Йӕ рӕстӕджы тохы улӕнтӕ  сӕ авдӕны  кӕй  ауызтой, ӕргом ӕмӕ уӕндонӕй  цагъарады дугы ныхмӕ  чи  сыстад, кӕнӕ сӕрибар  кӕнӕ мӕлӕт  чи  ныхъхъӕр кодта, йӕ адӕмӕн фӕдзӕхсӕгау  чи загъта – нӕ  фехъуыстон  ма зӕгъӕд, уыдоны разӕй  уыд ирон   мызыхъхъ лӕппу  Санахъоты Владимир  Аржеваны  фырт. Чи уыд Владимир, лӕгау-лӕджы  ном ӕм цӕй тыххӕй  ӕрхауд, уый раджы  ӕрцыд загъд: «Видный деятель  революционного  движения, один из  организаторов  и создателей  партийной организации Юго-Осетии». Загъд ма ис уый дӕр – «Советский государственный  и партийный деятель, ответственный секретарь  областного комитета КП Грузии  Автономной области  Юго-Осетии  (1922-1924)».

 Бӕрнон бынӕттӕ сты  уыдон  уӕды  рӕзгӕ  Ирыстонӕн. Цымыдисаг та у махӕн, цы фӕндӕгтыл  фӕцыд  Ладо (Дзау ӕй  афтӕ хуыдтой), цӕмӕй  ног дуджы  ахӕм бӕрзонд  ӕмӕ бӕрнджын бынаты  ӕрбадай.

  Владимир уыдис дзауаг, уым райгуырд  12 январы  1884  азы  мӕгуыр зӕхкусӕг лӕджы  хӕдзары, райдиан  ахуырдзинад дӕр Дзауы  райста  аргъуанон скъолайы. Ахуырмӕ ӕвзыгъд уыд, райдыдта ахуыр  кӕнын  Ӕрыдоны  духовон  семинары.

Зӕгъын уал хъӕуы уый, ӕмӕ Ӕрыдоны  семинар  йӕ рӕстӕджы  кӕй уыд иууыл зынгӕдӕр  ӕмӕ раззагондӕр  ахуыргӕнӕндон. Владимир  ам базонгӕ  дуджы раззагон  хъуыдытимӕ, рӕстӕг  цы  домдта, ахӕм  чингуытимӕ, революцийы хъӕр  дӕр ӕм ам бахъардта. Семинары  хистӕр  нӕ уыд райгонд Ладойы  хъуыдыты  фӕндӕгтӕй, бӕлвырдӕй та – йӕ революцион хъуыдытӕй ӕмӕ бацархайдта  ууыл, цӕмӕй  йын куысты бынат ма радтой мадӕр – Цӕгат   Ирыстоны, мадӕр  – Хуссар Иры.

Владимир йӕ  семинар  каст фӕцис  1904 азы. Фӕхауӕггаг лӕппу Ирыстонӕй, ацыд  са-хар  Читамӕ. Ӕндӕр  дуне, ӕндӕр адӕм, тагъд базонгӕ ам раззагон  хъуыдытыл  хӕст  кусджытимӕ, РСДР  партийы уӕнгтимӕ. Уыдон тынг бандӕвтой Ладойы дунембарынадыл.

 РСДРП-йы рӕнхъытӕм  бацыд  1905 азы,  декабры  мӕйы та  активон хайад  райста  Читайы  кусджыты  растады. 1911  азмӕ  цынӕ куыстытӕ  кодта Чита, Верхне-Удинаг, Иркутск ӕмӕ ӕндӕр горӕтты. Уыцы аз сыздӕхт  Владикавказмӕ, агуырдта  куысты бынат, фӕлӕ  йӕ  къухты  ницы бафтыд  ӕмӕ уӕд  ныххӕцыд хӕдзарон  уроктæ  дӕттыны  куыстыл.

