Нæхи Доныскъæфæн æви чырыстон донаргъуыд (крещение)

Ахæм фарст рæгъмæ рахæссын та бирæтæм раст нæ фæкæсдзæн, фæлæ æмбæхсинаг дæр нæу, кæддæр нæ фыдæлтæ Доныскъæфæны традицион æгъдау цы рæсугъд уагыл арæзтой, уымæн абон йæ бынат кæй бацахста æндæр хуызы бæрæгбон… Ногбонæй æхсæз боны фæстæдæр ирон адæм бæрæг кодтой Доныскъæфæн. Ногбоны-иу скодтой бирæ алыхуызон басылтæ æмæ-иу сæ Доныскъæфæн бонмæ нывæрдтой. Райсом раджы-иу ног чындз, кæд хæдзары ног чындз нæ уыд, уæд чызджытæй  кæнæ сылгоймæгтæй исчи басылтæ райстаид æмæ донмæ ацыдаид. Уыцы райсом суадонмæ чи раздæр бахæццæ уыдаид, дон чи раздæр æрбахастаид, уымæн стыр нысаниуæг лæвæрдтой нæ фыдæлтæ. Адæммæ афтæ каст: Доныскъæфæнты дон раздæр чи æрбахæсса, уыцы бинонтæ амондджындæр уыдзысты, уыдоны Хуыцауы хорзæх тынгдæр уыдзæн.  Ныры дуджы ма ацы диссаджы рæсугъд бæрæгбон кæд исчи нысан кæны, уæддæр та… искæй фæзмгæйæ: бахизынц ихджын цæугæдоны. Уый та фылдæрбæрцæй хауы чырыстон дины æгъдаумæ. Фæлæ ирон адæм цалынмæ чырыстон дин райстой, уæдмæ дæр нысан кодтой Доныскъæфæнты бæрæгбон.

Дондзау-иу скуывта, Хуыцау æмæ зæдтыл-иу бинонты бафæдзæхста. Йемæ-иу цы басылтæ рахаста, уыдон сæртæ-иу донмæ аппæрста: ома, кæмдæр цæрынц доны чызджытæ æмæ сын барст æмæ хæлар фæуæнт, афæдзы дæргъы сын сæ бинонтæн æххуыс кæнæнт, сæ царды хъуаг куыд ницæмæй æййафой.

Дондзау донмæ цæугæйæ æмæ фæстæмæ здæхгæйæ дæр хъуамæ мацы дзырдтаид. Йæ ногхаст донæй-иу хæдзары къултæ æмæ къуымтæ бапырх кодтаид. Уыцы донæй-иу хъуамæ скодтаиккой кувинæгтæ, сæхи дæр-иу ныхсадтой уыцы донæй. Уыцы ногхаст донæй ма-иу цы баззад, уый-иу ныккодтой сæрмагонд мигæнæны, фæстæдæр ма-иу æм ноджы бафтыдтой, цæмæй дзы æнæхъæн афæдзы дæргъы хардз кодтаиккой. Доныскъæфæнты ногхаст доны-иу стуры нард фыды кæрдих дæр ныппæрстой, цæмæй бинонтæ афæдзы дæргъы сой цард кæной.

Доныскъæфæнты цы дон хастой, уый уыд æппæты сыгъдæгдæр кувинагыл нымад. Уый нымад цыд удтæ сыгъдæггæнæг доныл. Æмæ алы бинонтæ дæр архайдтой æрмæст ууыл нæ, цæмæй уыцы æвæджиауы донæй сæ хæдзарыл тагъддæр сæмбæла, фæлæ ууыл дæр, цæмæй сын фылдæр фæлæууа.

