Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ацы аз кæй фæнды ацæуын нæ республикæйæ, уыдонæн сæ бон у бадæттын сæ куырдиæттæ æмæ документтæ 10 апрелæй 22 апрелмӕ. Бацæуын хъæуы Мидхъуыддæгты министрады рæнхъон скондимӕ куысты фæдыл управленимæ ахӕм адресыл – горӕт Цхинвал, Хетӕгкаты Къостайы уынг, 5.
Ацы аз Уӕрӕсейы Федерацийы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм арвитдзысты ӕрмӕстдӕр иу дӕсныйадӕй – «Правовое обеспечение национальной безопасности» В.В.Лукьяновы номыл Орловы юридикон институтмӕ, Краснодары мидхъуыддӕгты университетмӕ, Ростовы юридикон институтмӕ ӕмӕ ма ацы аз фыццаг хатт бынӕттӕ радта Санкт-Петербурджы университет дӕр.
Ахуырмӕ исынц, 16 азӕй 24 азмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕмты. Кандидат хъуамӕ дзуапп дӕтта ӕмбӕлон домӕнтӕн, уа йӕм астӕуккаг ахуырад, йе ‘нӕниздзинад ма цуда. Уый фӕстӕ рацӕудзӕн професионалон-психологон цӕттӕдзинад ӕмӕ ратдзӕн нормативтӕ физикон цӕттӕдзинадӕй. Уыдзӕн сын фӕлварӕнтӕ уырыссаг ӕвзагӕй, историйӕ ӕмӕ ӕхсӕнадзонынадӕй.
Ӕнтыстджынӕй чи радта фӕлварӕнтӕ, уыдоны бахӕсдзысты мидхъуыддӕгты министрады рӕнхъон сконды хыгъдмӕ ӕмӕ сын ратдзысты сӕрмагонд нӕмттӕ. Ифтонг ӕрцӕудзысты хӕлцӕй, уӕлӕдарӕсӕй ӕмӕ цӕрӕнуатӕй. Ахуыр фӕуыны фӕстӕ сӕ службӕ адарддӕр кӕндзысты барадхъахъхъӕнӕг органты.
ДЖИОТЫ Алыксандр