АРВЫРОН

Арвыроны, мах, ирон адæм дæр райдыдтам хуымæтæджы æрдзон фæзындыл нымайын, алы ран дæр ыл æмбæлæм ахæм хуызы, уæлдайдæр та дзырдбыдтæ чи аразы, уыдонмæ, ома, нысан кæны, фæскъæвда хур кæй скæсдзæн.

Ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады та нысан кæны Нарты Сосланы æрдын, афтæ ма Нарты Батрадзы рон дæр. Уымæ гæсгæ йын ис дыууæ номы: «Арвæрдын» æмæ «Арвырон». Фæсуард арвæй зæхмæ æркъæлæт вæййы авдгъуызон кæркæ-мæркæ тынты быдæй.

Нæ рагфыдæлтæй нын баззад ахæм уырнынад, йæ сæрты, дам, чызг куы агæпп кæна, уæд лæппу фестдзæн, лæппу куы агæпп кæна, уæд та – чызг. Ахæм хъуыдыйы нысаниуæг у: гæнæн, уæвæн, æрцæуæн цæмæн нæй, ома, арвыроны сæрты агæппгæнæн куыд нæй, афтæ…

Æрвадиуæггæнæг ирон мыггæгтæ хицæн  таурæгътæм гæсгæ

*Абайтæ – Зоратæ – Икъатæ – Осиатæ

*Абайтæ – Беслехъотæ

*Абитæ – Хъайттатæ – Доцитæ

*Айлартæ – Гуысалтæ

*Айлартæ – Æмбалтæ – Дзугатæ

*Алæджыхъотæ – Хъуыппетæ – Цопанатæ

*Агънатæ – Зæнджиатæ – Тыджытæ – Къæбултæ – Цъæхилтæ

*Алæгатæ – Зыхъултæ

*Ализатæ – Гусатæ

*Алыккатæ – Аспиатæ – Битатæ – Майрæмыхъуатæ

*Андудтатæ – Созайтæ – Кæсæбитæ – Уырымтæ – Скъодтатæ

*Астантæ – Цъебойтæ – Гæуистæ – Охъазтæ – Тепсы-хъотæ

*Аулохтæ – Музиатæ – Елхъантæ – Четитæ

*Æккæлатæ – Хорантæ – Габантæ – Тахохтæ

*Æккæлатæ – Лæууойтæ

*Æлбегатæ – Икъатæ – Битартæ

*Æлбортæ – Лазартæ

*Æлбортæ – Къадзатæ – Цогойтæ

*Æлдадтатæ – Тугъанатæ – Зоротæ – Хассохатæ – Чисилатæ

*Æмбалтæ – Агънатæ – Карсантæ – Сугъартæ – Таутиатæ – Зæнджиатæ – Теджитæ

*Æрсойтæ – Датитæ

*Æрсойтæ – Бекъойтæ

*Æхсаратæ – Такъæтæ – Галазтæ

*Багатæ – Джергатæ – Тотратæ – Гамахартæ

*Багъæратæ – Хаситæ

Майрæмы куадзæн

У мæрдты бон, рухсгæнæн бон.

Майрæм – Мады-Майрæм у Йесо Чырыстийы мад. Нæ рагфыдæлтæм Мады-Майрæммæ нæ куывтой, фæлæ – Мады зæдмæ, ома, Мадизæн. Ирыстоны Мады зæды номыл абон дæр ис кувæндæттæ: Зруджы, Цъæйы, Куырттаты комы, Мæздæджы, Ирыхъæуы æмæ афтæ дарддæр. Куыд зонæм, афтæмæй Мады-Майрæм нысан кæны нæ кæддæры ирон Мады зæд, фæлæ æнусты дæргъы ирон адæмы ‘хсæн чырыстон дин куыд фидар кодта, афтæ бирæ æндæр ирон нæмттæ æмæ æмбарынадтау, Мадизæн дæр ивд æрцыд Мады-Майрæммæ.