Æрвадиуæггæнæг ирон мыггæгтæ хицæн таурæгътæм гæсгæ

*Сабантæ – Елойтæ – Гуылортæ

*Слантæ – Хуыгатæ – Быцентæ

*Сотатæ – Гоцотæ – Хъодалатæ – Чертхъотæ

*Суантæ – Дауыратæ – Мысыкатæ – Цæллагтæ – Зæгъойтæ – Пæррæстатæ

*Тадтатæ – Болататæ

*Тасойтæ – Бетрозтæ

*Танделатæ – Маккотæ

*Тасойтæ – Богъитæ

*Табутæ – Мариамидзе

*Теблойтæ – Зассетæ

*Тегкатæ – Хъайтмазтæ – Сихъотæ – Куыдзæгтæ – Магкæтæ – Мецъитæ – Кобылтæ

*Тедетæ – Лалытæ – Биазыртæ – Реуазтæ – Тадетæ – Хъайтыхътæ

*Тегатæ – Фидаратæ

Ирон нæлгоймаджы сомытæ

Аргъуаны дзордтыстæн

Ацы æвзистыстæн

Ацы хойраджыстæн

Æмгары ардыстæн

Дзыллæйы фарныстæн

Тæтæртуппыстæн

Зæххыардыстæн

Тыбауы Уациллайыстæн

Уастырджийыстæн

Уæд хæрæг мæ мæрдтæ

Хуыцауы ардыстæн

Хетæджы ардыстæн

Чырыстийы ардыстæн

Сымахыстæн

Сывæллонимæ  баст æмбисæндтæ

Сывæллон – удлæууæн.

Сывæллон – цæсты рухс.

Æнæ сывæллон хæдзар – æдзæрæг.

Сывæллон кæм и, цард дæр уым и.

Хæдзары æгъдау уынгмæ сывæллон æмæ куыдз хæссынц.

Зонд сывæллон æмæ зæронды сæрыл нæу.

Сывæллонмæ чи нæ хъусы, уый йæхимæ нæ хъусы.

Сывæллоны чи сайы, уый йæхи сайы.

Сывæллонмæ цы баулæфай, уый дæм æр-баулæфдзæни.

Зæронд йæ сывæллоны зондмæ æрцæуы.

Сывæллон зæрдæ зоны.

Сабыр сывæллон сæдæ мады бададта, фыдуагæн йæхи мады бадæйын дæр нæ бантысти.

Сывæллон хонæг дæр хæдзарæй рацæуы, сывæллон адгур дæр.

Фысым æмæ уазæг

Иу лæг кæмдæр уазæгуаты уыди. Æгæр зыд хæрд кодта æмæ иу афон ферхæцыд. Фысым æй афарста:

– Уæдæ ма цал æфсымæры стут, зæгъыс?..

Уазæг ын, йæ комдзаг тыхныхъуырд кæнгæйæ, тыхамæлттæй дзуры:

– Кæд ма æз фервæзон. Уæд æртæ бæргæ стæм…

«Æфстаугур»

Иу лæг Уастырджийы кувæндоны мысайнаг æхцатæм фæцагъуыди æмæ сæ давта. Кувæндонмæ-иу куыддæр схæццæ, афтæ-иу худаистæй дзурын райдыдта:

– Уастырджи, дæ хорзæхæй ныххатыр мын кæн! Æфстаугур та дæм ссыдтæн. Тынг æхцахъуаг та дæн. Бауырнæд дæ, ныр æнæхъæн къуыри тамакойы хъæстæ нæ фæдæн, хæдзар дæр алырдыгæй æдзæллагмæ æрцыд… Куыддæр мæм искуы исты æрыфта, афтæ дын сæ бафиддзынæн. Ды сæ уæддæр куы ницы аразыс…

Сауджыны сахат

Сауджын аргъуыды рæстæджы иу лæгыл йæ пæлæз æрæмбæрзта æмæ йæ фæрсы йæ тæригъæдтæй.

Лæг пæлæзы бын сауджыны дзыппы сахатмæ фæкомкоммæ æмæ йæ фелвæста. Сауджын æй фæрсы:

– Цы тæригъæдтæ ракодтай?

Лæг æм пæлæзы бынæй дзуры:

– Цы дын зæгъон, иу сауджынæн йæ сахат адавтон, æндæр ницы тæригъæд дарын мæ зæрдыл.

Уæд сауджын бакуывта:

-Уæдæ дын æй Хуыцау ныххатыр кæнæд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.