Фæндагон-транспортон цаутæ нæ царды арæхæй-арæхдæр цæуынц æмæ уый та баст у нæ царды æмвæзады рæзтыл – фылдæр кæнынц автомашинæтæ, шофырты нымæц. Ӕмæ ма уыимæ иумæ уынгтæ дæр къуындæг разынынц уыйбæрц машинæтæн. Аварийы æрцыды хабар алкæмæн дæр хъыг вæййы, фæлæ ма уæлдай маст фæкæнæм, æнæххæст кары сывæллæттæ дзы куы бахауынц. Сывæллон ахæм аварийы кæд уæлæнгай цæфтæ райса, уæддæр уыцы цау йæ лæмæгъ психикæйыл бандавы æвзæрырдæм. Вæййы ма афтæ дæр, æмæ сывæллон аварийы фæстиуæгæн тынг фæтæрсы æмæ йæ стæй фæхъæуы дохтырты æххуыс.

Цалдæр боны размæ иу ахæм фæндагон цау æрцыдис Дзауы поселочы. 7-аздзыд сывæллон хъазыд æмæ æнæнхъæлæджы рагæпп кодта фæндагмæ æмæ бахауд машинæйы бын. Аварийы фæстиуæгæн сывæллон уæлæнгай цæфтимæ бахауд рынчындонмæ, фæлæ тынг фæтарст. Уый фæстæ бон та горæт Цхинвалы 15-аздзыд цæрæг бахауд машинæйы бын æмæ уæлæнгай цæфтимæ бахауд рынчындонмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй шофыртæ аххосджын нæ разындысты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ кæцыдæр сывæллæттæм нæй æмбæлон хъусдард, нæ сын амонынц сæ ныййарджытæ фæндагон фæткойтæ æмæ уый фæдыл æрцæуы фыдбылызтæ.

Аваритæ фылдæр æрцæуынц изæрыгон талынг бынæтты. Стæй ма сывæллоныл тарбын пысултæ куы уа, кæнæ къæвда куы уара, уæд бынтондæр нæ фæзынынц. Урсбын уæлæдарæс стыр ахъаз у фыдбылыз ма ‘руадзынæй. Стæй ма велосипедтыл, роликтыл куы уа æрттиваг элементтæ, уæд сæ дардмæ дæр фендзæнис шофыр æмæ йæ цыд æрныллæг кæндзæнис. Урсбын уæлæдарæсæй, кæнæ æрттиваг элементтæй кæцы бæстæты райдыдтой пайда кæнын, уым авариты нымæц фæкъаддæр æхсæз хатты.

Азы райдианæй абоны онг нæ республикæйы æрцыдис фондз фæндагон-транспортон цауы, кæцыты уæлæнгай цæфтæ райстой аст æнæххæст кары сывæллоны. Фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ æппынæдзух уадзынц рейдон мадзæлттæ, фембæлынц æнæххæст кары сывæллæттимæ æмæ сын бацамонынц фæндагон змæлды фæткойтæ. Фæлæ, æвæццæгæн, уыцы мадзæлттæ фаг не сты, уымæн æмæ ныййарджытæ сæхæдæг хъуамæ амоной сæ сывæллæттæн, сæхи куыд дарой уынджы хъазгæйæ, фæндаджы иннæ фарсмæ хизгæйæ, велосипед скъæргæйæ. Сывæллон уыцы зонындзинæдтæ куынæ райса, уæд æнцонтæй бахауы фыдбылызы æмæ ма аххосджыны бынаты сæвæры шофыры дæр. Бирæ ныййарджытæ ма сæхæдæг дæр сывæллоны цæстыты раз фехалынц фæндагон змæлды фæткойтæ æмæ ахæм ныв уынгæйæ, уыцы сывæллон дарддæр дæнцæг исдзæнис уыдонæй. Нæ хъæуы рох кæнын уый дæр, æмæ æнæххæст кары сывæллоны тыххæй бæрндзинад кæй хæссынц йæ ныййарджытæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.