Ӕнӕрынцой зӕрдӕйы  хицау уыд Владимир, 1912  азы  та ногӕй  аздӕхт Сыбырмӕ, бацыд  ахуырмӕ Томскы  университетмӕ, фӕлӕ дзы кӕронмӕ  нӕ бакаст, ногӕй аздӕхт  Иркутскмӕ ӕмӕ та кусын райдыдта Забайкалы ӕфсӕнвӕндаджы  конторӕйы хынцӕгӕй. Фӕкуыста  дзы  1914 азмӕ.

Владимирӕй  ахуыры  хъуыддаг  рох нӕ уыд, 1914 азы  ацыд Петербургмӕ, ссис  институты психоневрологон  факультеты студент. Уӕрӕсейы  артдзӕсты  ӕнцад  не ‘рбадт:  ам  йӕ зондахаст ноджы фӕуӕрӕхдӕр, фӕхъӕздыгдӕр, бӕстондӕр базонгӕ  дуджы  раззагон хъуыдытимӕ, хайад исын райдыдтой  студентты  алыгъуызон  кружокты. Уым ӕй  ӕрӕййӕфта  1917  азы февралы революци  ӕмӕ дзы  райста активон  хайад. Петрограды  студенты  революцион  змӕстытӕн  уыд сӕ астӕу, уыдонимӕ райста активон хайад Стыр Октябры социалистон  революцийы дӕр.

Революцион  зондахастыл  лӕуд  студенттимӕ ноябры мӕйы 1917 азы  Владимир  ӕрцыд Петрограды  губернийы  сахар Гдовскмӕ. Уым, 1917-1918  азы  уыд Гдовскы  уезды ӕххӕстгӕнӕг комитеты  сӕрдары хӕдивӕг, 1918 азы та ссис  йӕ сӕрдар. Уыдис  дзы ахӕм  хабар дӕр: 1918 азы райдианы  уыд немыцы ӕрбабырст. Владимир йе ‘мбӕлттимӕ растын кодта  зӕхкусджыты, йӕхӕдӕг  къухдариуӕг  кодта сырх ӕфсӕддонтӕн, аккаг ныхкъуырд  радтой  контрреволюци ӕмӕ интервенттӕн. Уезд сӕрибаргонд  ӕрцыд. Владимиры ном  ӕмӕ кад бӕрзонд систой Гдовскы  уезды адӕм.

 Уырыссаг  ӕмбисонд  ахӕм ис: «Алы ран дӕр хорз у, фӕлӕ хӕдзары –  иууыл хуыздӕр». Владимирӕн  ӕнӕзонгӕ  нӕ уыдысты Хуссар Иры хабӕрттӕ, ныр ӕм  фаг цӕттӕдзинад  уыд революцийы  фӕндӕгтӕ  адарддӕр кӕныны хъуыддаджы. Ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, июны мӕ-йы 1918 азы  сыздӕхт Ирыстонмӕ ӕмӕ ссис революцион  змӕлды  разамонӕг.

  Владимир ӕрӕййӕфта  Ирыстоны зынгӕ  революцион куыстгӕнджыты. Уый дын Абайты Алыксандр, Дзаттиаты Алыксандр, Козаты Разден, Плиты Арон ӕмӕ ӕнд. Йе ‘рыздӕхты кой ракодта  Плиты Арон  дӕр,  кӕцы  фыста:        «… 1918 азы сӕрды Санахъоты  Владимиримӕ иумӕ рараст стӕм Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕрӕвнӕлдтон организацион-пропагандистон ӕмӕ массон-агитацион  куыстмӕ».

 Уыцы аз июлы  мӕйы 1918 азы  уагъд ӕр-цыд  Компартийы  уӕнгты ӕмбырд, уым ӕрцыд ӕвзӕрст оргбюро Владимиры сӕргълӕудӕй.

Ацы партион  организацийӕн 1919-1920  азты  Владимир ссис  сӕрдар. Зӕгъын хъӕуы, уыцы азты ӕппӕт  змӕлд  ӕмӕ тохтӕн  Владимир  уыдис сӕ раздзӕуӕг, сӕ къухдариуӕггӕнӕг. Хуссар  Иры  революцион тохты  уавӕр  ӕмӕ  фӕстиуджыты дӕр  Владимир  хъусын кодта  Мӕскуымӕ – Кремлмӕ.

