Джиуæргуыба æмæ йæ нысан кæныны рæстæг

Джиуæргуыба хауы ирон адæмы рагондæр æмæ иумæйагдæр бæрæгбонтæм. Абон никæй бон у бæлвырдæй зæгъын, кæд фæзынд ацы традицон бæрæгбон – Уастырджимæ кувæн къуыри. Бындуриуæг кæны Нарты эпосы дæр. Бæлвырд у æрмæстдæр уый, æмæ ацы бæрæгбон нысан кæныны традици йæ фæзындæй фæстæмæ уадиссаг ницæмæй фæивта. Бæрæгбон нысан кодтой фæззыгон куыстытæ фæуыны фæстæ. Иугæр Джиуæргуыба Уастырджийы номыл у, уæд уыцы бон æрмæстдæр кувынц уымæ. Фæлæ æнæмæнгæй скувын хъæуы Хуыцаумæ дæр. Кæд ацы бæрæгбон нæлгоймæгты бардуаджы у, уæддæр куывд рауадзынц сылгоймæгты тыххæй дæр, фæлæ йæм æххуысмæ хатынц нæлгоймæгтæ.

Хъыгагæн, а-фæстаг рæстæджыты нæм алы аз дæр дзырддаг свæййы йæ нысан кæныны бон, уымæн æмæ нæм фæзынд тыхахуыр историктæ æмæ этнографтæ, кæцытæ нын, сæ сæрызæндтау, схæццæ кæнынц нæ бæрæгбонты дæр. Джиуæргуыба нысан кæнынц ноябры мæйы фæстаг æмбисы æнæхъæн  къуыри, йе рвитæн бон декабры мæймæ куыд нæ ахиза, афтæ. Бæрæгбоны (кæцы вæййы къуырисæры æмæ аххæсы иннæ къуырисæрмæ) размæ бон хуыцаубоны бинонтæ акæнынц кусарт, хонгæ дæр æй афтæ кæнынц – Галæргæвдæн Хуыцаубон.

«Мæрдты горæт»-ы легендæ

Уацамонгæ

Дæргъæвсы комы рагон зæппадзтæ кæм ис, уыцы бынат рагæй хонынц «Мæрдты горæт». Хæрз æрæджыйы онг дæр ма бынæттон цæрджытæ тынг дис кодтой, ардæм экскурсийы цы бирæнымæц туристтæ цыд, уыдоныл, нымадтой сæ удуæлдай адæмыл, уымæн æмæ бынæттон цæрджыты æхсæн рагæй фæстæмæ ныфидар ахæм хъуыды, цыма уырдæм йæ къах чи бавæра, уыдонæн фæцыбырдæр уыдзысты сæ царды бонтæ. Ацы зæппадзты тыххæй куыд дзурынц, афтæмæй ам 18 æнусы цы рын сыстад, уый фæстиуæгæн адæмы нымæц 20 минæй æрхауд 16 мины онг. Цæмæй бинонтæй дарддæр низ макæуылуал бахæцыдаид, уый тыххæй-иу хæдзарыдзагæй бацыдысты зæппадзы хуылфмæ æмæ-иу уырдыгæй нал рахызтысты – æнæдон, æнæ хæлцæй-иу се ппæт дæр амардысты иу рæстæджы.

Адæмыл рын цæй тыххæй сыстад, уый тыххæй баззад ахæм легендæ:

Кæддæр ацы цæрæнбынатмæ кæцæйдæр æрхауд иу æнахуыр рæсугъд чызг. Комбæсты нæлгоймæгтæн се ппæтæн дæр фесæфта се нцойад, алкæмæй дæр сæ ферох йæхи сылгоймаг, се хсæн бацайдагъ карз тох уазæг сылгоймаджы зæрдæ ссарыны сæраппонд. Нæлгоймæгтæ цагъды кодтой лæгæвзарæн тохты. Уæд чызгы бакодтой ныхасмæ, цæмæй йыл стæрхон кæной, фæлæ ныхасы бадæг зæронд лæгтæ дæр куы федтой чызджы, уæд уыдонæн дæр сæ цæстыты арт ссыгъд æмæ сæ дзурын ничиуал сфæрæзта…

Комбæсты сылгоймæгтæн сæ бон нал уыд ахæм уавæр быхсын, сфæнд кодтой чызгыл хингæнæджы ном сæвæрын æмæ йæ комбæстæй фæсурын. Фæлæ ма нæлгоймæгтæй удæгас чи баззад, уыдон не сразы сты, чызг искæдæм ацæуа æмæ уым æндæр нæлгомæгты бауа, ууыл æмæ сфæнд кодтой йæ амарын. Чызджы мæлæты фæстæ комбæсты сыстад, адæм кæмæй цагъды кодтой, ахæм рын æмæ уый фæстиуæгæн фæзындысты ацы зæппадзтæ.

Кæд нæм фæзынд доны куырой

Нарты кадджытæм гæсгæ Донбеттыр у доны, денджызты, фурдты бардуаг. Нуазыны (дзыхыдоны), ома суадæтты бардуаг та у Гæтæг. Иу заманы Донбеттыры чызг рæсугъд Дзерассæ суадонмæ дон хæссынмæ куыд рацæйцыд, афтæ йæм Гæтæг сылваз худт бакодта, йæ цæст æм фæныкъуылдта æмæ йæм афтæ бадзуры: «Уæ, мæ хуры хай, урсцъар рæсугъд Дзерассæ, бауарз мæ, кæннод дын дон нæ ратдзынæн».

Дзерассæ Гæтæгæй фæтарст æмæ фæстæмæ æнæдонæй аздæхт. Фæлæ дыккаг хатт куы рацыд дон хæссынмæ, уæд æй уæддæр фæрæдийын кодта Гæтæг æмæ йын райгуырд лæппу, Сырдон. Нартæ йæ хонгæ дæр афтæ кодтой – Гæтæджы фырт Сырдон.

Сырдон æрымысыд æмæ Нартæн балæвар кодта доны куырой.

Ирон арфæтæ

*Дуне сабыр, адæмы фæрныгадæн уæд

*Хорзæй кæмæн цы йæ зæрды ис, уый йæ къухы бафтæд

*Кувæджы куывдтыты хуыздæртæ-иу хæрзтыл æрцæуæд

*Де знаг дæр дын лæггадгæнæг уæд

*Хуыцауы зæрдыл хорзæй фæлæу

*Дæ хъаруйæ, дæ амонд фылдæр уæд 

*Адæмæн уарзонæй батон дæ царды бонтæ

*Адæмæн амондхæссæг фæу

*Мæгуырæй дæр дæ адæмы хорзæх уæд

*Бæркадцухæй дæр амондцух макуы у

*Дæ къахы фыдæбон æмæ дæ уæнгты хъаруйæ зæрдæрухс у

*Царды хæрзтæ дæм рудзынгæй дæр æрбакæлæд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.