ХИПУ-йы уагъд æрцыд РХИ-йы волейболы федерацийы фыццаг рабадт. Хайад дзы райстой архайæг спортсментæ, тренертæ æмæ волейболы ветерантæ. Æхсæнадон организацийы рабадт уагъта федерацийы ног æвзæрст президент Зассеты Мераб. Уый йæ раныхас райдыдта уымæй, æмæ алчидæр йæ  хайбавæрд кæй хъуамæ бахæсса волейболы размæцыдмæ. 

«Абонæй фæстæмæ мах хъуамæ райдайæм кусын нæ уарзон спорты хуызы размæцыдыл. Махæй алчи дæр хъуыды кæны советон рæстæджы нæ спортсментæ цы бæрзонд æмвæзадыл хъазыдысты, уый. Ныр дæр нæм ис бирæ курдиатджын сывæллæттæ. Уымæ гæсгæ хъуамæ волейбол  сæндидза», – банысан кодта Зассеты Мераб.

Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой Хуссар Ирыстоны волейболæй хъазæг спортсментæй йæ цардæй чи ахицæн, уыдоны рухс нæмттæ. 

Æрæмбырдуæвджытæ фыццаг ра-ды райстой федерацийы устав. Уый фæстæ сæвзæрстой правленийы уæнгты, цыран уыдзæн 11 адæймаджы: Тасойты Игорь, Дзугаты Къоста, Чилæхсаты Алик, Джиоты Алик, Бестауты Светланæ, Гатыгкоты Алик, Плиты Инал, Тарас Тарасов, Наталья Костюченко, Бикойты Жаннæ æмæ Хуыбецты Ингæ.

Федерацийы президенты хæдивæг ссис æвзонг тренер Кокойты Эдуард. Ист æрцыд уынаффæ президентмæ бахатыны тыххæй, цæмæй ахæм кадджын специалисттæ куыд Гæззаты Дзантемыр æмæ Тыбылты Таймуразæн лæвæрд æрцæуа «РХИ-йы сгуыхт тренеры» кадджын нæмттæ.

Дарддæр дзырд цыд волейболы размæцыды тыххæй фыццаг рады цахæм къахдзæфтæ хъæуы саразын, уый тыххæй. Рабадты хайадисджыты бафæндыд уæнгон фиддонтæ фидын, цæмæй уыдонæй спайда кæной волейболы размæцыды тыххæй. Зассеты Мераб бахаста фæндон, цæмæй арæзт æрцæуа искæцы скъолайы бындурыл волейболон кълас.

«Ныридæгæн ныхас кодтон скъола-интернаты директор Тедеты Роландимæ. Уый разы у ацы хъуыдыимæ. Ис сын хорз спортзал», – загъта Зассеты Мераб.

Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы кусын, цæмæй цæрæн корпусты кæрты дæр хъазой волейболæй.

«Кæртытæй æрбацæуы бирæ курдиатджын волейболисттæ. Стæй ма нæ хъæудзæн районтыл дæр азилын æмæ курдиатджын сывæллæтты ссарын», – загъта РХИ-йы волейболы федерацийы президент. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.