Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæттæм та ацы аз дæр Хуссар Ирыстонæй арвитдзысты курсанттæ.  Ныридæгæн сæ гæххæттытæ балæвæрдтой 52 адæймаджы – 36 лæппуйы æмæ 16 чызджы, кæцытæ дарддæр хъуамæ равдисой сæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ.

Фыццаг уал хъуамæ рацæуой психодиагностикон басгæрст. Мидхъуыддæгты министрады психолог Хуыгаты Миленæ куыд бам-барын кодта, афтæмæй ацы басгæрст конд у дыууæ хайæ – фыццаг уал рацæудзысты фысгæйæ тесттæ æмæ стæй та алкæцы адæймагимæ дæр аныхас кæндзыстæм хицæнæй.

«Бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ сæ акодтам æртæ дихы. Дыууæ боны æмгъуыдмæ хъуамæ радтой фысгæйæ тесттæ æмæ стæй уый фæстæ алкæимæ дæр ныхас кæндзыстæм хицæнæй. Ацы басгæрст нысанмæздæхт у, цæмæй сын сбæлвырд кæнæм сæ психологон хъæддыхдзинад æмæ ахуырхъомдзинад», – зæгъы Миленæ.

Психологон тестты фæстæ та дæтдзысты фæлварæнтæ. Уымæй уæлдай ма рацæудзысты ме-дицинон басгæрст æмæ равдисдзысты сæ физикон арæхстдзинад. Ацы аз ахуыры бынæттæ рахицæн кодтой Нижегородскы, Волгограды академитæм, Воронежы институтмӕ, Орловы ӕмӕ Ростовы юридикон институттæм.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.