Ныры дуджы мысайнаг цы у, цы нысаниуæг ын ис, уыдæттæ алчи нал зоны. Зонæм æмæ уынæм: Ирыстоны фæндæгтыл цыдæриддæр кувæндæттæ ис, уыдон цурты цæугæйæ бирæ бæлцæттæ машинæтæй куыд рахизынц æмæ кувæндоны æхца æппарæн бынаты æхцатæ куыд ныппарынц, уымæй дæр гæххæттын æхцатæ. Чи дзы фылдæр ныппара, уымæй та цыма ерыс фæкæнынц… Афтæмæй та кувæндоны мысайнаг æвæрын æмбæлы, кувæндонмæ сæрмагондæй йæхи фæдзæхсынмæ чи бацæуа, ахæм куывддзаутæн. Кæнæ,  уыцы æхцатæ цы фæвæййынц, уымæй та бынтондæр ничи никæй фæрсы.

Цы у, цы нысан кæны мысайнаг? Кувæндоны зæд кæнæ бардуаджы номыл-иу куывддон адæм бæрæг бынаты цы æхцатæ сæвæрдтой, уы-дон хуыйнынц мысайнаг. Мысайгæн æвæрдтой æрмæстдæр æвзист, кæнæ æндæр згъæрæй æхца, гæххæтын æхца – ницæй тыххæй, гæххæттын æхцайыл цы чъизи ис, уымæн ныхсæн кæй нæй, ахæм æмбарынадмæ гæсгæ. Мысайнаг ирон адæмæ уыд табуйаг. Æвналыны бар сæм уыдис æрмæстдæр дзуары лæгæн. Уый сæ хъуамæ бахастаид, иннæ аз куывд скæнын кæмæн бахæс кодтой, уыцы бинонтæм, бафæдзæхстаид сæ, кæй номыл æвæрд æрцыдысты, уыцы зæд кæнæ бардуагæн æмæ сæм сæ афтæмæй радтаид. Уыцы бонæй суанг иннæ азы куывды бонмæ бинонтæй хъуамæ хъæрæй ныхас дæр ма райхъуыстаид. Мысайнæгтæ-иу кæм æвæрд уыдысты, уыцы бынатмæ æввахс та бынтондæр не мбæлд ныхас кæнын. Ирон адæммæ мысайнагæй табуйагдæр æмæ æнæфæтджиагдæр ницы уыд. Дзуары бынæй мысайнæгтæ рахæссын уыд лæг амарыны æмуæз. Нæ фыдæлтæм дзуаркъахæй æгаддæр ныхас нæ уыд.

Гокъонаты Кябæйы сгуыхтдзинад

Ивгъуыд æнусы, 1919 азы райдианы инæлар Деникины урсгвардионтæ карз тох са-мадтой æнæхъæн Цæгат Кавказы. Больше-викты расидгæ Теркаг республикæйæн йæ бонтæ цыбырæй-цыбырдæр кодтой. Деники-нонтæ ныддæрæн кодтой Иуæндæсæм Сырх Æфсады. Уыцы аз тъæнджы мæйы урсгвар-дион æфсады æрдонгтæ бабырстой Ирыстон-мæ дæр. Дзæуджыхъæумæ цæугæйæ деникинонтæ сфæнд кодтой Чырыстонхъæуы ныддæрæн кæнын, уымæн æмæ Чырыстон-хъæу уыд ирон большевиктæ-керменистты артдзæст.

Хъæуы адæм сæхи хорз бацæттæ кодтой тохмæ. Уынгты сæвæрдтой баррикадæтæ, скъахтой акъоппытæ, æххуысмæ сæм фæзындысты керменисттæ æндæр хъæутæй дæр. Урс æфсады бæхджынтæн сæ хъавд уыд Чырыстонхъæу уыцы-иу бабырстæй бацахсын, фæлæ йæ хъæбатыр хъахъхъæнджытæ афтæ хъæддых лæууыдысты, æмæ сабырцæрæг хъæу фестад æнæбасæтгæ фидар. Ахæм æнæбасæтгæ хъару сæм разынд, уыцы бон æгас Кавказыл кæй ном айхъуыст, уыцы зæронд ус Гокъонаты Кябæйы фæрцы. Чырыстонхъæуккаг зæронд ус ахæм карз æмæ тугкалæн тохы рæстæджы,  йæ удæн нæ тæрсгæйæ, зылд уынгты æмæ сидт хъæуы æппæт нæлгоймæгтæм, разæнгард сæ кодта тохмæ, сæ хъæуы кад бахъахъхъæнынмæ.

Кябæйы ма бафæзмыдта ноджы иу зæронд ус – Хъодзасты Сæлимæт. Уый дæр зылд, нæмгуытæ ихуарæгау кæуыл кодтой, уыцы хъæуы уынгты æмæ рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ сидт хъæубæсты нæлгоймæгтæм:

«Уæ мæ адæм, мæ хъæбултæ!

Æрцыд æгъатыр тохы заман!

Мæнæ уын мæ хæдзар, фидар дурæй амад!

Уæхицæн дзы мæсыг скæнут!

