Бынатыхицау

Ирон фынг хорз хъуыддаджы фæдыл æвæрд куы уа, уæд кувæг æртыккаг куывд ракæны Бынатыхицауæн, ома, хæдзары Бынаты бардуаджы тыххæй, цæмæй бинонтæ амондджын уой, фыдбылызтæй сæ хызт уадза.

Фæлæ рагон дины уырнынадмæ гæсгæ, алы бынатæн дæр ис, кæй бар ыл цæуы, ахæм хицау, бардуаг. Уый тыххæй баззад дыууæ æнгæс æмбисонды хабары:

Иу лæгыл балцы цæугæйæ, æризæр. Иу ран бæласы цур æрхызт бæхæй, бæхæн йæ саргъ систа æмæ йæ базы бæсты йæ сæры бын бакодта. Райсом куы райхъал, уæд кæсы æмæ йæ бæх уым нал ис. Бæлццон йæ цæнгтæ хæрдмæ сдаргæйæ, хъаст кæны Хуыцаумæ, ома, ай цы хабар у, Хуыцау, мæ бæх мын чи адавта?!.

«Хуыцауæй мацы дом, дæхæдæг дæ аххосджын, дæхи бынаты хицауæн нæ бафæдзæхстай», – бæласы сæрæй йæм æрыхъуыст кæйдæр хъæлæс.

Æндæр æмбисонды хабары та, иу тыгъд быдыры бæлццон бæласы бын куы æрæхсæвиуат кодта, уæд йæ худ сисгæйæ, скуывта:

«Уæ, а-бынаты бардуаг, дæ фæдзæхст, де уазæг мæ бакæн!».

Бæлццон куыд фæцæйфынæй кодта, афтæ йæ хъустыл ауад сусæг ныхас. Лæг фæтарст æмæ лæмбынæг ныхъуыста. Чысыл фалдæр, иу ран цы бæлæстæ уыд, уыдон дзурынц, бæлццон кæй бын æрæхсæвиуат кодта, уыцы бæласмæ:

«Рацу нæ цурмæ, уым иунæгæй цы лæууыс?».

«Нæй мын ацæуæн, уазæг мæм ис, йæхи мыл бафæдзæхста æмæ йæ куыд ныууадзон иунæгæй», – дзуапп сын радта бæлас.

Аларды. «Дзуар-низ» – низы бардуаг

Алардыйы ном зындгонд кæмæн у, уыдонæн æй сæ фылдæр хай нымайынц æппæт низты бардуагыл, афтæмæй та рагон уырнынад æмæ таурæгътæм гæсгæ у æрмæстдæр иу низ – фадынæгы бардуаг. Ныры дуджы фадынæгмæ адæм кæсынц хуымæтæджы уазал бацыдæй рарынчыны хуызæн. Фæлæ рагзаманты ацы низæй сывæллæттæ арæх цагъды кодтой. Фадынæг-иу кæуыл бахæцыд, уымæн фервæзыны æнхъæл ничиуал уыд. Ацы низæй адæм афтæ тарстысты, æмæ йæ низ нал хуыдтой, фæлæ «дзуар». Сæвæрдтой йæ дзуары бынаты. Йæ бардуагыл та йын нымадтой Алардыйы. Куывтой йæм æрмæстдæр иу хæрзиуæджы тыххæй, цæмæй сын сæ цотмæ фадынæг ма бауадза. Хуыдтой йæ рухс бардуаг. Кувгæ дæр æм кодтой афтæ:

«Уæ, рухс, сыгъзæрин Аларды, табу дын уæд! Зæхмæ куы ‘рхизыс, уæд-иу нæ хъазгæ, зæрдæрухсæй ныууадз, маст нын макуы ныууадз! Де ‘ргом нæм макуы равдис æмæ дын дæ чъылдыммæ сыгъзæрин тæбæгъты кувдзыстæм!».

Фадынæгæй-иу цы сывæллон амард, ууыл Алардыйы тасæй кæуын нæ уæндыдысты – цæмæй ма фæхъыза æмæ æндæр сывæллоны уд ма ахæсса. Баныгæдтой-иу æй Алардыйы зарæг кæнгæйæ:

Табу дæуæн, рухс Аларды!

Хуссары мæнæуæй дын – чъирийаг.

Уæй, табу дын уа – дæ бæгæныйаг

Табу дын уа, рухс Аларды!

Фæлвæрайы фосæй дын урс уæрыкк нывондаг!

Табу дын кæнæм, сыгъзæринбазырджын рухс Аларды!

Фæрвы хуымæллæгæй – дæ бæгæныйаг,

Мысыраг æвзист – дæ мысайнаг.

(Байаты Гаппо) ДЗÆБИДЫР ÆМÆ САГ

Бæрзонд сау айнæджы цъуппыл зæронд дзæбидыр лæууыди. Ныллæг кæмдæр йæ быны сау хъæды хызти уæздан саг. Саг дзæбидыры ауыдта æмæ йæм бæрзондмæ сдзырдта. Дзæбидыр – гæпп-гæпп æмæ саджы цур фестади.

– Дæ бон хорз уа, хъæлдзæг саг!

– Хорз цæр, мæ хæххон æрвад!

– Хæрзаг,  дзæбидыр,  хæлæг кæныс  мæ цардмæ! – загъта саг. – Акæс-ма, æз дæуау, их не сдæрын, æз нуазын рæсугъд суадæттæй. Дæуау хъæбæр къæдзæхыл нæ хуыссын – мæ быны фæлмæн сыфтæртæ… Ды хæрыс фыдад хæххон фæсал, аз та – адджын сойджын кæрдæг æмæ бæлæсты сыфтæр. Æз хъазын райдзаст цъæхнæу быдырты, ды та уазал цъитийыл æмæ æдзæрæг къæдзæхтыл иунæгæй дæ мæгуыр бонтæ æрвитыс. Цæй цард у дæ цард, дзæбидыр?!

Дзуринаг ма уыди саг, фæлæ кæцæйдæр топпы гæрæхтæ æмæ куыйты рæйын æрбайхъуысти. Сæрджын саг йæ сыкъатæ йæ чъылдымыл авæрдта æмæ тæрсгæ-ризгæ атыффыт ласта хъæды астæумæ. Йæ мæгуыр хæххон æрвадæн «хæрзбон» дæр нал загъта.

Зæронд дзæбидыр та йæ мæгуыр къæдзæхты сæрмæ ссыди æмæ йæхинымæр загъта: «Тæрсгæ-ризгæ бонджынæй æд мæт фæцæрыны бæсты мæнмæ мæ мæгуыр хæххон цард сæрибарæй хуыздæр кæсы».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.