Туалгомы равзæрд

Раджы заманы, Хуыцау Нарты куы сфæлдыста, уæд сæ æрцæрын кодта, ныры Туалгомы уæрæх уæлвæз быдыры. Уырдæм-иу сæм æртахтысты уæларвы цæрæг зæдтæ, цæмæй сæ цайдагъ кодтаиккой алыгъуызон аивады хуызтыл. Уыдон диссаджы рæсугъд кафыдысты æртæуæладзыгон «Симд», фæрнæйдзаг «Хонгæ» æмæ æндæр диссаджы кæфтытæ. Уыдон зæдтæ балæвар кодтой Нартæн, балæвар сын кодтой уæлтæмæны музыкалон аивад æмæ æрмгуысты арæхстдзинад.

Фæлæ Нартæм ахæм Уæларвон аудгæ ахаст кæй уыд, уый нæ фæцыд Тары бардуаджы, (дæлимонты паддзахы) зæрдæмæ. Тары бардуаг растад денджызы арфæй æмæ залиаг калмы хуызы сбырыд Нартæм. Уæд зæдтæ æртахтысты уæларвæй æмæ йæ ставд рæхыстæй сбастой. Залиаг калм сæ цавта йæ къæдзилæй, тох кодта сæ ныхмæ. Йæ къæдзилы цæфтæй Нарты цæрæнбынаты алфæмблай сæвзæрд арф кæмттæ. Зæдтæ залиаг калмы систой арвмæ, басыгътой йæ æмæ йын йе ртхутæг балуæрстой денджызы сæрмæ. Уымæ гæсгæ уыцы денджызы райдыдтой хонын Сау денджыз.

Фæлæ уыйадыл фесæфт, кæм æрцардысты, уыцы дардыл зылд уæлвæз быдыр. Йæ бынаты фæзындысты Туалгомы ном хæссæг бирæнымæц кæмттæ. Нартæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ сæ хъазæн æмæ кафæн бынатæн равзæрстой æндæр уæлхох быдыр – Зилахар.

Хосгæнæг Черыхъо

Æнудæсæм æнусы кæрон, æссæдзæм æнусы райдианы Ирыстоны цард зындгонд хосгæнæг Черыхъо. Цы хуызы ссис хосгæнæг, кæцæй йæм фæзынд уыцы – Хуыцауы ратгæ миниуæг, уый тыххæй адæмы хсæн ахæлиу ахæм хабар:

Уæды онг, хуымæтæджы хъæууон мæгуыр лæг чи уыд, йæ хъæубæстæй дарддæр йæ ном кæмæн никуы ничи фехъуыста, уыцы Черыхъомæ иу сæрдыгон изæр чидæр дуар бахоста. Лæг æм куы рахызт, уæд кæсы æмæ къæсæргæрон лæууы æнæзонгæ лæг даргъ пæлæзы. Лæг дзуры Черыхъомæ:

– Хъæриуы хохы мидæг зæдтæ бадынц æмæ мæ дæумæ рарвыстой, фæнды сæ дæ фенын.

Черыхъо джихæй аззад æмæ дзуры æнæзонгæ лæгмæ.

– Ныр æнафон у, Хъæриуы хох та тынг дард у, куыд сæм фæхæццæ уыдзынæн?..

– Ды ууыл ма тыхс, æз дæ фæхæццæ кæндзынæн.

Загъта æнæзонгæ лæг æмæ цæргæс фестад. Черыхъо йыл сбадт æмæ йæ цалдæр уысммæ Хъæриуы хохы рæбын балæууын кодта.