Райсут уæ маст тугкалды, æнамонддзи-нады тыххæй!

Уæ мæ фырттæ, Гуллæ æмæ Цæрай!

Нæ уын ныббардзынæн, уæхи æгуыдзæ-гæй куы равдисат, уæд!»

Карз тох ахаста æмбисæхсæвтæм. Деники-нонтæ фæстæмæ алæууыдысты. Дыккаг бон, куыддæр хур скаст, афтæ урсгвардионтæ ногæй æхсын райдыдтой сармадзантæ æмæ нæмыгзгъалтæй. Фæлæ чырыстонхъæук-кæгтæ уæддæр сæхи нæ лæвæрдтой. Афтæ ахаста æртæ боны, цалынмæ æрхъулайы ба-хауæг хъæуы хъахъæнджытæн сæ нæмгуытæ нæ фесты, уæдмæ. Æххуысмæ æнхъæлмæ кæсæн та никæцæй уыд. Цæмæй знаджы къухтæм ма бахаудаиккой, уый тыххæй кер-менисттæ атыдтой æрхъулайы цæг æмæ сæхи айстой Сау хъæдмæ. Уыцы хæстæй рацыд æнусæй чысыл фылдæр, ничиуал кæны Гокъонаты Кябæйы сгуыхтдзинады кой, фæлæ йын йæ ном сæнусон кодта стыр ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбег…

ХЪÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ

Сырдоны хæрæг

Иу хатт дын Сырдонмæ йæ сыхаг хæрæгкур куы бацæуид.

– Дæ хæрæг мын авæр, Сырдон, кæд дзы дæхæдæг ницы кусыс, уæд.

– Уæууа, фæлтау мын мæ мард куы федтаис æмæ мæм раздæр куы рба-цыдаис… Чысыл раздæр ыл нæ лæп-пу суг ласынмæ ацыд хъæдмæ.

Хæрæг куыддæр Сырдоны хъæ-лæс фехъуыста, афтæ скъæтæй ныу-уасыди.

– Худинаг дын нæу, Сырдон, – дзу-ры йæм сыхаг. – Дæ хæрæг скъæты кондæй дæр зоны, æфсон кæй кæ-ныс, уый.

– Æмæ йæ цæмæй зоныс, скъæты ис, уый? – фæрсы йæ Сырдон.

– Уæртæ йын йæ уасын нæ хъу-сыс?..

– Худинаг дæуæн хъуамæ уа, дæ-уæн, мæ ныхасыл чи не ууæнды, фæ-лæ хæрæгыл чи баууæндыд…

Дзырдарæхст хохаг

Иу мæрдты бон хохаг лæг йæ мæл-лæг бæхыл быдыры хъæуы астæуты æрцæйцыд. Ныхас адæмæй  – йедзаг. Хохаджы ахæм мæллæг бæхыл бад-гæ куы ауыдтой, уæд кæрæдзимæ бакастысты æмæ худгæйæ ныхас кæнынц сæ кæрæдзиимæ.

– Ацы лæг, æнæмæнг дæр, мæрд-тæй цæудзæн, йæ бæх æгæр мæллæг æмæ фæлмæцыд у.

Сæ хъалдæртæй йæм иу хæстæг-дæр бацыд æмæ йæ фæрсы:

– Ныххатыр кæн, барæг, фæлæ ма мах мæрдты кæм фæуагътай?

– Уæлæ ма иу ран хæрæджы мар-дыл афæстиат сты, ныртæккæ уыдон дæр ардæм хъæуы, – загъта хохаг, йæ-хæдæг йæ бæхмæ февзыста æмæ дарддæр йæ фæндаджы кой кодта.

Адæймаджы къуылымпытæ

*Зивæг мæгуыры мад у

*Мæгуыры хай – зындзинад

*Æппæтæй уæззаудæр зивæг у

*Зивæггæнагæн алы бон дæр бæрæгбон  у

*Зивæггæнаг алцæмæ дæр тæхуды кæны

*Æнæзивæг цæл ары, зивæггæнаг – цæф ары

*Æнæзонаджы къух – æнæриссаг

*Æнæууæнк лæг сомыгæнаг вæййы

*Цалынмæ арс амарай, уæдмæ йын йæ цармæй ныфс макæмæн æвæр

*Гæды фæлывд лæгæн – къæссайы комылхæцæг

*Æдылы лæг хъæдмæ дыууæ цыды кæны

*Зондджын лæг зынгмæ йæхи тавы, æдылы та дзы судзгæ кæны

*Æвзæр йæхицæй фæхæссы æмбисонд

*Тæрсаджы мад тагъддæр мæлы

*Иу хатт чи радава, уый дæр цæрæнбонтæм къæрных хондзысты

*Æнæарæхст барæг йæ ферæджы бæхы аххос кæны

*Æнæкъæдзил гал йæхи сæрвæты бындзсурæг кæны

*Йæхицæн сир кæнын чи нæ зоны, уый искæмæн дзыкка аразын амоны

*Дæхицæй раппæлын дæ куы фæнда, уæд дæхæдæг дæхи ма стау

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.