Рагон таурæгътæм гæсгæ Мады-Майрæм куы амард, уæд, дам, августы мæйы 28 бон, йæ фырт Чырыстиау  ратахт Хуыцауы размæ. Уымæ гæсгæ уæдæй фæстæмæ ирон адæм 28 августы кæнынц мæрдты бон – Майрæмы куадзæн. Ацы бон ирон адæммæ нысан кæны рухсгæнæн бон, фæлæ, сæйраджыдæр, рухс фæкæнынц ног мæрд-джынтæ, ома, йæ афæдзы кæнд кæмæн нæма ахицæн, ахæм зианы хицæуттæ.

Майрæмы куадзæны зианджынтæ уæлмæрд-мæ нæ цыдысты. Ныр дæр афтæ у, фæлæ та иуæй-иутæ зыгъуыммæ кæнын райдыдтой ацы рагон традици дæр, кæмæндæрты схæццæ сты, рухсгæнæн стырбонтæй уæлмæрдмæ цæуын кæд хъæуы æмæ кæд нæ хъæуы, уыдæттæ. Куадзæн æмæ мæрдты куадзæн куыд схæццæ кодтам, афтæ.

Майрæмы куадзæны рухс кодтой ног хорæй, ног халсарæй. Адæммæ ныффидар ахæм хъуыды, ома, ног æркæнгæ хор æмæ халсæрттæй цалынмæ дæ ног мардæн рухс зæгъай, уæдмæ дзы бинонтæн бахæрын аив нæу…

Хур – æвдисæн

(Аргъау)

Раджы, тынг раджы иу мæгуыр, сидзæр лæппу цуаны ацыд. Саг амардта æмæ æд саджы мард æрæнцад фæндаджы былыл. Уым ыл æрбамбæлд æхсæз барæджы.

– Дæ бон хорз уа! – загътой йын.

– Хуыцауы хорзæх уæ уæд! – загъта сын лæппу дæр.

Барджытæ æрфистæг сты, лæппу сын физонджытæ кæнын байдыдта саджы фыдæй. Иу афон æм барджытæй иу дзуры:

– Куыдзы фырт, дæ саджы мард дæр мах куы у æмæ дæхæдæг дæр нæхи куы уыдзынæ.

Лæппу сæм ницы сдзырдта, дарддæр кæны йæ куыст –   физонджытæ сын кæны, сæ бæхтæм сын кæсы. Уыдон ын загътой, æргæвдгæ дæ кæнæм, зæгъгæ. Лæппу сын зæгъы:

– Иу дзырды бар ма мын радтут.

Уыдон сразы сты. Лæппу загъта:

– Хур, ды ме ‘вдисæн, тæгæр бæлас, ды – мæ фидар!

Уыдон æй аргæвстой. Йæ мад хабар куы базыдта, уæд хæстæджытæн фехъусын кодта æмæ йын хист скодтой. Хистмæ æрбацыдысты уыцы æхсæз барæджы дæр, мидæмæ сæ бакодтой æмæ сæ фынгыл æрбадын кодтой. Уырдыгыстæг сæм нуазæн куы радта, уæд хуры тын нуазæны астæумæ ныккаст, стæй та тæгæры сыфтæр æрбатахт æмæ нуазæны мидæг стæлфыд. Æхсæз барæджы кæрæдзимæ бакастысты æмæ кæрæдзимæ хатиагау дзурынц:

– Цæй диссаг у! Ацы лæппу куыд загъта, афтæ куыд æрцыд…

Уырдыгыстæг хатиаг æвзаг зыдта, хъуыддаг бамбæрста æмæ хисты бадæг лæгтæн бамбарын кодта, лæппуйы марджытæ ацы æхсæз лæджы кæй сты…

Лæгтæ сыстадысты æмæ æхсæзы дæр амардтой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.