Туджджынты цырт

Хъазиты Гаппо уыдис Турчы хæсты хайадисæг. Иу заманы йæм персаг шах бахатыд, цæмæй йæ фервæзын кодтаид, йæ бæстæ уынгæджы кæмæй уыд, йе ‘фсады бон дæр кæуыл нæ цыд, иу ахæм абырæгæй. Гаппо дзы ракуырдта стыр голлаг æмæ йæм иу къуырийы фæстæ абырæджы голладжы ныххаста. Шах  Гаппойæн загъта, зæгъгæ, кæд мæнмæ баззайай, уæд мæ бæстæйы уыдзынæ дыккаг лæг, кæд нæ баззайай, уæд та дын демæ арвитдзынæн мæ бæстæйы фæллойы æмбис. Гаппо йын не сразы æмæ йемæ рахаста, æрмæстдæр æм йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй чи æмбæлд, уыцы лæвæртты.

Æнæхъæн Ирыстоны хъуыстгонд уыд йæ хъæбатырдзинадæй. Иу чындзæхсæвы Гаппомæ хистæртæ бахатыдысты, цæмæй сын йæ бæхыл иу кафт акодтаид. Гаппо сразы. Фæлæ йæ бæх æгæр сызнæт æмæ иу лæджы къахыл фæлæууыд. Лæг амæсты æмæ барæджы фелгъыста. Гаппо бæхæй æргæпп кодта, иу къухæй лæджы хæрдмæ фелвæста æмæ йын загъта, зæгъгæ, маринаг мын дæ, фæлæ мæ нæ фæнды искæй цинад фенад кæнын. Уый фæстæ дзы райста йæ маст, амардта йæ. Кæй амардта, уый мыггаг райдыдтой Гаппойы фæдыл зилын, цæмæй дзы сæ туг райстаиккой.

Иу рæстæджы Гаппо фæндагыл фæцæйцыд. Йе ‘рвадæлтæ хор рацæйластой Мæздæгæй æмæ йыл Фиагдоны комрæбын фембæлдысты. Æрурæдтой Гаппойы æмæ йæм ныххатыдысты, цæмæй фæстæмæ аздæхтаид, дæ тугисджытæ дæ разы бадынц æмæ сæм куыддæр бахæццæ уай, афтæ дæ  хъуамæ æмæхст фæкæной, зæгъгæ. Гаппо не сразы сæ фæндоныл:

– Уый та куыд? Фæстæмæ тæппудау аздæхон, цæмæй мын мæ къух мачиуал иса?..

– Дæ хорзæхæй, дæ хъæбатыр уд æнæхъуаджы ма рауæлдай кæн, тæригъæд дæ фесафынæн, уымæн æмæ дæуæн дæ бон бирæ кады хъуыддæгтæ саразын бауыдзæн Ирыстонæн.

Гаппойы нæ бафæндыд йæ мыггаджы хистæрты фæхъыг кæнын æмæ сразы:

– Хорз. Æрмæст уый тыххæй, цæмæй ирон туг мауал ныккæла.

Фæлæ уæддæр фæстæмæ аздæхын нæ бахаста йæ сæрмæ, йæ бæх иуварс фæзылдта æмæ ивылд цæугæдоны алæгæрста арф комы. Йæ кад, йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæм хæлæггæнджытæ дæр куыднæ хъуамæ уыдаид. Комæй фæндагмæ куы схызт йæ дон тæдзгæ, уæд ыл амбæлд хорласджыты æндæр къорд æмæ дзы чидæр Гаппойæн фидисы хуызы афтæ зæгъы:

– Ау, æнæбасæтгæ Гаппойы афтæ тынг чи фæтæрсын кодтаид, цæмæй бæхæй донмæ ныххауа?..

Гаппо сæм дзуры:

– Гаппойы абоны онг ничи ма фæтæрсын кодта. Мæнæн мæ бон уыд мæ разыбадджыты хæрзæнцонæй скуы-нæг кæнын, фæлæ бафæлладтæн тугæй, нал мæ фæнды искæй цард скъуынын.

Гаппо уыцы ныхæстæ ахæм фæндвидарæй загъта æмæ хорласджытæ сæ сæртæ уырдыгмæ æруагътой. Хъæумæ куы ныхæццæ сты, уæд æрдомдтой комбæсты ныхас æрæмбырд кæнын. Ныхасы адæм æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, Гаппойы хуызæн лæгæн йæ фæдыл зилын нæ хъæуы, фæлæ дзы сæрыстыр уæвын æмбæлы. Æмæ рахастой уынаффæ, цæмæй сæ къух сисой тугисыныл.

