Тагъд æрбалæудзæн ног ахуыры аз, уæ сывæл-лон фыццаг хатт бахиздзæн скъолайы къæсæрæй, æмæ уымæ цæттæ кæнын хъæуы рагацау. Сывæллон кæд рæвдауæндонмæ кæнæ сæрмагонд цæттæгæнæн скъоламæ цыд, уæддæр ын скъоламæ бакъахдзæф у ахсджиаг фæлтæрæн. Ахуыр ын у архайды бынтон ног хуыз. Боны ног фæтк, ног уагæвæрдтæ, ног коллектив – алцы дæр сывæллонæн у ног. Æппæт уыцы ногдзинæдтыл цæмæй æнцондæрæй ацахуыр уа, уый тыххæй хистæртæ хъуамæ зоной, цы хуызы йын баххуыс кæнын хъæуы, уый.

  Фыццаджыдæр, сывæллоны бацæттæ кæнын хъæуы психологон æгъдауæй. Скъоламæ бацæуынмæ ма иу аз куы баззайы, уæдæй фæстæмæ йæ хъæуы райдайын ахуыр кæнын йе ʻнкъарæнтæн хицау уæвыныл, йе ʻмгæрттимæ хорз ахастдзинæдтæ аразыныл æмæ афтæ дарддæр. Æппæт уыдæттæм сывæллон цæттæ куы нæ уа скъоламæ бацæуыны размæ, уæддæр сыл, ахуыр кæнгæйæ, афæдзы дæргъы сахуыр уыдзæн.

Ныййарджытæн та сæ хæс цы у?

Фыццаджыдæр, сывæллонæн хъуамæ бамбарын кæной, ахуыргæнæджы кад бæрзонд кæй у, уый. Уыцы кары сывæллонæн йæ цæстыты раз хорз цæвиттон куы нæ уа, уæд уый раст нæу. Ахуыргæнæгимæ ныййарджытæн нывыл ахастдзинæдтæ, мыййаг, куы нæ рауайа, æмæ алы хъуыддаджы дæр ахуыргæнæгимæ разы куы нæ уой, уæддæр архайын хъæуы йемæ ныхас кæныныл, цæмæй æмзонд æмæ иу хъуыдыйыл хæст уой, уый тыххæй.

Дыккаджы, алы бон дæр уæ сывæллонимæ ныхас кæнут æмæ йæ фæрсут, скъолайы йæ бон куыд ацыд, йæ зæрдæмæ цы фæцыд, цы – нæ, уыдæттæй. Уыимæ, алцæмæн дæр аргъгæнæгæй ныййарæг хъуамæ йæхи ма ʻвдиса.

Æртыккаджы, сывæллонæн йæ размæ æгæр карз домæнтæ ма æвæрут æмæ, хæдзармæ лæвæрд куыст куыд бацæттæ кодта, уымæн аргъгæнæг ма ут – уый у ахуыргæнæджы хæс. Ныййарæг хъуамæ ныййарæг уа – цæстдарæг нæ, фæлæ æмбал æмæ æххуысгæнæг. Кæд уæм афтæ кæсы, æмæ уæ сывæллонæн алцы хорз нæ уайы, уæд уал аныхас кæнын хъæуы ахуыргæнæгимæ кæнæ скъолайы психологимæ, зындзинæдтæн сæ аххосаг цы у, уый базоныны тыххæй.

Цыппæрæмы, сывæллонæн хъуамæ уа рæстæг хъазынæн, стæй бынат, уæлдайдæр, змæлын фылдæр кæм хъæуы, ахæм бынат. Психологон фæлтæрддзинад æм цæмæй фæзына, уымæн уыдон сты стыр ахъаз.

Æмæ фæндзæмы, йе ʻрдзон гæнæнтæм гæсгæ сывæллонæн æнцон куы уа ахуыр кæнын, уæд бацархайут йе ʻргом ын скъолайы царды æндæр хъуыддæгтæм аздахыныл, зæгъæм, йе ʻмбæлттæн кæнæ та ахуыргæнæгæн, скъолайæн истæмæй баххуыс кæнынмæ. Уыимæ, ацы ран дæр хъæуы психологимæ ныхас кæнын, уымæн æмæ, сывæллон йе ʻмгæртты куы нæ феййафы ахуыры, уый сагъæссаг уавæр куыд у, афтæ сагъæссаг у, ахуыры бæрзæндтæм æгæр æнцонæй куы хиза, уый дæр.

Уæдæ афтæ, уæ сывæллон бацыд фыццаг класмæ. Нæ зæрды уын ис амынддзинæдтæ æрхæссын скъоладзауы æнæниз цардыуаджы тыххæй:

фыццагкъласон хъуамæ суткæйы 11 сахатæй къаддæр ма фынæй кæна. Хæдзармæ куыстытæ кæныны размæ хъуамæ иучысыл афынæй кæна;

сывæллоны хæлцы хъуамæ уа алыхуызон хæринæгтæ. Æнæмæнг ын скъоламæ ацæуыны размæ хъарм хæринаг бахæрын кæнут. Уæ зæрдыл дарут, сывæллонæн ныййарæг фæзминаг кæй у, уый. Бинонтæ иумæ тымбылæй куы ʻрбадой аходæныл, уæд уый сывæллонæн хорз дæнцæг у;

ахуыры райдайæны сывæллоны цæрдæгдзинад фæныллæг вæййы. Физкультурæйы уроктæ фаг не сты, уымæ гæсгæ бацархайут, цæмæй уæ сывæллон бон 3-4 сахаты æрвита сыгъдæг уæлдæфы, ныффыссут æй спортивон секцимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.