Нӕ республикӕйы астӕуккаг скъолатӕ ацы ахуыры азӕй уӕззаудӕр рӕстӕджытыл никуыма сӕмбӕлдысты. 90-ӕм азты куыннӕ бавзӕрстам зындзинӕдтӕ, фӕлӕ уӕд йӕ аххосаг хӕстон архайдтытӕ уыдысты ӕмӕ-иу скъолаты мӕйгӕйтты ахуыр куы нӕ цыдис, уӕддӕр-иу дзы ахӕм диссаг ничи арӕзта. 2020 азы райдианы нӕ республикӕйы сыстадис гриппы эпидеми ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕхгӕд ӕрцыдысты. Карантин фӕцис, ахуыры процесс ӕрнывыл ӕмӕ та уӕдмӕ фӕзынд ног низ, «коронавирус», зӕгъгӕ. Ныр эпидемийыл нал аирвӕзтыстӕм – ӕгас дунейы бакодтой пандеми. Ацы вирус тӕссаг кӕй у, ууыл дзурӕг сты Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы бӕстӕты эпидемийы ныхмӕ райсгӕ мадзӕлттӕ. Ӕмӕ та 17 марты нӕ бӕстӕйы къухдариуӕгад дӕр рахастой фӕндон, цӕмӕй та баконд ӕрцӕуа карантин ахуыргӕнӕндӕтты, кӕцыйы апрелы мӕйы ноджы адарддӕр кодтой.

Ӕппӕт ацы мадзӕлттӕ ист ӕрцыдысты, цӕмӕй нӕ республикӕйы цӕрджытӕ сӕхи бахизой ӕмӕ нӕм ма ӕрбаирвӕза ацы ӕнӕхайыры вирус. Скъолатӕн бакӕнӕн нӕй ахӕм уавæры ӕмӕ ахуырдзаутӕ фӕстейӕ баззадысты программӕйӕ. Уый фӕдыл фӕндон рахастой, цӕмӕй райдайой уроктӕ уадзын дистанцион методӕй, кӕцы Хуссар Ирыстоны скъолаты у ног фӕзынд.

Уӕрӕсейы Федерацийы дистанцион методӕй кӕнӕ та онлайн методӕй чи пайда кӕны, уыцы скъоладзауты нымӕц хизы 100 минмӕ ӕмӕ азӕй-азмӕ фылдӕр кӕнынц. Ныры онг дзы пайда кодтой алыгъуызон низтӕй рынчын сывӕллӕттӕ, кӕцытӕн фадат нӕ уыд скъоламӕ цӕуынӕн. Фӕлӕ фӕстаг азты технологитӕ размӕ афтӕ ацыдысты, ӕмӕ бирӕ ныййарджытӕ сразы сты, цӕмӕй хӕдзарӕй ахуыр кӕной сӕ сывӕллӕттӕ. Ахӕм ныййарджыты дӕр бамбарӕн вӕййы, уымӕн ӕмӕ бирӕ скъоладзаутӕ нӕ фӕфидауынц се ‘мкъла-сонтимӕ кӕнӕ та вӕййынц ӕхгӕдзӕр-дӕтӕ, кӕцыдӕр сывӕллӕттӕ та вӕййынц нардгӕнаг ӕмӕ сӕ фӕхынджылӕг кӕнынц иннӕ сывӕллӕттӕ. Ахӕм уавæрты сывӕл-лон цӕмӕй психологон травмӕ ма райса, уый тыххӕй йын дистанцион методӕй ахуыр кӕнын пайдадӕр вæййы психологты хъуыдымæ гæсгæ. Ӕрмӕст ӕдзухдӕр хъуамӕ уа хъусдарды бын. Иу стӕм скъола-дзау йедтӕмӕ хибарӕй ничи сахуыр кӕндзӕн йӕ уроктӕ, уӕлдайдӕр та хӕдзары иунӕгӕй куы уа, уӕд.

