Гасситы Знауыры фембæлд Дмитри Мезенцевимæ

Цæдисон паддзахады Æдзухон комитетимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмархайды фæлгæтты, РХИ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр фембæлд Цæдисон паддзахады паддзахадон секретарь Дмитри Мезенцевимæ.

Ныхасы рæстæджы æруынаффæ кодтой ацы азы архайды алыгъуызон здæхтыты æмгуыстады фарстатыл, уыцы нымæцы ахуырад æмæ культурæйы фадыджы. Афтæ ма, Беларусы Республикæ немыцаг-фашистон тыхæйисджытæй ссæрибар кæныныл 80 азы сæххæсты сæраппонд цытджын мадзæлтты Хуссар Ирыстоны минæвæртты хайадистыл.

Гасситы Знауыр бузныг загъта Дмитри Мезенцевæн хъарм химæрайсты тыххæй æмæ ныфс бавæрдта дарддæр æмархайд кæнынæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.