Куындыхаты номдзыд фыд æмæ фырт

Ирон адæмы историйы цы трагикон æмæ æнæмбæрст хабæрттæ ис, уыдонæй иу у ирон адæмы алыгъд Туркмæ. Абоны онг дæр нæ азфысджытæ, нæ ахуыргæндтæй бæрæг-бæлвырд хатдзæгмæ ничи ма æрцыд: цæмæн рауад афтæ, æцæгæй сæ сайгæ исчи фæкодта æви алцы дæр царды уæз æмæ уæды дуджы æбардзинады аххос уыд… Куыдфæнды ма уа, уæддæр Туркмæ ирон адæмы алыгъд сæйраджыдæр баст у ирон инæлар Куындыхаты Муссæйы номимæ. Муссæ йæ бинонтимæ Туркмæ алыгъд 1865 азы. Йæ бинойнаг уыд Хъуыбадты Косерхан, йæ фырттæ: Аслæнбег æмæ Хадзы-Бечыр, йæ хо Лезинка, хæрæфырттæ: Хазби, Хадзы-Умар, Хани. Семæ ма ацыдысты æнудæс адæймаджы сæ дæлбар зæхкусджытæй.

Уацамонгæ

Терчы облæсты æфсæдты командæгæнæг Лорис-Меликов фыста, Куындыхаты Муссæ йын комкомæ кæй загъта, цæмæн слæууыд Туркмæ лидзджыты сæргъ, уый: «Мæ зæрды уыд бы-нæттон цæрджыты фыдбылызæй фервæзын кæнын, фыдбылызæн та æнæрцæугæ нæ уыд, уымæн æмæ тæссаг уыд гæрзифтонг растадæй». 1877-1878 азты уырыссаг-туркаг хæсты уыд Турчы æв-варс, активонæй хæцыд Уæрæсейы ныхмæ. Муссæ амард 1889 азы горæт Эрзерумы, ныгæд дæр æрцыд уым, мæзджыт Нарманлы Джамийы.

Муссæйæн йæ фырттæй иу Хадзы-Бечыр (хуыдтой йæ Бечырби дæр, йæ туркаг официалон ном Бекир кæй хуынд, уымæ гæсгæ) райгуырд, сæ бинонтæ Туркмæ цы аз ныллыгъдысты, уыцы аз – 1865 азы. Уыд Кемаль Ататюркы иууыл æввахсдæр æмархайæг, æмтохгæнæг. Уыд Сивасы конгрессы делегат, уыцы конгресс сси Турчы националон бартыл тохы змæлды райдиан. Уый фæстæ Куындыхаты Хадзы-Бечыр уыд Бурсы, Бейруты, Алеппойы губернатор, Турчы Стыр националон æмбырды депутат. Дыууынæм азты та уыд Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. 1921 азы архайдта Лондоны конференцийы, кæцыйы ныхас цыд Æввахс Хурыскæсæны фарстатыл, уым адæмы размæ рахаста проект Кавказаг республикæ саразыны тыххæй. 1921 азы, майы мæйы ацыд отставкæйы. 1924 азы уыд Прогрессивон-республикон партийы зынгæ архайæг. Йæ бинойнаг уыд Тæгиатæй, æлдар Дудараты Дудары чызг Блюхан. Куыд зонæм, афтæмæй нæ фыццаг поэт Мамсыраты Темырболаты базыдтам Хадзы-Бечыры фæрцы, уый йын æрхаста йе мдзæвгæты Уæрæсемæ, Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр куы уыд, уæд.

Усæй æнувыддæр…

Иу мæгуыр лæг хъæды ауыдта, бирæгъ хæйрæджы куыд расур-басур кæны, уый. Лæг бирæгъыл йæ фæрæт ныздыхта. Бирæгъ фæстæмæ куыд фæзылд, афтæ хæйрæг æрбатары.

Лæг дарддæр цæуы. Иу ран ыл хæйрæг амбæлд æмæ йыл тынг ныцин кодта, фæарфæтæ йын кодта, кæй йæ фервæзын кодта, уый тыххæй, стæй йын афтæ зæгъы:

– Хъуамæ дын исты хорздзинад саразон, райсом мæм ацы бынатмæ æрбацу, демæ-иу ракæн, иууыл фылдæр дæ чи уарзы, уый.

