Хуыбылты Ирэнæ рамбылдта æвзист майдан

Хорватаг горæт Поречейы ацы бонты дзюдойæ цæуынц Европæйы 1-аг бынат бацахсыныл ерыстæ фæсивæды (23 азы онг) ‘хсæн.

Чызджыты ‘хсæн ерысты Уæрæсейы иугонд командæйы 48 кг онг уæзы архайдта тренер Кæсойты Станиславы хъомылгæнинаг, 19-аздзыд суинаг дзюдоисткæ Хуыбылты Ирэнæ.

Нæ сæрæн чызг амæйразмæ æнтыстджынæй архайдта æрыгæтты (17 азы онг) æмæ фæсивæды (20 азы онг) бæрнон ерысты. 2018 азы Ирэнæ æрыгæтты ‘хсæн сси Уæрæсейы, Европæйы æмæ Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау.

Хорватийы 48 кг онг уæзы хæцгæйæ, Ирэнæ кæд йæ ныхмæлæуджытæй 2-3 азы кæстæр уыди, уæддæр равдыста хорз цæттæдзинад. Йæ фыццаг ныхмæлæууæг уыди бельгиаг чызг Пети. Уый фæсивæды дунеон чемпионаты бацахста 3-аг бынат æмæ ныр, кæй зæгъын æй хъæуы, татамимæ рацыд Европæйы чемпион суæвыны хъуыдыимæ. Бельгиаг чызджы фæндтæ минутмæ æрбайхæлдта Ирэнæ. Уый, куыддæр тæрхонгæнæг бар радта тох райдайынмæ, афтæ йæ ныхмæлæууæджы ацахста æмæ йæ йе уæнтыл æрæппæрста. Тæр-хонгæнæг тох баурæдта æмæ бацамыдта «иппон»- мæ сыгъдæгæй уæлахиз Хуыбылты Ирэнæйы пайдайæн.

Тынг цымыдисаг рауад Ирэнæ æмæ францаг чызг Понтейы фембæлд ерысты 1/4 хайы. Дыууæ ныхмæлæууæджы дæр арæзтой цырд ныббырстытæ иу иннæйы фæстæ, фæлæ уæддæр Ирэнæйы архайд рауад æрхъуыдыджындæр æмæ тæрхонгæнæг æнæдызæрдыгæй уæлахиз радта Хуыбылонæн.

Ерысты æрдæг финалы Ирэнæ фембæлд испайнаг чызг Лапуэрту Комасимæ. Ацы тох дæр рауад тынг цымыдисон. Испайнаг чызг уый размæ фæуæлахиз дыууæ ныхмæлæууæгыл æмæ равдыста хорз арæхстдзинад. Ирэнæимæ дæр ахъа-выд йæ хуыздæр гæнæнтæ равдисынмæ, фæлæ уый тынг къæрцхъус фæлæууыди æмæ йæхæдæг йæ ныхмæлæууæджы рæсугъд фехста, æмæ тæрхонгæнæг банымадта «иппон» Хуыбылты Ирэнæйы пайдайæн.

Кæронбæттæны Ирэнæ фембæлд йæхицæй 3 азы хистæр æмæ фæлтæрдджындæр францаг дзюдоистктæ Вьюимæ. Ирэнæ тырныдта ацы тох дæр рæсугъдæй рамбулынмæ æмæ фæндæгтæ агуырдта йæ ныхмæлæууæджы аппарынмæ. Вью тынг къæрцхъус фæлæууыди æмæ йæхæдæг дыууæ хатты спайда кодта Ирэнæйы рæдыдтытæй æмæ йын бантыст фæуæлахиз уæвын.

Ирэнæ бацахста 2-аг бынат, фæлæ йæ архайд фæцыди ерыстæм кæсджыты зæрдæмæ. Æнæмæнг, Хуыбылон у суинаг дзюдоисткæ, æмæ йæ фидæны стырдæр уæлахизтæн æвдисæн кæй уыдзыстæм, уый у уырнинаг хъуыддаг.

Тыбылты Георги фæуæлахиз дунеон турниры

Мæскуыйы уæгъдибар æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй цы дунеон Гран-при турнир цыди, уым фесгуыхт ирон богал Тыбылты Георги.

Ерысты архайдта 60 кг онг уæзы æмæ равдыста хорз цæттæдзинад. Георги йæ фыццаг ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз уæвгæйæ, кæронбæттæны фембæлд Мæскуыйы минæвар Анвар Аллахьяровимæ. Георги æмæ Анварæн ахæм фембæлд фыццаг хатт нæ уыд. Амæйразмæ ма Аллахьяров æмæ Тыбылы-фырт кæронбæт-тæны тох кодтой фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты.

Уыцы фембæлды фæуæлахиз Анвар Аллахьяров æмæ сси Уæрæсейы чемпион фæсивæды ‘хсæн, Георги та бацахста 2-аг бынат.

Мæскуыйы дунеон турниры сæ фембæлд рауад цымыдисон. Дыууæ богалы дæр хорз зыдтой кæрæдзийы гæнæнтæ æмæ тынг къæрцхъус уыдысты сæ алы фезмæлдмæ дæр. Ахæм уавæры фæуæлахиз уæвын бантысы, тактикон æгъдауæй цæттæдæр æмæ фæразондæр чи разыны, уымæн. Суанг фембæлды кæронмæ дæр зын зæгъæн уыди уæлахиздзауы ном, фæлæ æппынфæстаг размæ рацыд Тыбылы фырт. Георгийæн бантыст йæ ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз уæвын æмæ сси дунеон Гран-при турниры уæлахиздзау.

Тыбылты Георги, æнæмæнг, у суинаг богал. Уый йæ тренер Цæмæхъуаты Нартимæ йæ размæ æвæры стыр нысантæ æмæ йын йæ иузæрдион фарсхæцджыты зæрдæ зæгъы уыцы нысантæм фидар къахдзæфтæй цæуын æмæ йæ уарзон богæлттæ, Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ Бæройты Хасан æмæ Хуыгаты Аланы бафæзмын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.