ÆРТÆ КÆРДЗЫНЫ ÆВИ ÆРТÆ «РАЗНИЙЫ»?..

Æндæр адæмтæн цы нæй, уый дæр агургæ кæнынц, фыдæлтæй сын цынæ баззад, уыдон исынц æндæртæй, суанг ма истори дæр, бирæтæ разы сты искæй фыдæлты кадæй сæхи сномджын кæныныл дæр. Махæн та цы ис, нæ фыдæлтæ нын кадæн, рæсугъддзинадæн цы ныууагътой, уыдоны дæр нæхицæн æгад æмæ æнад кæнæм.

Нæ фарн, нæ ирондзинад, не ‘гъдау æмæ нæ уагы æртæ кæрдзынæй табуйагдæр æмæ æфсæрмыйагдæр ницы ис, фыдæлтæй нæм цы удварн æрхæццæ, ууыл куы дзурæм, уæд. Цыфæнды мæгуыр хæдзар дæр йæ хæсыл нымадта стыр бонты Хуыцауы ном æртæ кæрдзынæй ссарын. Бинонтæ сыдæй куы мардаиккой, уæддæр сæ фæстаг ссады тæппмæ нæ февнæлдтаиккой. Æртæ кæрдзыны, ома, æртæ уæливыхы, кæцыты кодтой Хуыцауы номыл, хъуамæ уыдаиккой цыхтæй. Рæстæг куыд цыд, афтæ нæ ирон уæливыхты нымæцмæ бахаудысты картофджын, цæхæраджын æмæ афтæ дарддæр, фæлæ уæддæр Хуыцаумæ цы æртæ кæрдзынæй куывтой, уыдон хъуамæ уыдаиккой цыхтæй, хуыдтой сæ «сыгъдæг цыхтæй конд æртæ кæрдзыны».

Æппæты сæйрагдæр та – Хуыцауы, дзуары номыл æртæ кæрдзынæй куыд дзырдтой?.. Хуыцауы номыл, дзуары номыл, æндæр исты стыр боны номыл «æртæ кæрдзыны ракæнон»?..

Афтæ нæм нæ дзырдтой? Æрмæст нæ фыдæлтæм нæ, мæнæ ма нæм хæрзæрæджы дæр нæ дзырдтой афтæ? О, дзырдтой, фæлæ ма кæд ацы ныхас искуы, дард хæххон хъæуы искæцы зæронд усæй фехъусай, уый йедтæмæ… Ныр та куыд дзурынц? «Абон стыр бон у æмæ æртæ кæрдзыны «азакъаз» кæнон»… Æмæ уыцы закъазгонд кæрдзынтæй куывд Хуыцау кæнæ цы стыр боны номыл закъаз сты, уый айсдзæн? Куыд? Уыдон сæ номыл конд не сты, уыдон чи скодта, уый сæ скодта æрмæстдæр йæхицæн æхца бакусынæн, Хуыцау æмæ дæ дзуар йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыдысты, куы сæ кодта, уæд…

Стæй дын исчи гаранти дæтты æмæ сыгъдæг цыхтæй конд сты? Цыхтимæ сыл, асламдæр сын цæмæй слæууой, бæркадджындæр цæмæй зыной, уый тыххæй æндæр ницы ахæццæ кодтой? Кæд о, уæд уый та нысан кæны кæрдзыны фарнæй хынджылæг кæнын, æмæ ахæм кæрдзынтæй Хуыцаумæ, нæ дзуæрттæм цæмæн кувæм, хынджылæггаг нын сты?

Уымæй диссагдæр та… Кæд нæм рагæй фæстæмæ «æртæ цыхтæй кæрдзыны» кæнæ «æртæ цыхтджыны» традицион уыдысты, уæд сæ цæуылнæ ныууадзæм сæ уагыл, тыхми сын цæмæн кæнæм? Æртæ кæрдзын ракæнын зæгъыны бæсты ма «æртæ кæрдзын азакъаз кæнынмæ» бафтыдтам «æртæ разнийы» дæр! Ома, алыгъуызæттæ: хæбизджын, картофджын, цæхæраджын æмæ афтæ дарддæр. Æмæ йæ алчи дæр æмбарын кæны афтæ: мæ чызг картофджын уарзы, мæ лæппу – къабускаджын, мæ чындз – цæхæраджын, хæбизджын нæм нæ лæгы йедтæмæ ничи хæры…