Лæг сæхимæ ацыди. Бирæ фæхъуыды кодта, фылдæр æй чи уарзы, кæй акæна йемæ, ууыл æмæ сфæнд кодта йæ усы акæнын. Боны цъæхтыл араст сты нысангонд бынатмæ. Иу афон лæг фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта, сæ куыдз дæр сæ фæдыл кæй рацыд, уый, фæлæ йæ нал аздæхта фæстæмæ. Нысангонд бынатмæ куы бахæццæ сты, уæд æрбадтысты æмæ æнхъæлмæ кæсынц хæйрæгмæ. Лæг бафæллад æмæ афынæй бæласы бын бадгæйæ. Иу афон хæйрæг сæ цуры февзæрд рæсугъд лæппу-лæджы хуызы, йæ къухы фæрæт, афтæмæй æмæ лæджы усмæ дзуры:

– Охх, ацы рæсугъд æхсин, куыд цæрыс ахæм зæрондимæ, мæнæ дын фæрæт, амар æй æмæ мемæ цæрдзынæ.

Усæн йæ зæрдæ атад уыцы ныхæстæй, фæлæ-бурдта фæрæтмæ, йæ лæджы сæр дзы куыд æр-цæйцавта, афтæ йæм сæ куыдз йæхи баппæрста. Лæг фехъал, йæ ус æй марынмæ хъавыд, уый куы бамбæрста, уæд амæсты æмæ йæ амардта.

Уæд лæппу фæстæмæ хæйрæг фестад æмæ лæгæн дзуры:

– Федтай, чи дæ уарзы, уый?.. Уый дын мæ хорздзинад! Мæ фæрцы базыдтай, чи дæ уарзта æмæ нæ уарзта, уый.

Рагон ирон цæстдзыды арфæтæ

Раджы заманы ирон адæм Хуыцауы, дзуары фы-дæхæй, хинтæ æмæ кæлæнтæй куыд тарстысты, афтæ тынг тарстысты цæстыйæ, цæстыдзыдæй дæр. Уымæ гæсгæ нæм баззад бирæнымæц цæст-дзыды фæдыл арфæтæ.

Сафа, уæларв Сафа!

Ацы сывæллон де уазæг!

Мады цæстæй, фыды цæстæй дæр –

Макуы йæ скæн цæстыдзыд!

Калмы комы хæфс федтон,

Уæлхурмæ та – стъалы,

Зилгæ куырой – ривадæй,

Сывæллон та  – фыдуындæй…

(Ахæм арфæты фæстæ-иу арфæтæгæнæг хъуа-мæ йæ армыдзаг хоры нæмгуытæ доны ныккалдта-ид)

Хъæлдзæг хабæрттæ

Фæсхохаг ингæнкъахджытæ

Цалдæр фæсхохаг мæгуыр лæджы куыстагур араст сты дард балцы. Иу хъæуы сæ бахуыдтой хъæздыг, цæрæгджын хæдзармæ. Фынг сын авæрдтой. Фысымты бафæндыд сæ куыстагур уазджытæй ахынджылæг кæнын, сæхи сыл аирхæфсын. Иу афон сын фынгы хистæр ракуывта:

– Мæнæ фæсхохаг адæм, куыстагур стут æмæ иу къуыри махæн куыд кусат, иу бон та – уæхицæн, ахæм арфæ уæ уæд!

Фæсхохæгтæ сæ хæрын фæуагътой æмæ æмдзыхæй ныхъæр кодтой:

– Оммен, оммен!

Фысымтæ нырма кæрæдзимæ джихæй бакастысты, стæй худынмæ фесты, ома, адон бынтон æнæмбаргæтæ куы сты.

Фæсхохæгтæ сæхи хорз куы сæфсæстой, уæд фысымтæм дзурынц.

– Уæ лæггад бирæ, фæлæ мах куы æрулæфиккам, цæмæй нæ тæккæ райсом куыстыл улæфтæй бафтауат.

– Хорз, фæлæ кусгæ та цы кæндзыстут, кусгæ, куы ницæуыл ма бадзырдтам, цы куыстмæ арæхсут?.. – афарстой сæ фысымтæ.

– О, мах ингæнкъахджытæ стæм, æндæр ницæмæ арæхсæм, – дзуапп радтой фæсхохæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.