Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы хайадистæй Дзауы районы администрацийы хыгъдон æмбырды æрдзырдтой 2019 азы куысты фæстиуджыты тыххæй.

Районы сæргълæууæг Джиоты Андрей йæ доклады куыд банысан кодта, афтæмæй районы къухдариуæгады фыццаградон хæс у районы инфраструктурæйы рæзт: фæндæгтæ, донвæдтæ, хидтæ цалцæг кæнын æмæ арæзтад, цæрджыты хæдзæрттæ, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ культурæйы фадгуытæ цалцæг кæнынæн æххуыс бакæнын.

Дзауы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтæй 2019 азы уагъд æрцыдысты куыстытæ 29035490 сомы аргъ, уыимæ Къуайсайы – 13899803 сомы. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн цы æхцайы фæрæзтæ хицæн æрцыд, уыдон иууылдæр хардз æрцыдысты кондады рæстæджы, æххæст æрцыдысты цалцæггæнæн куыстытæ», – загъта районы сæргълæууæг.

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ æххæст æрцыдысты Хуыцъе-Чъимас, Морго-Чысыл Гуфта, Бузала-Морго, Æхслеб-Танделтæ, Стырфæз-Борджнисы хъæуты, Уыгæрдæнтæ-Хуымысæрты иувæрсты цæуæг фæндæгтыл.

Ныртæккæ районы территорийыл нæй ахæм цæрæн пункт, цы ранмæ не ‘рцыд автомобилон фæндаг арæзт.

Уымæй уæлдай ма арæзт æрцыдысты хидтæ ахæм хъæуты, куыд Цъон, Синагур æмæ Дзалабеты. Нуазыны донæй цæрджыты сифтонг кæныны фæдыл куыстытæ дæр адарддæр сты. Уагъд æрцыдысты цалцæггæнæн куыстытæ Уыгæрдæнтæ, Танделтæ, Дæллаг Æхслеб, Къроз, Уæллаг Рукъ, Ерцъо, Гуфта, Итрапис æмæ Чъимасы хъæуты донуадзæн хæххыты фæдыл.

Куыстытæ конд æрцыдысты Дзауы поселочы культурæйы æмæ хæрзарæзтады объектты, афтæ ма сабидæтты æмæ астæуккаг ахуырадон скъолаты, Дзау, Гуфта æмæ Къуайсайы.

Джиоты Андрейы ныхæстæм гæсгæ, хъæууон хæдзарад сæндидзын æмæ райрæзын кæныны фæдыл ист цæуынц мадзæлттæ, сæйраджыдæр фосдард æмæ зæхкуысты.

Уымæй уæлдай ма хыгъдон рæстæджы уагъд æрцыд районы фермерон хæдзарадты фос æмæ хъæууонхæдзарадон техникæйы инвентаризаци.

Районы фермерон хæдзарадты ис 215 сæры ставдкъах фос, 69 – мыдыбындзытæ чи дары. Районы сæрмагонд хæдзарадты ставдкъах фос ис 3280 сæры, 1228 чыргъæды – мыдыбындзытæ.

Фермерон хæдзарадты фыдызгъæлы æрконд у 178,5 центнеры, æхсыр – 872 центнеры, мыд – 126 центнеры, кæсаг – 15 центнеры. Сæрмагонд хæдзарадты арæзт æрцыд фыдызгъæлы 3870 центнеры, æхсыр – 18377, мыд – 187,3.

Проблемæтыл дзургæйæ, районы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, фермерон хæдзарадты ис хъæууонхæдзарадон техникæйы хъуагдзинад, кæцы фæзыны кондадон фæстиуджытыл. Æппæтæй районы фермерон хæдзарадты ис 6 хъæууонхæдзарадон техникæйы, уыдонæй 4 сты трактортæ æмæ 2 та – уæзласæн машинæтæ.

Пухаты Эрик районы администрацийы куыст банымадта хорзыл, æмæ бахæс кодта хъæууон администрациты сæргълæуджытæн, цæмæй бæрнондæр ахаст дарой районы цæрджыты проблемæтæм.

«Сымах хъуамæ æнгомæй кусат районон æппæт дæлхайадтимæ æмæ районы администрацимæ æрбавдисат раст бæлвырдгæнæнтæ уæ архайды тыххæй. Уый фæбæрзонддæр кæндзæн районы куысты æмвæзад», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.