Нæ ивгъуыд цардыл дзургæйæ, алы хатт дæр рæгъмæ рахæссæм ахæм хъуыддæгтæ, нацийы размæцыд æмæ удварныл зыгъуыммæ чи æндæвта. Уыдонæй сæ иу уыд ирæд исын. Æмæ Ирыстоны дæр советон цардыуаг куы æрфидар, нæ рагон æгъдæуттæ æмæ традицитыл уæззау дуртæ фæлдахын куы райдыдтой, уæд Иры сæрхъызойтæ цины малы æвдылдысты, нæ цард нын чи æнад кодта, уыцы традицитæй фервæзтыстæм, зæгъгæ. О, фервæзтыстæм ирæдæй, фæлæ уый рæстæгмæ уыдис. Ома, советон дуг куы ‘рлæууыд, уымæн йæ тæккæ райдианы. Стæй… Дзурæм абоны уавæрыл. Куыд уыд раздæр æмæ куыд у абон. Ирæд нæ фесæфт, ноджы фæфыддæр. Уымæй дæр гуырдзиагвæлдæхтæй… Раджы заманы-иу лæппуйæн йæ райгуырды бонæй фæстæмæ бинонтæн сæ цард адджындæры бæсты æнадæй-æнаддæр кодта, сæ бындар куы байрæза, усгуры кармæ куы бацæуа, уæд ын ирæд куыд æмæ цæмæй самал кæндзысты, ууыл мæтæй. Уыцы традици ирон адæмы хсæндзардæй фесæфт, фæлæ та сног, цыма, иу чысыл цивилизацийы æндæвдадимæ, фæлæ æгъа-тырдæр, æдзæсгомдæрæй. Раздæр усгур лæппуйы мад æмæ фыдæн сæ мæт, сæ катай уыдис, уый бæрц галтæ, хъуццытæ, фыстæ, бæхтæ, цæдджинæгтæ, иу кæнæ цалдæр бонгæнд зæххытæ кæм самал кæной, ууыл, ныр та?.. Чызджы хъуамæ сыгъзæринты, дзæнхъадурты бын фæкæнай. Ноджы бинонты, мад, хотæ, хæрæфырттæ, хиуæттæ, æмбæлттæ… Æвæццæгæн тагъд сыхæгтæ æмæ уыдоны хиуæттæ æмæ хæстæджытæн дæр райдайдзыстæм ахæм лæвæрттæ кæнын…

Хорз, мах ирон адæм стæм, зонæм сылыстæгæн аргъ кæнын… Хорз,  чындзагæн кæй равзарой, уый зæххон дунейы хæрзты дæр стухæм, уыцы æмбарынад нæ туджы ис фыдæлтæй фæстæмæ. Фæлæ ахæм диссæгтæ аразын райдыдтой чызджы бинонтæ дæр. Не ‘рдзыскондмæ гæсгæ дæр æмæ нæ дунеæмбарынадмæ гæсгæ дæр æмбарæм: ирон лæг кæй уарза, уыцы сылгоймагæн мацы хъуамæ бахæлæг кæна, ирон мад æмæ фыдæн сæ чындз кæнæ чындзагæн сæ цæст хъуамæ алцы дæр бауарза! Афтæ уыд, афтæ у æмæ афтæ уыдзæн! О, фæлæ куыд бамбаргæ у уый та, чызджы бинонтæ дæр афтæ кæнын кæй райдыдтой… Сиахсы мадæн къухдарæн, фыдæн дæр исты зынаргъ лæвар бакæнын æмбæлы, уæдæ цы, бабутæ-дедутæн дæр – афтæ… Сиахсæн – фатер, æппыннæйы бæсты –  зынаргъ иномаркæ машинæ. Цæмæн? Фыдæлтæй фæстæмæ нæм лæппу чызгæн уыдис лæгъстиаг, ныр та –  иннæрдæм?..

Уыдис нæм афтæ? Нæ фыдæлтæй нын баззад ахæм æгъдау, ахæм традици?.. Нæ! Уæдæ мах цы ‘рсырдтам? Нæ фыдæлтæ чындзæхсæвы хуынимæ æргæвст хуы хастой?.. Нæ! Уæдæ мах, сæ фæстагæттæ, цы хуыцауыæлгъыст фестæм, чындзæхсæвы фынгыл нæ кувинаг æртæ кæрдзыны цурмæ æргæвст хуы йæ тугкалгæ цæмæн хæссæм, цæмæн æвидыц кæнæм нæ рæсугъд фынджы æгъдау?..

Амыраны сæфт

Амыранæн йе ‘мхуызон тыхджын иу лæг йедтæмæ нæ уыд æмæ иу бон загъта:

 – Цом æмæ йæм фæцæуон!

Арасти æмæ цæуын байдыдта. Бирæ куы фæцыди, уæд ыл иу ран æнæзæгъинæгтæ амбæлдысты æмæ дзы ахъазын сфæнд кодтой. Амыран сæм исдуг фехъуыста, стæй сæ куы сфæлмæцыд, уæд сæ тынг фелгъыста. Йæ фæндагыл куы араст, уæд æй уыдон фæстейæ ралгъыстой:

– Дæ тых йæ бынаты мауал уæд!

Амыранæн йæ тых йæхимæ нал уыди, йе уæнгтæ уæззау кæнын райдыдтой. Æмæ скуывта Хуыцаумæ:

– Хуыцау, ме сфæлдисæг Хуыцау! Мæ ныццыдмæ уый куыд амæла, афтæ!

Амарди лæг. Йæ хо базыдта, уый Амыран кæй æрцæуы, æмæ йе ‘фсымæр уый æлгъыстæй кæй амарди. Уæрдоныл æй сæвæрын кодта æмæ йæ йæ размæ раласта. Куы йæм æрæввахс, уæд ын йæ цонг уæрдонæй аппæрста. Кæрæдзимæ куы бахæццæ сты, уæд фæкуыдтой бирæ. Хо йын загъта:

     – Йæ цонг ма мын сис, нæ йæ фæразын.

Амыран ыл схæцыд, фæлæ йæ не сфæрæзта. Уæд ын хо загъта:

– Æмæ уæдæ куыд цыдтæ, йæ цонг ын куынæ фæразыс, уæд?

Амыран ын загъта:

– Уымæй мæ мауал фæрс, æз дæр фæдæн æнæзæгъинæгты æлгъыст.

Лæгы куы баныгæдтой, уæд Амыран быдырмæ ацыд. Уым иу лæг æртиссæдз боны хуым бакодта. Йæ астæу ныллæууыди Амыран, йæ къабæзтæ айвæзта, æрбамбырд кодта сыджыт æмæ дзы обау скодта, стæй Хуыцаумæ скуывта:

– Гъеныр, Хуыцау, цы мæ кæныс, уый мæ фæкæн!

Æмæ уым фесæфт Амыран.

Сурæг æмæ лидзæг

Иу лæг иннæйы суры. Сурæг лидзæгмæ хъæр кæны:

– Æрлæуу, кæннод дæ марын!

Лидзæг хъæр кæны сурæгмæ:

– Куынæ мæ æййафыс, уæд мæ куыд амардзынæ?

Сурæг æм уæддæр хъæр кæны:

– Æрлæуу, сар мын дæ сæр кæны!

Лидзæг æм ноджы тыхстдæрæй фæстæмæ хъæр кæны:

– Омæ мæ мауал сур æмæ æрлæууон. Дæу ничи суры æмæ ды æрлæуу!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.