Адæймагад алы хатт дæр цымыдис кодта, куыд цæрынц æндæр нациты минæвæрттæ, уымæ. Адæмы цымыдис кæны æндæр адæмы хаттыты хæлцад, сæ цардарæзт, сæ культурæ (æрмæст материалон нæ, фæлæ монон дæр), æндæр нациты сконд, сæ равзæрд æмæ сæ цæрæнуæтты бынæттæ, афтæ ма сæ цæстæнгас дæр: сæ фæтк æмæ се ‘гъдау, сæ уырнынад æмæ сæ мæнгуырнындзинад. Растдæр ацы профессийы кусджытæ, ома, этнографтæ, лæмбынæгдæр дзурынц этникон арæзтадты тыххæй. Æмæ сын уымæн сæ ном арынц ацы бонæй, ома, 17 июлæй.

Ацы бон Уæрæсейы нысан кæнынц алы аз дæр 17-æм июлы. Ацы профессионалон бæрæгбон нæ нысан кæнынц паддзахадон æмвæзадыл. Уымæ гæсгæ йæ 2020 азы дæр нæ банысан кæндзысты официалон æгъдауæй.

Ацы бон нысан кæнынц ахуыргæндтæ, кæцытæ иртасынц адæмы хаттыты, нациты, этносты.

Бæрæгбоны истори

Историон бæрæггæнæнтæм гæсгæ этнографы бæрæгбон фыццаг хатт райдыдтой нысан кæнын 1970-1980 азты. Ацы цауы инициатор уыд Р. Итс – Ленинграды паддзахадон университеты историон факультеты этнографи æмæ антропологийы кафедрæйы сæргълæууæг. Ацы бæрæгбон нысан кæнынц зындгонд антрополог æмæ бæлццон Н. Н. Миклухо-Маклайы ном арыны тыххæй, кæцы райгуырд 17-æм июлы 1846 азы.

Этнографы професси

Этнографы професси у царды хæс, кæцы ахуыр кæны документалон гуырæнтæ, иу кæны иннæ адæмы, этнос кæнæ нацийы цæрæн бынæттæ, йæ хъус дары бынæттон цæрджытæм. Йæ балцы фæстиуджытæм гæсгæ этнограф аразы хатдзæгтæ, цæттæ кæны уацтæ, репортажтæ. Ахæм кусджыты специализаци у искæцы бæлвырд этносы рафæлгъауын æмæ сбæрæг кæнын. Этнографтæм хъуамæ уа журналистон курдиат, хъуамæ зоной, цы этнос иртасой, уыдоны истори, фæтк æмæ æгъдæуттæ, афтæ ма сын зоной се ‘взаг дæр.

Ацы профессийы кусджытæ архайынц музейты, чиныгуадзæн рауагъдæтты, историон-иртасæн уагдæтты. Этнографтыл ма сæмбæлæн ис туристон компаниты дæр. Иуæй-иу организацитæ, кæцытæ фæкусынц пайдаджын къахæггæгты фадгуыты зынвадат территориты, уыдон сæ куыстмæ райсынц этнографты, цæмæй баныхæстæ уадзой бынæттон цæрджытимæ.

Цымыдисон факттæ

Æппæты фыццаг этнографыл нымад цæуы Геродот – Рагон Грецийы историк. Уый-иу банысан кодта историон цаутæ æмæ анализ арæзта скифты, таврты, фригийæгты æмæ æндæр этносты цардæн.

Цыгайнæгтæ нымад не сты этносыл. Уыдон дих цæуынц бирæ æндæр этникон къордтыл, кæцытæ хицæн кæнынц сæ диалекттæй, сæ цардуагæй æмæ æндæр нысаниуджытæм гæсгæ. Уырыссаг цыгайнæгты нæй гæнæн нымайын «цæугæ-цардгæнæг адæмыл». Этнографты бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ æрмæстдæр цыгайнæгтæн сæ иу процент кæны цæугæ-цард.  Се ‘ддаг бакастмæ гæсгæ цыгайнагæн гæнæн ис сбæлвырдгæнæн, цал фырты уыд йæ ныййарджытæн, уый. Æрмæстдæр ын йæ хъустæм бакæсгæйæ, ис уымæн базонæн. Йæ иу хъусы иу хъусцæг куы уа, уæд уый дзурæг у ууыл, иунæг фырт кæй у йæ ныййарджытæн, уый.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

             ДЫГЪУЫЗТЫ Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.