Омæ кæд нæ традицион фæтк æмæ нæ кувинаг æртæ кæрдзынæн хæрыны йедтæмæ æндæр нысаниуæг нал дæттæм, уæд сæ кувгæ дæр мауал кæнæм, чи цы «джын» уарзы, ахæм перажкитæ балхæнæд æмæ йын тайæн уæд! Стыр Хуыцауы, нæ табуйаг дзуæртты сæ мæгуырыл ныууадзæм…

ХОРЫ УАЦИЛЛА

Фыдæлтæй фæстæмæ ирон адæм цы зæдтæ, дауджытæн табу кодтой, уыдонимæ уыдис бардуæгтæ дæр. Уыцы бардуæгтæй, сæ царды уавæртæ хынцгæйæ, сæйраг бардуагыл нымадтой Хоры бардауагы, хуыдтой йæ Уацилла. Уацилла ма нымад цыд æрвнæрды бардуагыл дæр.

Уациллайæн сæрмагонд кувæндæттæ ис Ирыстонæн йæ цæгат хайы дæр æмæ йæ хуссæр хайы дæр. Уыдонæй æппæты зындгонддæр у Тбау-Уациллайы кувæндон, ис Дæргъæфсы комы.

Хоры Уацилламæ кувгæйæ, ирон фынгыл кувæджы бынаты бадæг, ома, сидтамон хъуамæ скува Хоры Уацилламæ, цæмæй сæ фынг алы хатт дæр фидауа æртæ кæрдзынæй, цæмæй бинонтæн, хъæубæстæн, мыггагæн, комбæстæн æмæ афтæ дарддæр – æххуысгæнæг уа, кæрдзын, хойрагцух ма уой.

Мæлæт цы у?..

Лӕг йӕ усы бафарста:

–  Мӕлӕт куыд у?

– Гӕр, ӕмӕ йӕ нӕ зоныс, мӕлӕт куыд у, уый?

– Куы йӕ зонин, уӕд ма дӕу фӕрсин!

Уый йын загъта:

– Уӕдӕ мӕлӕт афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ куы ныууазал вӕййынц, уӕд амӕлы.

– Хорз, – зӕгъгӕ, загъта.

Ӕмӕ иу бон куы уыд, уӕд дыууӕ хӕрӕгыл горӕтмӕ ацыд, ӕмӕ горӕтӕй фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд ыл скъӕвда ис, ӕмӕ суазал лӕг, йӕ къухтӕ асгӕрста, йӕ къӕхтӕ дӕр ӕмӕ ныууазал сты. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы:

«Ныр амардтӕн!» Ӕмӕ къанауы ныххызт ӕмӕ уым схуыссыд. Хӕрджытӕ хӕдзармӕ ӕрбацыдысты. Лӕг фӕхуыссыд, райхъал ӕмӕ хъуыды кæнын байдыдта ӕмӕ загъта:

 «Уӕдӕ ныр уазал куы дӕн ӕмӕ ӕгас куы дӕн».

Цалынмӕ йӕхи сдардта, уалынмӕ йӕ фестынмӕ йӕ цурмӕ теуаджынтӕ ӕрбахӕццӕ сты. Теуатӕ лӕджы къанауӕй ӕвиппайды фестгӕ куы федтой, уӕд фӕтарстысты, фӕйнӕрдӕм ныппырх сты, ӕмӕ сӕ уӕргътӕ дӕр акалдысты. Теуаджынтӕ дӕр лӕджы хӕрзцъӕл ныккодтой. Сӕ хӕдзармӕ ма бацыд ӕнӕбары.

Бафарстой йӕ:

– Кӕм уыдтӕ?

– Мӕрдтыбӕсты уыдтӕн.

– Ӕмӕ куыд у Мæрдтыбæсты, дæ хорзæхæй?

Уый загъта:

– Мæрдтыбæсты æппæт дæр хорз у, фæлæ дзы теуаджынтæй дæхи хъахъхъæн, куы дыл сæмбæлой, уæд дын хорз нæ уыдзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.