Лæгæтæй æддæмæ калд цавæрдæр рухсы фæлм. Черыхъо мидæмæ бахызт æмæ федта цалдæр зæды фынджы уæлхъус бадгæ. Уыдон æй бахуыдтой сæ цурмæ æмæ йæм радтой бæгæныйæ йедзаг дзаггарз. Черыхъо сын бузныг загъта, скуывта æмæ дзаггарз йæ дзыхыл сдардта. Бæгæны ахæм æнахуыр хæрзад уыд æмæ Черыхъойы бон нал уыд йæ былтæй йæ бынмæ æруадзын. Зæдтæ йæм кастысты æнæдзургæйæ. Стæй сæ иу сыстад æмæ Черыхъойы ныхыл урс хæцъил асæрфта… Æмæ уæд Черыхъойæн йæ бон нал баци бæгæныйæ иу хуыпп акæнын дæр. Уæд ын зæдтæ загътой:

– Федтай, куыд зын у, адæймагæн йæ бон мацы уа, уый… Уымæ гæсгæ мах уынаффæ рахастам, Черыхъо: дæдтæм дын ахæм тых æмæ арæхстдзинад, цæмæй дæ бон уа зæххон адæмæн æххуыс кæнын, хос сын кæнай…

ХЪУЗОН, ХЪУЗОНЫ БАДЫН

Ирон аив литературæ æмæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстады дæр арæх æмбæлæм дзырд «хъузон»-ыл. Æмбæлгæ та йыл кæнæм ахæм хуызы – исчи кæнæ исчитæ (фылдæр хатт æппæрццаг) искæй раз куы бабада йæ маст райсыны тыххæй, ома амара йæ: «йæ разы хъузоны бабадт», «йæ разы хъузоны æрбадтысты», «хъузоны бадджытæ æнхъæлмæ кастысты сæ амæттагмæ» æмæ афтæ дарддæр.

Ахæм мидисимæ дæр дзырд «хъузон»-æй спайда кæнын стыр рæдыд нæу, фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ йæ нысаниуæг бынтон æндæр кæй у – баст у бæхты дугъимæ. Нæ рагфыдæлтæм бæхтыдугъ кадджын æмæ æнæмæнгхъæуæг æгъдау уыдис. Ацы рагон традици йæ тых нæ сафы ныры рæстæджы дæр, кæд æй афтæ арæх ничиуал æххæст кæны, уæддæр. Цардфæразон, хъæздыг хæдзарвæндагæй-иу хуымæтæджы нæ дзырдтой: «Йæ бон кæмæн у, уый йæ фыды-фыдæн дæр дугъ уадзы…»

Бæхтыдугътæ та алыгъуызæттæ уыдысты. Ацы æгъдау æххæст кодтой чындзæхсæвты, дзуарыбонты, афтæ – мыггаджы, хъæубæсты, комбæсты æмæ æндæр иумæйаг бæрæгбонты. Фæлæ уæддæр нæ фыдæлтæ иууыл стырдæр нысаниуæг лæвæрдтой марды кæндтимæ баст бæхты дугъæн.Ахæм дугъты хайад исынмæ алчи нæ хаста йæ ныфс. Хъуамæ дæ ныфс уыдаид дæ бæхæй, барæджы арæхстдзинадæй… Иннæ дугъæтты разæй фæуыныл чи дызæрдыг кодтаид, ахæм барджытæн-иу уыдис æндæр, æххуысгæнæг барджытæ-дугъæттæ дæр. Уыдон-иу сæ бæхтыл бадгæйæ алы рæтты æнхъæлмæ кастысты цæттæввонгæй, цæмæй, æххуысæн сæ чи равзæрста, уыцы барæгæн баххуыс кæной, куы фæтыхса, уæд. Гæнæн уыд, уыцы æххуысгæнджытæй иу хæцыдаид дугъы уайæг бæхи идоныл, иннæ та цыдаид йæ фæстæ æмæ æвзыстаид бæхмæ.

Ахæм æххуысгæнæг барæджы хуыдтой хъузон, хъузæттæ.

Рæстдзинады тых ирон æмбисæндты

*Адæмы сæр рæстдзинад у

*Лæгæн йæ дзырд æмæ йæ цæсгом, бæхæн – йæ барц æмæ йæ дымæг

*Рæстдзинад – рæстæвзарæн

*Рæстдзинад Сау хохы æмæ Урс хохы дæр баиу кæндзæн

*Рæстдзинад зæрдæйæн уæз нæ кæны, уæз ыл кæны

*Зынг зæгъынæй ком нæ судзы

*Раст дзырды аргъ ницæмæн ис

*Хорз лæг рæстдзинадæй нæ тæрсы

*Лæг уый у, зæххыл рæстдзинад чи тауы

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.