Абон ирон адæм алы рæтты, алы бæстæты дæр цæрынц, фæлæ   ирон мыггæгтæн иууыл дæр сæ авдæн Ирыстон у. Иунæг ирон мыггаг дæр нæ разындзæн, Стыр Хуыцаумæ чи нæ кувы æмæ цы хъæубæстæй рацæугæ у, уымы дзуæрттæн чи нæ кад кæны, йæхи сыл бафæдзæхсынмæ чи нæ тырны.

Ирыстон хуымæтæджы бæстæ нæу – уый у уæларвон сыгъдæг тыхтимæ æнгом баст. Куыд æй зонæм, афтæмæй, нæ рагфыдæлтæ – скифтæ, сæрмæттæ цæугæ цард кодтой, Скæсæнæй Ныгуылæнмæ цынæ бæстæ,  цынæ зæххыл цардысты – амæй ай бæркадджындæр, аивдæр бынæтты, денджызты æмæ фурдты алыварс. Фæлæ сæхицæн тæккæ рæбинагдæр, бæстондæр, сæйрагдæр цæрæнбынатæн равзæрстой абоны Ирыстоны хæхбæстæ, Кавказы тæккæ астæу. Цымæ цæмæн, сæ бон куы уыди хуыздæр бынæттæ равзарын? Уымæн æмæ уый уыди Хуыцауимæ баст зæхх.

Ирон адæм æмæ æрмæстдæр Ирыстоны хæхбæсты бафæрæзтой бахъахъхъæнын, Хуыцау канд ирон адæмæн нæ, фæлæ æнæхъæн Зæххы къорийы адæмтæн цы царды уагæвæрдтæ радта, уыдон. Ирон адæмæн уыцы хæзна бантыст бахъахъхъæнын сæ ирон Æгъдауы фæрцы.

Ирон Æгъдау у тынг рагон. Уый нын баззад нæ рагфыдæлтæ – нартæй.  Æмæ йæ схонæн ис зонындзинæдты æмбисонды  хæзнадон. Уымæн ирд æвдисæн у арф мидисджын ирон æмбисонд: «Æгъдау у ацы дунейæ Хуыцауы дунемæ фæндаг амонæг».

Адæймаджы сæйраг хæс кæддæриддæр уыд ацы Мæнг дунейы йæ УД сыгъдæгæй бахъахъхъæнын. Уымæн æмæ, куыд æй зонæм, афтæмæй Зæххыл ис куыд Хуыцауæй æрвыст сыгъдæг тыхтæ, афтæ хæрам тыхтæ дæр. Уыдон, ирон æмбисонд куыд зæгъы, афтæмæй алы бон дæр, алы хъуыддагæй дæр сайынц адæймаджы, Хуыцауæй йæ дард кæнынц æмæ йæ сæхи дунемæ ласынц.

Алы адæймагæн дæр ис бар кæцы тыхтыл æууæнды æмæ кæуыл фæдзæхсы йæхи, уый йæхи фæндонмæ гæсгæ равзарынæн. Уый тыххæй уыд афтæ ахсджиаг ирон æгъдауы домæнтæ æххæст кæнын, раст æмæ зылын æмбарын, цы фæтчы, цы нæ фæтчы, цы æмбæлы, цы не ‘мбæлы, уыдæттæ  кæнын, нæ   фыдæлтæ нын сæ куыд бафæдзæхстой, афтæмæй.

Цалынмæ ирон адæм хæхбæсты цардысты, æнгом, иузæрдион уыдысты, иу æгъдауыл хæцыдысты, афæдзы мидæг бирæ бæрæгбæтты æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ, Хуыцауæн табу кæнгæйæ – уæдмæ нæ дзуарджын хæхбæстæ уыдысты хъахъхъæд æцæгæлон адæймагæй, фыдгæнæгæй.

Дзуарджын бæстæйы табуйаг зæххыл нæй куыдфæндыйæ цæрын, хи æвзæр дарын, нæй дзы чъизи митæ кæнын. Уый тынг хорз зыдтой нæ фыдæлтæ. Бирæ рæттæм цæуын æппындæр нæ фæтчыд, иунæг къалиу дæр кæцыдæр къохæй, кæнæ хъæдæй рахæссæн нæ уыд.

Ирон лæг кæддæриддæр, канд бæрæгбонты нæ, фæлæ алы бон дæр хъуамæ æмбара – Ирыстоны хæхбæстæ кæй у дзуарджын бæстæ æмæ дзы хи дарын зонын кæй хъæуы.  Ууыл сахуыр кæнын хъæуы æрцæуæг адæмы дæр, ома нæм уазæгуаты чи вæййы, уыдоны дæр, цæмæй шортыты æмæ гом буæрттимæ ма цæуой   нæ табуйаг бынæттæм.

Хуссар Ирыстоны 2008 азы хæсты размæ Ленингоры районы гуырдзы æрбынат кодтой, ирæтты сæ хъæуты нал уагътой цæрын, тæссаг уыд хæхтæм цæуын. Æмæ уым рохуаты баззад ирон дзуар, Уастырджийы кувæндон. Уæддæр-иу иу ирон лæг алы аз дæр, дзуарæн йæ боны,  æгъдауимæ, куыд æмбæлы афтæмæй-иу ссыди уырдæм, Уастырджийыл йæ комбæсты адæмы бафæдзæхсынмæ.

Ирыстоны хæхбæсты хуымæтæджы не схуыдтой нæ фыдæлтæ Табуйаг зæхх. Æнæхъæн Зæххы къорийыл æндæр никуы ис, Ирыстоны цас ис, уыйбæрц табуйаг бынæттæ.

Дунейы ныффидар бæлвырд ахаст адæмты, культурæты табуйаг бынæттæм, уыцы ахастдзинад ахæм у, æмæ табуйаг бынæттæн нæй æндæр адæмтæн бацахсæн. Ирæттæ та кæйдæрты аххосæй сæ сыгъдæг дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ æндæр адæмтæн слæвар кодтой æмæ сын уыдон хицауиуæг кæнынц, сæхи дин сын куыд амоны, афтæ. Уый стыр хæрамдзинад у, тæригъæддаг ми. Ахæм культурон агресси халы дунеон барады фыст адæймаджы сæйраг бартæ æмæ сæрибардзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.