Уæдæй фæстæмæ Куырттаты комы тугмæ туг агурын æнæмæнг æххæсткæнинаг æгъдауыл нымад нал уыд. Уый тыххæй Фиагдоны тæккæ комы дзыхы æвæрд æрцыд цыртдзæвæн – цирхъ дуры сагъдæй, хонынц æй туджджынты цырт.

 Нæртон хуымбар

Хуымбар уыд тынг тыхджын, фæлæ фыруæздан æмæ фырхæдæфсарм нæртон лæппу. Иу бон Нарты хъал фæсивæд сфæнд кодтой æгæнон симды бацæуын, кæд нæм рæсугъд æмæ æнæввæрсон Тизмудæ йæ бадæн мæсыгæй æрхизид, зæгъгæ. Фæлæ сæм сæрбæрзонд чызг йæ мæсыгы рудзынгæй ракæсын дæр нæ бахаста йæ сæрмæ. Уæд нæртон фæсивæд арвыстой гутондар Хуымбармæ, цæмæй саккаг кæна сæ симдмæ. Хуымбар уыцы рæстæджы хуым кодта сæдæ гутонæй. Ныууагъта йæ хуым кæнын, æмæ йæ дыууæ уæхскыл сæдæ æфсæны æмæ сæдæ дзыргъаимæ, æрбацыд Нарты симдмæ. Кафты куы бацыд æмæ сæдæ æфсæны сæдæ дзыргъаимæ куы базмæлыдысты, уæд сæдæ æвзагæй суасыдысты. Уæд Тизмудæ йæхи нал басаста æмæ йæ мæсыгæй æрхызт  Нарты фæсивæды симдмæ.

Чи уыдысты Чынтæ

Нарты кадджыты ма цы æндæр адæмты хаттытыл æмбæлæм, уыдонмæ хауынц Чынтæ дæр. Цардысты Нартæм æввахс. Кæрæдзимæ сын ахæм æнгом æмæ хæлар ахаст уыд æмæ-иу, æгæрыстæмæй, ныхасы дæр рабадтысты иумæ. Ахæм ныхас дæр баззад исты стыр диссаджы хабар адæмæн бауырнын кæныны тыххæй: «Ахæм диссаг Нартæ æмæ Чынтæм дæр нæма æрцыд».

Чынтæ сты ныры китайæгтæ. Нырма дæр сæ афтæ хонынц бирæ æндæр адæмтæ.

Иу усгуры цырыхъхъытæ

Иу мæгуыр лæппу кæимæдæр усгур ацыд. Йе ‘мбалыл цырыхъхъытæ уыд, йæхиуыл та – æмпъызт къоходзитæ. Чызджы хæдзармæ куы баввахс сты, уæд фæивтой сæ къахыдарæс, афтæмæй бацыдысты фысымтæм.

Уазджыты сбадын кодтой къонайы арты фарсмæ. Ныхас сын бацайдагъ фысымимæ. Лæг усгуры къæхтæм фемдзаст æмæ йæм ныллæг хъæлæсæй дзуры, дæ цырыхъ судзы æмæ дæ къах артæй æддæдæр айс, зæгъгæ. Усгур, цыма, хъусгæ дæр ницы фæкодта, афтæ бады йæхицæн. Фысым та йæм ногæй бадзырдта, лæппу, дæ цырыхъ судзы, зæгъгæ. Усгур та фысымы ныхас куы ницæмæ æрдардта, уæд ыл йе ‘мбал фæхъæр кодта:

– Дæ къах артæй æддæдæр айс, мæ цырыхъ мын судзыс!

Уæд лæппу фестад æмæ артæй æддæдæр абадт…

Рагон æлхыскъ ныхæстæ

Æфсин чындзæн:

*Дæдæй! Уæцъæфыл – къæхтæ!

*Дæ иу цæст чысылдæр у!

*Цы мæгуыр у, ды цы хæдзармæ æрхаудтæ!

*Бакæс æм – хæлыны хæлддзаджы хуызæн.

Чындз æфсинæн:

*Бакæсут ма йæм – куыройы мысты хуызæн!

*Дæ хъæлдзæг бонтæ фесты!

*Дæ æфсæрты кондæй дæр бæрæг дæ!

*Цы мæгуыр у, дæумæ чи æрхауди!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.