 Советон  хицауады  расидт Онӕй Душетмӕ  дӕр Владимиры хъусдарды бын уыд.  Хуссар Иры  революцион растад  Гуырдзыйы  меньшевикон хицауад  туджы  лӕсӕнты  бын фӕкодта. Цъыбыртты  сыгъд бакодтой Хуссар  Иры хъӕуты, адӕм – фӕндӕгтыл, рӕгътыл, Цӕгат Иры зӕххыл  цытӕ  бавзӕрстой, уыдӕтты  уыдта Владимир  ӕмӕ йе ‘мкусджытимӕ  ӕппӕт тых-тӕ дӕр радта уымӕ, цӕмӕй  лидзӕг, фӕхауӕггаг  адӕмы къух  фӕрӕуӕгдӕр кодтаид.

Ӕнӕзонгӕ  йын  нӕ уыдысты Бургъустаны  ӕрцӕуӕг хабӕрттӕ дӕр. Фӕуӕлахиз Советон  хицауад, 1921 азӕй  ралӕууыд  ног дуг, Хуссар Ир дӕр, иу стӕмтӕй  фӕстӕмӕ  здӕхын райдыдтой  сӕ сыгъд  уӕзгуытӕм.

1921  азы Владимир  ӕвзӕрст  ӕрцыд  Хуссар  Ирыстоны  Революцион комитеты  сӕрдарӕй. Йӕ бӕрны  уӕвӕг  хӕстӕ хорз  ӕмбӕрста, уыдоны ‘хсӕн зынгӕдӕрыл  нымадта  ӕрлидзӕг  адӕмы уавӕр. Ӕппӕт тыхтӕ  дӕр радта, цӕмӕй  адӕм  зымӕгон  къуымтӕм  баирвӕзой, хӕрд ӕмӕ дзаума цух  ма уой, сывӕл-лӕттӕ, фӕсивӕд та скъолатӕм  бацӕуой.

Йӕхи  царды  мӕт дзы  рох дӕр  фӕцис, йе ‘нӕниздзинадыл  адӕмы мӕтӕй  нал хъуыды кодта, 1921 азы  цалдӕр  мӕйы  уыдис  уатон  рынчын, фӕлӕ уӕддӕр йӕ  хъусдард  адӕммӕ нӕ  фӕнымӕгдӕр.

Уӕдмӕ  Хуссар Ирӕн  лӕвӕрд ӕрцыдис  Автономи. Ног Гуырдзыстоны  хицауад Республикӕ радтыныл не сразы, нӕ разы кодтой Автономион област радтыныл  дӕр. Ацы хъуыддаджы дӕр егъау  ролы схъазыд Владимир. Гуырдзыстоны  хицауад  тагъд бамбӕрстой, Хуссар Ирӕн  хуымӕтӕг  раздзӕуӕг  кӕй нӕй.

Ног  ралӕугӕ  хицауадӕн  Владимир  уыдис йӕ фӕдисон. Цынӕ куыстыты иста  хайад. 1924-1926 азты куыста Фӕскавказы краевон комитеты  хистӕрӕй, 1926-1932  азты  та куыста  Хуссар Ирыстоны  Автономон областы фӕндӕгты  арӕзтады хистӕрӕй; 1933-1934  азты та уыд Хуссар Ирыстоны адӕмон  ахуырады директор. Цӕрдӕг ӕмӕ арӕхстджын уыд  Владимир  алы  хъуыддаджы дӕр. Хъару ӕмӕ зондӕй  ӕххӕст  уыд, хъазуатон  уыд алы  куысты дӕр, сӕрыстыр  ӕмӕ райгонд  уыд партийы  разамындӕй. Царды  фыдӕбоны йедтӕмӕ ницыма федта, ног дуджы  54-аздзыдӕй йе уӕнгтӕ  куы  аивӕзта, уӕд ын ӕгъатыр  дуг, 1937 аз, йӕ базыр-тӕ ӕрцагъта. Ӕнувыд  цы партийыл уыд, ра-хуыдтой  йӕ  уый знаг. Ахст  ӕмӕ ӕхст ӕрцыд  1937 азы.

