ПЕНСИОН ФОНДЫ ЛÆГГÆДТÆ – ЭЛЕКТРОНОН ХУЫЗЫ

Фæстаг рæстæджы эпидемиологон уавæр ногæй кæй фæкарздæр, уый хынцгæйæ, стæй коронавирусы пандеми цæмæй ноджы тынг-дæр ма парахат кæна, уый тыххæй УФ-йы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайад республикæйы цæрджытæм фæсидт, цæмæй фонды лæггæдтæй арæхдæр пайда кæной электронон хуызы.

Цæгат Ирыстоны

Фонды пресс-службæйы минæвары ныхас-мæ гæсгæ, пенсион лæггæдты фылдæр хайæ ныртæккæ спайда кæнæн ис электронон хуызы. Уыимæ, дыууæ фæрæзы фæрцы – паддзахадон лæггæдты сайты æмæ УФ-йы Пенсион фонды официалон сайты «хи каби-нет» байгом кæнгæйæ.

Ахæм электронон лæггæдтæй пайда кæнгæ-йæ, адæймаджы къаддæр цæуын бахъæудзæн дзыллон æхсæнадон бынæттæм, хуыздæр хъахъхъæд уыдзæн низæфтауæджы азарæй.

Вæййы ахæм уавæр дæр, æмæ адæймаджы æнæмæнгæй бахъæуы Пенсион фонды дæлхайадмæ бацæуын. Уæд та рагагъоммæ хъæуы хи ныффыссын фонды специалисттæм, цæмæй, бынатмæ бацæугæйæ, рады æнхъæл-мæ кæсын ма бахъæуа. Уыцы фадатæй дæр спайда кæнæн ис Пенсион фонды официалон сайты фæрцы.

ÆППÆТ ГÆХХÆТТЫТÆ ДÆР АРÆЗТ ХЪУАМÆ ЦÆУОЙ ЗАКЪОНМÆ ГÆСГÆ

Пенсион фонд республикæйы цæрджыты зæрдыл лæууын кæны, хицæн адæймæгты мæнгфыст бæрæггæнæнтæ æмæ гæххæттыты конд нымад кæй цæуы закъонмæ гæсгæ бархæлдыл æмæ сæ аразджытæ æфхæрд кæй цæудзысты административон æмæ уголовон æгъдауæй.

Уыимæ ма ахæм адæймæгты бафидын хъæудзæн стыр аргъ сæ ракæнд знаггады ныхмæ. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны аразынц æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй пенси снысан кæнынæн хъæугæ гæххæттытæ уой закъоныл конд. Фыццаджыдæр, специалисттæ сбæрæг кæнынц, документтæ мæнг сты æви нæ, уый. Зæгъæм, куыстдæттæг Пенсион фондмæ кусæджы тыххæй раст хъусынгæнинæгтæ куы нæ барвита, æмæ пенси раст нысангонд куы нæ æрцæуа, уæд Пенсион фондæн цы зиан æрхæсса, уый баххæст кæндзæн фæдзæхс-тадон компани.

Бафтауын ма хъæуы уый, æмæ гæххæт-тытимæ цæстфæлдахæн митæ кæй рабæрæг вæййынц, уымæ гæсгæ Пенсион фонд куры, цæмæй æппæт гæххæттытæ дæр арæзт цæуой закъонмæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.