ФУТБОЛ

    Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» Турчы цæттæгæнæн сбортæ ауадзыны фæстæ æрыздæхт хæдзармæ. Ныр 27-æм февралы Национ футболон къорды (фыццаг дивизион) 27-æм туры фысымиуæг кæндзæн Томскы «Томь»-æн.

Командæйы сконды æрцыдис ивындзинæдтæ. Хуынд æрцыдысты 4 æвзонг футболисты, кæцытæ раздæр хъазыдысты командæйы дублты. Уыдон ‘хсæн ис цхинвайлаг футболист Зæгъойты Олег. Уый у кулдуаргæс.  Хъаздзæн 16 номыры бын.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Олег кæй у раздæры зындгонд ирон боксер, фыццаг ирон профессионалон боксер Зæгъойты Игоры лæппу.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Кавказы Федералон Зылды чемпионат. Ерысты хайад райстой 234 богалы, кæцытæ тох кодтой турниры хорзæхтыл æмæ Олимпиадæйы размæ Уæрæсейы чемпионаты хайад райсынæн бар райсыныл. Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæн бантыст 3 сыгъзæрин, 5 æвзист æмæ 5 та бронзæ майданы рамбулын. 

Чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Уалыты Радик (79 кг), Кцойты Сослан (92 кг) æмæ Хуыбылты Хъазбег (125 кг). Æвзист майдантæ рамбылдтой Бадтиаты Артур (65 кг), Хъарданты Магомет (74 кг), Санахъоты Ацæмæз (79 кг), Чертхъоты Гурам (92 кг) æмæ Къозонты Зауыр (125 кг).

Бронзæйон призертæ систы Тауитты Чермен (61 кг), Мæхъиты Зауыр (86 кг), Коцойты Тамерлан (97 кг), Гæззаты Асланбег (125 кг) æмæ Теблойты Ацæмæз (125 кг). 

БОКС

     Дудиаты Фатимæ хайад райста боксæй турнир «Бойцовский клуб РЕН ТВ»-йы. Йæ ныхмæлæууæг уыд уæрæсейаг кикбоксерша  Татьяна Алексеева, кæцы рахызт профессионалон боксмæ. Æнæхъæн тохы дæргъы зынд Фатимæ йæ ныхмæлæууæгæй бирæ хуыздæр цæттæ кæй у, уый. Æмæ цыппæрæм раунды фæстæ Алексеевайы тренертæ нал сразы сты тох адарддæр кæныныл,  сæ хъомылгæнинаджы æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй.

Дудиаты Фатимæ 20-æм марты тох кæндзæн дунейы чемпионы титулыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ социалон хызæгты спортуарзджытæ Фатимæйы кæй банымадтой иууыл рæсугъддæр боксер-чызгыл. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.