 Революцийы  знӕгтӕн сӕттын  чи  нӕ бакуымдта, уыцы фӕлтӕрӕй Ирыстон 1937 азы аззад ӕрттӕдӕлармӕй.

1920 азы  геноцидӕн  йӕ астӕу  чи уыд, ӕппӕтдӕр йӕхи цӕстӕй  чи федта, адӕмӕн сӕрибары цард чи  ӕрхаста, уыдон ӕнӕсдзырды  бон  фесты  1937 азы. Беджызаты Чермен ма бафӕрӕзта  зӕгъын: «Ссӕдзӕм аз  махӕй  кӕмӕй  фӕуа рохы, уый не ‘хсӕн  ӕлгъыст  уӕд  фӕлтау!».

 Арфӕйаг уӕт нӕ  президент  Бибылты  Анатоли, 2020 азы Мысӕн азыл  кӕй банымадта, уый тыххӕй. Мысӕн бонӕн йӕ сӕйрагдӕр  рӕстӕг  хауы  июны  мӕймӕ. Ардыгӕй уӕдмӕ  бирӕ ныхӕстӕ ӕрцӕудзӕн загъд, ныр нӕ  адӕммӕ  хуыздӕр ӕмӕ арфдӕр  бахъардзӕн, цӕмӕн  хуыйны  рагӕй фӕстӕмӕ ацы сӕйраг уынг – 8 июны  уынг.

 Цы хабӕрттыл  цӕуа  дзырд, уыдоны  ‘хсӕнӕй  бӕрӕгӕй  ӕрттивдзӕн  Санахъоты  Ладойы  ном.

   1937 аз кӕй  аныхъуырдта, уыцы ирӕтты   нымӕц егъау у. Уым бахаудтой  зынгӕ партион  кусджытӕ, фысджытӕ, дохтыртӕ, инженертӕ, колхозы активон  кусджытӕ, ахуыргӕнджытӕ. Карз ӕгъатыр дуг кӕй уыд, уымӕн ма егъау  ӕвдисӕн у иу  хъуыддаг. Ирон  адӕмӕй  алчи  дӕр федта  Транскамы фӕндагыл  Калоты  Зауырбеджы цырт. Чи уыд, ууыл бирӕ дзурын хъӕуы. Цыбыртӕй  та  йӕ зӕгъын: 1937  азы  дзыллӕ-йы  раззагондӕр  минӕвӕрттӕн мӕлӕты  тӕрхон  куы хастой, уӕд уыцы  номхыгъдмӕ бахас-той  Зауырбеджы дӕр. Уый та амард 1935 азы  йӕхи низӕй.

 Президент, Хицауад ӕмӕ Парламенты домӕн  раст ӕмӕ  хъӕуӕг у, уадз, дуне  зоной,  махӕн  фыццаг  ӕбуалгъы  геноцид  Гуырдзыстон  кӕй сарӕзта.  1920 азы  дунейы  прогрессивон  дзыллӕйад хъуамӕ зоной  ацы  хабар ӕмӕ ӕргомӕй  зӕгъой  сӕ хъуыды Ир ӕмӕ  Ирыстоны тыххӕй. Уыцы  адӕмтӕ  хъуамӕ бамбарой, Ир  рагӕй фӕстӕмӕ  дӕр  сӕ  фыдӕлты зӕххыл кӕй цӕрынц ӕмӕ йӕ  кӕй  никӕмӕн  ратдзысты. Уадз, зоной  уый дӕр, Ир  интернационалисттӕ кӕй сты, ӕндӕр нацитимӕ хӕларӕй  кӕй цӕрынц. Сыхагӕй  та  нӕ амонд  кӕй нӕй, уый мах аххос нӕу.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.