Цæгат Кавказы фыццаг фолософ

Уый уыд Гасситы Абийы фырт Афæхъо (Афанас), (1844-1915), ахуыргонд, публицист, хуыдтой йæ ирон Ломоносов. Райгуырд зæхкусæг бинонты æхсæн, каст фæцис Киевы духовон академи. Академи каст куы фæцис, уæд бахъахъхъæдта кандидат-магистранты къæпхæн психологи, истори, философи æмæ педагогикæйы фæдыл æмæ цыбыр рæстæгмæ нымад æрцыд философ-материалист æмæ прогрессивон-демократон фæдыздæхты æхсæнадон архайæгыл. Гасситы Афæхъойы зонадон-публицистон куыстыты сæйраг бынат ахсы адæмы духовон цардыуаг, йæ хъус дардта куыд уырыссаг, афтæ дунеон литературæйы ахсджиагдæр фарстатæм. Æнувыд тох кодта Кавказы адæмты бартыл, сæ интерестæ сын хъахъхъæдта уæрæсейаг мыхуырон фæрæзты фæрцы, зæрдиагæй архайдта хæххон интеллигенцийы рæзтыл. Гасситы Афæхъо уыд, Ирыстоны фыццаг типограф саразæг Гасситы Викторы фыд.

Цъамад æмæ Сахы æфсады хæст

Уацамонгæ

Ирон адæмы æхсæн фыдæлтæй фæстæмæ ныффидар ахæм дзырдбаст, сæ быцæу Цъамад æмæ Сахы хæстау ныддаргъ, зæгъгæ.

Цæвиттон персаг Сахы (Шах) хъустыл æрцыд, зæгъгæ, Цъамады ис ахæм фидар мæсыг, кæцыйы сисын никæй ма къухты бафтыд. Уæд Сах йе фсады арвыста Цъамады фидар сисынмæ. Мæсыгы чи бадт, уыдон хъæбатыр тох самадтой Сахы æфсады ныхмæ, фæлæ сæм нæмыг нал уыд, æмæ ма хæцыдысты  æрмæстдæр дуртæй.

Сахы æфсады хæстонтæ-иу сæ сæрыл кау сæвæрдтой, афтæмæй-иу абырстой фидармæ. Уæд-иу мæсыгы чи бадт, уыцы цъамадæгтæ уæлейæ даргъ хъайван рауагътой æфсæйнаг бырынкъимæ. Каумæ-иу æй фæбыцæу кодтой æмæ-иу уыцы кауы бын чи уыд, уыцы хæстонтæ иууылдæр былæй акалдысты.

Сахы æфсæдтæй ма чи баззад, уыдон сæ бон куы базыдтой, ницы сын ракæндзысты, уæд сæхи айстой мæсыгы цурæй æмæ Алардыйы кувæндоны фарсмæ æрбынат кодтой. Уырдыгæй Цъамады фидармæ хурсудзæнтæ ныддардтой. Мæсыгæн йæ дуарттæ æмæ чъыр судзын райдыдтой. Цъамадæгтæ ахæм диссаг æнхъæл кæцæй уыдаиккой æмæ старстысты, мæсыгы сæрæй урс тырыса сдардтой æмæ сæхи радтой Сахы æфсæдтæм.

Мæй æмæ мæйхортæ

Ирон адæммæ арвæй цыдæриддæр зынд, уыдон сын иууылдæр табуйаг уыдысты, уæлдай тынгдæр табу кодтой Хур æмæ Мæйæн. Хур у царддæттæг, фæлæ сын Мæй дæр æрмæст æхсæвы рухсæн нæ уыд, æнкъардтой ма дзы æндæр тых дæр æмæ йæ уымæ гæсгæ хъахъхъæдтой мæйхортæй, цавæрдæр залиаг калмæй. Уый, дам, æй куы аныхъуыра, уæд, дам, алы æхсæв дæр уыдзæн хуыдалынг, ома, саудалынг.

