Мыхуырæй рацыд журнал «Мах дуг»-ы ацы азы фыццæгæм номыр.

Журнал байгом рубрикæ «Редакторы ныхас»-æй «Ног фæндтæ, ног къахдзæфтæ, зæгъгæ, уымæй. Уым журналы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ фыссы: «Ацы аз нæ журналы бæрæг бынат бацахсдзысты Нафи æмæ Шамилы сфæлдыстад, сæ номыл фыст уацтæ. Сæ дыууæйæн дæр февралы уы-дзысты сæ мысæн бонтæ. Нафийы райгуырдыл æххæст кæны 95 азы, Шамилы райгуырдыл та – 80 азы. Уый фæдыл нæ редакцийы уæнгтæ ацы аз жур-налы расидтысты Нафи æмæ Шамилы аз»-æй. Уый ма фыссы, зæгъгæ,  журналы фæзындзæн ногдзинæдтæ.

Хъуылаты Созырыхъойы райгуырдыл сæххæст 120 азы. Уый цытæн журналы мыхуыр-гонд æрцыд йæ уацмыс «Хохаджы хъæстытæ».

85 азы сæххæст Дзуццаты Хадзы-Мураты райгуырдыл. Журналы мыхуыргонд цæуынц йе ‘мдзæвгæтæ æмæ йæ цыргъзонд хъуыдытæ.   

Уæлахизы 75 азы юбилеймæ журнал мыхуыр кæны Гериты Петр æмæ Тъехты Тамерланы уац зындгонд нывгæнæг-скульптор Дзанæгаты Чермены тыххæй, – «Хæстон æмæ нывгæнæг», зæгъгæ.

Рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст»-ы зонгæ кæнæм УФ-йы адæмон нывгæнæг Дзанæгаты Чермены куыстытимæ. Уымæн йæ райгуырдыл ацы аз æххæст кæны 100 азы. Ам ма фенæн ис Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы сфæлдыстадон къорд «Талатæ»-йы архайды тыххæй къамтæ.

Цомайты Ростиславы райгуырдыл 60 азы кæй сæххæст, уый тыххæй  Рубрикæ «Æмгары мысгæйæ»-йы бынмæ мыхуыргонд æрцыдысты йе ‘мдзæвгæты цикл «Уды цæрæнуат», афтæ ма Хозиты Барисы мысинæгтæ Цомайты Ростиславы тыххæй – «Тæхынц кæрæдзимæ нæ удтæ… ».

Журналы мыхуыргонд цæуынц Гусалты Барисы мысинæгтæ: «Кæм – хан, æмæ кæм – Ханджери, кæнæ иу дæр дзы фыссæг æмæ иннæ дæр».

Рубрикæ «Æрыгæтты æрмдзæф»-ы бынмæ мыхуыр æрцыд Гæззаты Давиды æмдзæв-гæты цикл «Хæрзбон, ивгъуыд».

«Ахуыргæнæгæн æххуысæн», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бынмæ журналкæсæг бакæсдзæн Къæлхидты Эльвирæ æмæ Легкойты Маринæйы уац «Сылгоймаджы фæлгонц Джыккайты Шамилы радзырдты».

Рубрикæ «Бакæсæм нæ хурты хуртæн», нæ зонгæ кæны Хъассохаты Калинины æмдзæвгæтимæ.

«Ирон прозæйы антологи»-йы бын мыхуыр æрцыд Дауыраты Дамиры цыбыр биографи æмæ йæ прозаикон уацмыс «Лезинкайы суадæттæ».

«Фыдæлты хæзнадон», зæгъгæ, ацы рубрикæ нæ зонгæ кæны таурæгъ «Сечъынаты хæйрæг»-имæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.