Дзæуджыхъæуы хуссарварс хæхты бæрзонд фæцыд Мады хох. Зымæг æй мит куы æрæхгæны, уæд йæ тъæпæн сæр урс хъуымацæй æмбæрзт егъау фынджы хуызæн фæзыны. Гъе, уымæ гæсгæ йæ уырыссагау схуыдтой Столовая гора. Уыцы ном ын фæстагмæ тых кæнын райдыдта йæ ирон номыл. Не ‘взаг куыд рох кæнæм, афтæ уый æцæг ном дæр рох кæны æмæ ма йæ бирæтæ хонын райдыдтой Фынджы хох. Афтæмæй та, Мады хох цæмæн хуыйны, уый тыххæй ис диссаджы таурæгъ…

Раджы, тынг раджы, кæддæр ма лæгæтты æмæ тархъæдты уæйгуытæ æмæ залиаг кæлмытæ куы цардысты, уæд иу Залым ныббырста Мады хохы цæгатварсы паддзахадмæ. Фæтых ыл ис æмæ йыл сæвæрдта хъалон: æрвылаз дæр ын уыцы-иу бон комæй йæ рацыдмæ йæ размæ паддзахады æвддæсаздзыд чызджыты рæсугъддæры куыд кæной хæрынæн. Уыцы-иу рæстæг-иу разылд Залым йæ лæгæтæй, чызгмæ-иу фæлæбурдта æмæ-иу æй аскъæфта. Адæмы рис, зæрдæскъуыйæн æрдиаг æмæ кæуын ницæмæ дардта.

Афтæ ахаста дзæвгар азты, æмæ йын сæ бон ницы уыд. Паддзах æмæ йæ адæм сæхимæ ныхъхъуыстой, се ‘нæбон, æгады бынатæй зæрдæрыст уыдысты, боны рухс сæ нал рæвдыдта, цин сæм нал хъардта.

Уæд иуахæмы дард бæстæй æрыздæхтысты паддзахы зондагур æрвыст лæгтæ. Æмæ рахабар кодтой, фервæзæн, дам, нын дзы ис афтæ: æвддæсаздзыд бæстырæсугъд æм уыцы бон йæхæдæг куы базгъорид æмæ йæ хъæлæсы йæхи куы баппарид, уæд Залымæн æрцæуид йæ кæрон – йæ уд сисид.

Паддзах бацин кодта. Адæмыл дæр ахъæр хорз хабар. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста: уыцы аз æвддæс азы сæххæст паддзахæн йæхи чызгыл дæр. Йæ рæсугъддзинад та уыд дзуринæгты дзуринаг. Паддзах йæ чызджы уайтагъд мæсыджы фæмидæг кодта. Чызгимæ уыдысты йæ фæсдзæуин чызджытæ æмæ дыджызæ – йе схæссæг мад. Уыдонæн дæр паддзах бафæдзæхста, цæмæй йын дæсныйы ныхас ма схъæр кæной.

Паддзахы чызг Зæринæ уæлдай тынгдæр тыхст, йæ уарзон лæппу Сæнайы кæй нал уыдта, уымæй. Сæна паддзахы æфсады балхоны фырт уыд. Иу кæрты схъомыл сты. Сæ гыццылæй фæстæмæ кæрæдзийыл æрхъæцмæ дæр нæ лæууыдысты. Сæна йæ фыды фосрæгъæутты фыййæуттæм хæхтæм уазæгуаты цæуын бирæ уарзта. Иуæй йæм фосимæ архайын хорз каст, иннæмæй та йыл хæххон æрдзы нывтæ базыртæ сагътой. Зæринæйы дæр-иу ын йæ дыджызæимæ хатт йемæ ауагътой. Сæна ныр хабар базонгæйæ йæхи бынтондæр айста хæхтæм.

Зæгъынц, сусæг хабар фехъусынмæ, дам, къултыл дæр хъустæ базайы. Дуарæхгæдæй бадæг Бæстырæсугъдмæ дæр адæмы сусæг хъæрзын бахæццæ.

Ралæууыд та уыцы æнамонды бон. Адæм хъарæггæнгæ, æрдиаггæнгæ цыдысты комы дымæгмæ. Семæ кодтой Залымы амæддаджы. Цæмæй зыдтой, Зæринæ йæ фæсдзæуин чызджы уæлæдарæсы мæсыгæй кæй рахъуызыд æмæ раззаг рæнхъыты кæй цæуы, уый.

Адæм куыддæр Залыммæ æрбаввахс сты, афтæ паддзахы чызг размæ азгъордта æмæ уыциуæй йæхи йæ хъæлæсы баппæрста. Бæстæ ныццарыдта æвирхъау уынæргъын, æмбу, арты æвзæгтæ уæларвмæ фæцыдысты, стæй æппæт дæр фæздæджы бын фæци…

Дуне куы æрсабыр, фæздæг куы ахæлиу, уæд адæм диссæгты дисæн кастысты, сæ разы цы хох сæвзæрд, уымæ. Хох та уыд сæ паддзахы чызг Бæстырæсугъд Зæринæ. Уый сынтыл хуыссæгау адаргъ хурыскæсæнырдæм, йæ къухтæ йæ риуыл æвæрд, йæ уылæнтæнгæс сæрыхъуынтæ Арвыкомырдыгæй къæдзæхтыл æркалдысты.

Уыцы рæстæг Сæна фыййæуттимæ фос хызта хохы бæрзонд фахсыл. Æвирхъау хъæр уырдæм дæр байхъуыст. Зыдта, абон та сæ чызджыты рæсугъддæртæй иу Залымы амæддаг кæй бауыдзæн, æмæ йæ сагъæс хордта. Мæнæ уæдмæ фæздæг кæмтты нарджыты æрбадт, æмæ Сæнамæ йæ уарзоны фæлгонц хохы хуызы разынд. Лæппу йæхи къæдзæхæй фехста. Æрмæст ма ныхъхъæр кодта: «О, Стыр Хуыцау! Дунескæнæг Хуыцау, кæд мын дæ зæрдæ исты хорздзинад зæгъы, уæд мæн дæр хох фестын кæн!» Æмæ уыцы уысм Сæна дæр хохы хуызы хæрдмæ фæцыд арвы хъæбысмæ, дæрдты рафæлгæсыд иннæ хæхты сæрты, йæ уарзоны агургæ. Йæ цæст ыл æрхæцыд, æмæ йæм уæдæй абонмæ кæсы йæ уарзæгой цæстæнгасæй. Зæгъынц, хур бонты, дам, йæ уындæй йæ зæрдæ афтæ фæрайы, æмæ йæ цъупп тæмæнтæ фæкалы: мигъ бонты йæ нал фæуыны æмæ йыл сусæг хъынцъым, уынæргъын бахæцы, мигъты куы иуырдæм, куы иннæрдæм зыгъгъуыттытæ кæнын райдайы.

Мады хох – Зæринæйы сурæт сси ирон адæмæн Ирыстоны Мады фæлгонц.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.