Ирон адæмон сфæлдыстады ис ахæм таурæгъ Мæйы тыххæй: иу мадæн авд фырты фæстæ райгуырд ссырджын чызг. Уыцы чызг хистæр æфсымæрæн йæ  бæхы бахордта æмæ æфсымæр йæ сæр фесæфта хæдзарæй. Цæуынтæ байдыдта æмæ иу мæсыгы баййæфта, йæ буар митау урсæрттывд кæмæн кодта, ахæм сауцæст, саудзыкку чызджы. Чызг лæппуйыл баузæлыд æмæ иумæ сæ цард баиу кодтой. Лæппу йæ мад æмæ йе фсымæрты мысын райдыдта æмæ сæм бæрæггæнæг ацыд. Сæ хъæумæ куы бахæццæ, уæд кæсы æмæ хъæуы иу адæймаг дæр нал ис – ссырджын чызг сæ иууылдæр бахордта. Хо æфсымæры куы ауыдта, уæ æй сурын райыдта. Æфсымæр мæсыгмæ куы бахæццæ, уæд æм йæ ус йæ къух æрдардта, йæ усы къухыл куыд фæхæст, афтæ йын хо та йæ къах ацахста æмæ йæ алчи дæр йæхирдæм ивазын райдыдта, ус дæр дзуры, мæн у, зæгъгæ æмæ – хо дæр. Бирæ фæбыцæу кодтой, стæй бафидыдтой: дыууæ къуыри уыдзæн усы, дыууæ къуыри та – хойы.

Уый адыл лæппу Мæй фестад æмæ уæдæй фæстæмæ цæуы арвыл. Цалынмæ хойы вæййы, уæдмæ йын йе рдæг бахæры, усмæ куы рхауы, уæд та йæм уый зилын байдауы æмæ ногæй йæ тыхы бацæуы.

Мæгуырдзинадимæ баст ирон æмбисæндтæ

*Адæмæй дзабырджын, зæххæй – бæгъæмвад

*Хæдзаргæнæг æнæхæдзар вæййы

*Куырд йæхæдæг – æнæ кард

*Мæгуыр лæгæн Куадзæны йæ гуыбын фæриссы

*Мæгуырæн йæ фæллой фæрныджы вæййынц

*Мæгуырæн иууылдæр – уынаффæгæнæг, æххуысгæнæг – ничи

*Мæгуыры дзырдæн аргъ нæй

*Мæгуырæн йæ род тагъд гал кæны

*Фæздæг кæй кæртæй нæ кæла, уый ныгæнæг дæр нæ вæййы

*Мæгуыры далыс – зын хизæн

*Мæгуыр мæгуыры дардмæ уыны

*Иу сыдæй марди, иннæ та йын йæ роны кæрдзынтæ агуырдта

*Мæгуыры зæнæг – хъæмпыл хъомыл

*Мæгуыр лæг дурæй

Ирон хъæлдзæг ныхæстæ

БÆХБÆТТÆН

Иу лæг Даргъ-Къохы уынгты расыгæй саргъыбæхыл фæцæйцыди. Æфсæнвæндаджы станцæмæ куы схæццæ, уæд йæ бах вагоныл абаста æмæ, цудтытæгæнгæ, хæрæндоны смидæг.

Цалынмæ арахъ нуæзта, уæдмæ поезд араст æмæ бæхы йæ фæдыл аласта. Лæг йæ сæр, йæ фат дæр нал æмбæрста, афтæмæй, йæ бæх агурæг фæйнæрдæм ракæс-бакæс кæны.

– Цы агурыс, хорз лæг? – фæрсы йæ иу зæронд у.

– Диссаг, мæнæ ацы ран мæ бæх иу стыр хæдзары къулдуарыл абастон æмæ сæ дыууæ дæр фæдæлдзæх сты!..

СÆНЫЧЧЫ АРГЪ

Иу лæг хæйрæджыты æхсæвмæ кусæрттаг æлхæдта æмæ фиййауы фæрсы:

– Дæ сæныкк цас кæныс?

– Авд абази æмæ дыууæ суарийы.

– Нæ, уый æгæр зынаргъ у, сом æмæ дын æрдæг фаг у.

Фиййау нæ разы кæны:

– Капекк дæр дзы нал аппардзынæн.

Æлхæнæг фæмæсты æмæ дзуры:

– Уæдæ нæ хæйрæджытæ быныскъуыд куы суой, уæддæр дын уымæй фылдæр нæ бафиддзынæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.