Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фæндзæм номыр. Куыд иннæ номыртæ, афтæ ацы номыр дæр хъæздыг у алыгъуызон цымыдисон æмæ хъæуæг æрмæджытæй. Сæххæст 80 азы фыссæг, публицист, Уæрæсейы Журналистты цæдисы уæнг, Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, Колыты Аксойы æмæ Æмбалты Цоцкойы номыл премиты лауреат, Цæгат Ирыстоны журналистты премийы лауреат, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Цгъойты Хазбийы райгуырдыл. Уый фæдыл журнал йæ кæсджыты зонгæ кæны йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ цыбыртæй, ис дзы йæ къам дæр. Рубрикæ «Журналы уазæг»-ы редакцийы фарстатæн дзуапп кæны «Ногдзау»-ы конкурсы уæлахиздзау Елойты Дианæ. «Бæрæгбæттæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын та «Ногдзау» йæ кæсджыты зонгæ кæны фæззæджы бæрæгбон «Ичъына»-имæ, ирон фынджы æгъдау «Фынгисæггаг» та мыхуыр æрцыд «Æгъдæуттæ»-йы рубрикæйы бын.

Журналы редакци йæ хъусдард лæмбынæг здахы, сфæлдыстадон куыстмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, уыцы æвзонг автортæм æмæ сын алы номыры дæр йæ фæрстыл мыхуыр кæны сæ уацмыстæ. Фæндзæм номыры дæр рубрикæ «Æмдзæвгæтæ»-йы бын кæсджытæ бакæсдзысты  Дзæуджыхъæуы иумæйаг астæуккаг ахуыры скъолайы ахуыргæнинаг Къæбысты Аннæ æмæ горæт Æрыдоны 3-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Гæбæраты Миланæйы æмдзæвгæтæ «Нана», «Тæргайгæнаг цъиу» æмæ «Мæ гæды». «Зарæг»- ахæм рубрикæйы та æвзонг зарæггæнджытæ æхсызгонæн базонгæ уыдзысты Гæджынон-Хабæты Риммæйы ныхæс-тыл зарæг «Уарз дæ чиныг»-имæ, му-зыкæ йын ныффыста Воложанин Ев-гений, сты дзы зарæджы текст æд нотæтæ. «Таурæгъ»-ы рубрикæйы  уацмыс «Бахъуыды кæн»-ы автор у Зилгæйы астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау Дудайты Каринæ æмæ «Аргъау»-ы та йæ чысыл аргъау «Зундгин уасæнгæ», ома «Зæнджын уасæг» ныммыхуыр кодта Дзæуджыхъæуы 43-æм астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау Габеты Элинæ. Æв-зонг кæсджытæн йе мдзæвгæ «Мæ байраг» журналы фæрстыл мыхуыр кæны поэт Айларты Михал.

Ирыстонæн бирæ адæймæгтæ скодтой кад æмæ ном, уыдонæн сæ нæмттæ ныхъхъæр сты æнæхъæн дунейы. Ахæм уыд таурæгъы богал, цирчы хъæбысæйхæцæг-профессионал 20-æм æнусы райдианы Хъаныхъуаты Бола дæр æмæ журналкæсджытæ базонгæ уыдзысты йе сгуыхтдзинæдтимæ, ис дзы Болайы къам дæр. Сабитæ хъуамæ уарзой æмæ зоной канд мадæлон æвзагыл мыхуырцæуæг уацмыстæ нæ, фæлæ ма æндæр адæмты сфæлдыстад дæр, уымæ у йæ хъусдард редакцийæн. Ацы номыры та «Æфсымæрон адæмты сфæлдыстад»-ы мыхуыр æрцыд Сухумы Б. Шинкубайы номыл 1-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Рамиз Хашибайы «Мæхи Абхази». Рубрикæ «Радзырд»-ы мыхуыр æрцыд Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы 5-æм къласы ахуыргæнинаг Къуыллыты Чермены уацмыс «Æмбаргæ куыдз», «Ирон хъæутæ», зæгъгæ, уым та Црауы хъæуы тыххæй фыссы Дзæуджыхъæуы 3-æм астæуккаг скъолайы 6-æм къласы ахуыргæнинаг Уалыты Дзерассæ. «Ирон мыггæгтæ» – ахæм рубрикæйы бын та сæ мыггаджы равзæрды тыххæй фыссы Цæлыччы хъæуы астæуккаг иумиагахуырады скъолайы 10-æм къласы ахуырдзау Сокаты Дианæ. Кæсджытæ ма зæрдиагæй базонгæ уыдзысты рубрикæтæ «Аивад», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Базон-базонтæ», «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Æмбисæндтæ»-йы æрмæджытимæ.

Аивадон æгъдауæй «Ногдзау» сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Мамсыраты Хасан, Дзиуаты Земфирæ, Айларты Владимир æмæ Абайты Аркади.

                                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.