодта лæггад кæнын, сабитæ æмæ хистæртæ дедатæ æмæ басылтæ кæй хордтой, уый руаджы-иу фæхайджын сты, уыдон цы æрдзон хъомысæй хайджын уыдысты, уымæй.

Мæрдты мысын æмæ сабитæ æмæ фæсивæд уалдзыгон бæрæгбонты æнувыдæй кæй архайдтой, уыдæттæ хъуамæ фæахъаз уыдаиккой хорæрзадæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.