Мады зæд, Мадизæн æви МадыМайрæм

Ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстадæй нæм цы хъæздыг бынтæ æрхæццæ, уыдонмæ гæсгæ нæ фыдæлтæ Хуыцау æмæ Уастырджийы фæстæ иууыл кадджындæр, сыгъдæгдæр æмæ ахъаззагдæр зæдыл нымадтой зæд – Мадизæны. Уый у мадæлты, цот кæныны сылгоймаг бардуаг. Хуыдтой йæ Мады зæд дæр. Абон дæр зæд Мадизæнæн ис сæрмагонд кувæндон Цæгат Ирыстоны Уæладжыры комы Дагомы хъæуы.

Ацы табуйаг зæдмæ ирон адæм куывтой Хуыцау æмæ Уастырджимæ скувыны фæстæ, йæ ном ын уæлдай буцдæр æмæ ахсджиагдæрæн ардтой куывдтæ æмæ чындзæхсæвты фынгтыл.

Зæд Мадизæнæн сылгоймæгтæ куывтой æлутон бæгæныйæ. Йæ номыл уагътой бæхты дугътæ. Дугъты хъуамæ хайад истаиккой, Тутыры бæрæгбоны чи райгуырд, ахæм, ног саргъæвæрд бæхтæ.

Нæ ирон традицион диныл чырыстон дины тæфаг куыд тынгдæр æндæвта, афтæ зæд Мадизæны ном дæр цадæггай ивын райдыдта Мады-Майрæмæй, ома Есо Чырыстийы Мад Мариа.

Мады зæдæн йæ рагон ном кæд Мады-Майрæммæ рахызт, уæддæр æм ку-вынц ирон адæм, фæдзæхсынц ыл ног чындзыты, хъæбулмæ бæллæг сылгоймæгты, фæкурынц дзы бирæ, æнæниз æмæ хæрзгъæд зæнæг. Фæкувынц æм, цæмæй сабитæ æнæнизæй бахъомыл уой, саби кæмæн нæма ис, ахæм бинонтæ амондджын, бирæзæнæгджын суой.

Дис кæнын æвдисæг ирон ныхæстæ

Мæнæ хуыцауы диссаг.

Мæнæ ирон диссаг.

Нартæн æмбисонды хабар.

Мæнæ Царциаты диссаг.

Царциаты мбисæндтæ.

Дистæ-тæмæстæ.

Нартæй чынтæм æнæрцæугæ диссаг.

Иратаманæй ахæм диссаг нæ фенди.

Уæларвæй дур æрхауæгау.

Адæмæн цæстæвæрæгау.

Дугъмæ кæсæгау диссаг.

Диссагæй æмбисонддæр диссаг.

Уæлхурæй дæлхурмæ æнæрцæугæ диссаг.

Дуне кæмæ рыхъуыста, ахæм диссаг.

Гуымы фцæгæн æддейауы диссаг.

Æвыды-дывыдоны рæстæг

Раджы кæддæр, суанг незаманты уыдис ахæм рæстæг, адæм, уæйгуытæ, хæйрæджытæ иумæ куы цардысты. Адæм куынæ дæр хъилæй, куынæ дæр дурæй хæцын зыдтой æмæ уæйгуытæн, хæйрæджытæн хъалон куы фыстой.

Хъалон та фыстой удгоймæгтæй. Уымæй дæр хъалон фыстой фарастгай адæймæгтæ, æвдгæйттæ æмæ афтæ дарддæр. Уымæ гæсгæ уæйгуыты хуыдтой, кæмæн цал адæймаджы фыстой, уымæ гæсгæ: фарастсæрон уæйыг, авдсæрон уæйыг…

Стæй Уастырджи адæмы сахуыр кодта дур æмæ хъилæй хæцын æмæ уый адыл уæйгуытæ æмæ хæйрæджытæй фервæзтысты. Уæд та уæйгуытæ æмæ хæйрæджытæ нал, фæлæ æндæр фыдбылызы тыхтæ сагъуыдысты адæмыл. Фарастсæрон уæйыджы бæсты – залым, авдсæрон уæйыджы бæсты – æлдар. Хæйрæджыты бæсты фæзынд базаргæнджытæ æмæ уæд та уыдон мардтой удхарæй адæмы.

Ирон æвзаг рагон æмæ тынг рæсугъд æвзаг у, бирæ бакастæн уый тыххæй.

Гъе, стæй йæм куы хъусай, уæд ын ис æвæджиауы рæсугъд мелоди æмæ йын куыд ис æнæуарзгæ?

Мадæлон æвзаг чи нæ уарзы, уый йæ национ культурæйæ æнæхай у…

Уайльт, Стырбритани

ГÆДЫ КÆЙДÆР БЫНТÆН КУЫД СХИЦАУ

Иу гæды быдыры саджы мард ссардта, йæ хуылфы бабырыд æмæ дзы æрцард. Иу бон бирæгъ бацыд саджы мардмæ, гæды фæтарст æмæ йæхи фæхъуынтъыз кодта. Йæхи куы фæхъуынтъыз кодта, уæд бирæгъ та уымæй фæтарст æмæ лæгæтмæ алыгъд. Уым уыдысты арс æмæ хуы. Радзырдта сын, саджы мард кæй ссардта, фæлæ йæ хуылфы кæй ис цыдæр тæссаг сырд æмæ йын исты хос скæнын хъæуы йæ зæрдæ балхæнынæн.

Арс загъта:

– Æз иу мыды чыргъæд æрхæсдзынæн.

– Æз та иу фыс æрхæсдзынæн фыййауæй.

Куыд загътой, афтæ бакодтой æмæ бирæгъы хонæг арвыстой гæдымæ. Арс æмæ хуы катæйттыл фесты, ома, куы нæ бахæра уыцы тæссаг сырд. Арс цармæ сбырыд, хуы та бырæтты бамбæхст. Гæды куы ‘рбацыд, уæд бырæтты хуыйы хъус базмæлыд. Гæды йæ мыст фенхъæлдта æмæ йыл йæхи ныццавта. Хуы афтæ фенхъæлдта, хæргæ мæ кæндзæн, æмæ хъыллистгæнгæ лыгъд радта. Гæды хуыйы хъыллистæй фæтарст æмæ цармæ сгæпп кодта. Арс афтæ фенхъæлдта, уымæ схызт æмæ царæй æрхауд, бирæгъы дæр йе ‘ккой баппæрста æмæ лидзынмæ фесты.

Саджы мард, фысы мард, мыды чыргъæд æмæ лæгæт дæр гæдыйæн баззадысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.