Хуссар Ирыстоны скъолаты дистанцион ахуыры бакондыл ныййарджытӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ сӕмбӕл-дысты алыгъуызон уавӕрты. Ныййардджыты фылдӕр хай разы не сты ахӕм методыл ӕмӕ йӕ нымайынц ӕрмӕстдӕр «ӕппын нӕйы бӕстыйыл». Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ скъоладзаутӕ нӕ исынц æмбæлон зонындзинӕдтӕ. Уымӕй уӕлдай ма бирæтæн нӕй фӕрӕзтӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллæтты сиф-тонг кӕной смартфонтӕй ӕмӕ интернетӕй, – компьютертыл дзырд дӕр нӕ цӕуы. Ныры онг интернет кӕмӕ нӕ уыдис, уыдон дӕр ӕй бар-ӕнӕбары баиу кодтой. Фӕлӕ бирӕ хатт интернет дӕр фӕкусы æвзӕр ӕмӕ удхайраг фӕвӕййынц скъоладзаутӕ дӕр ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр. Интернеты хабар мӕгуыраудӕр уавӕры ис дӕрддзӕф хъӕуты – сигнал вӕййы бынтон лӕмӕгъ кӕнӕ та гӕнӕн ис ӕмӕ электроны рухс бынтондӕр ахуысса. Стӕй «Мегафон»-ы бастдзинад дӕр ахӕм тарифтӕ сӕвӕрдта интернетыл ӕмӕ йӕ 450 сомӕй куы баиу кӕнай, уӕд дын фаг у ӕрмӕстдӕр 3-4 бонӕн. Ӕмӕ ӕвӕрӕз бинонтӕм кӕм ис уыйбӕрц ӕхцайы фӕрӕзтӕ?

Интернет рæстæггай æвзæр кæй фæкусы, уымæй пайда кæнын райдыдтой скъоладзау-тæ дæр, сæ комкоммæ эфирты рæстæджы куы фæдзуапп кæнынц ахуыргæнæджы фарстатæн, уæд. Зæгъæм, ахуыргæнæджы фарстайæн йæ бон сдзуапп кæнын куы нæ вæййы, уæд райдайы дзурын, ома, нал дæ хъусын дзæбæх, æмæ йын уæдмæ йæ фарсмæ бадæг кæнæ йе ‘мбал дзуапп ацæттæ кæны æмæ та уæд «интернеты бастдзинад æрнывыл вæййы». Ӕмæ ахæм уавæры ахуыргæнæг куыд уынгæджы фæуа, куыд сбæрæг кæна скъоладзауы æцæг зонындзинæдтæ?

Иртасӕн куыстытӕ бакӕныны фӕсти-уӕгӕн уӕрӕсейаг педагогтӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй дистанцион ахуыры рӕс-тӕджы скъоладзаутӕ фаг зонындзинӕдтӕ нӕ райсынц хими, биологи ӕмӕ физикӕйы предметтӕй, уымӕн ӕмӕ сын нӕ фӕфаг кӕны реалон практикон уроктӕ. Уымӕй уӕлдай ма, фӕсарӕйнаг ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ, скъоладзауы дзыхы ныхас дӕр фӕкъуыхцы вӕййы. Уымӕн та йӕ аххосаг у,  комкоммӕ адӕймагимӕ кӕй нӕ фӕныхас кӕны, уый.

«Скъоладзауӕн ахуыргӕнӕг куы нӕ райхала урок, йӕ ныхас ын куы нӕ хъуса ӕмӕ йӕ куы нӕ уына, уӕд ӕй зынтӕй бамбары. Махмӕ ахуыргӕнджытӕ ӕрбарвитынц хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын сдзуапп кӕнӕм смартфоны руаджы, ӕмӕ йӕ бӕллӕх дӕр уый мидӕг ис. Мӕ сывӕллоны цӕстытӕ, уыцы телефоны экранмӕ кӕсгӕ-йӕ, фехӕлдзысты ӕмӕ мын фӕлтау ӕнӕахуырӕй баззайӕд. Мӕнӕн сӕйраг у мӕ сывӕллоны ӕнӕниздзинад. Раздӕр ӕй тынг хъахъхъӕдтон интернетӕй, нӕ йӕ уагътон арӕх телефонмӕ, фӕлӕ ныр ацы дистанцион ахуыры рӕстӕджы райсомӕй изӕрмӕ уыцы интернеты баззайы. Стӕй ма йӕ афӕрсын, – «цалӕй стут онлайн урокыл къласӕй?», – ӕмӕ мын фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, нӕ къласы ӕмбис хай дӕр нырма никуы ӕрӕмбырд ис. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ ацы ахуыр исты пайда хӕссы скъо-ладзаутӕн», – зӕгъы Лианӕ,  горӕт Цхинвалы цæрæг, хис-тӕр къласы ахуырдзауы ный-йарӕг.

Ӕмæ цымæ куыд хъуыды кæнынц ахуырдзаутæ та? Сывæллæттæн сæ фылдæр хаймæ ахæм ахуыры метод кæсы хъазты хуызæн æмæ йыл нырма сæхи ирхæфсынц. Ӕнæуый та, ахуыргæнджытæ куыд дзурынц, афтæмæй раздæр æнæзивæг чи уыд ахуырмæ, уыдон ныр дæр сты иууыл активондæртæ. Ис ма ахæм бинонтæ дæр, æмæ ныййарджытæ боныгон вæййынц куыстыты æмæ сывæллон баззайы хибарæй, афтæмæй та бæрæг нæ вæййы, ахуыр кæны йæ уроктæ æви нæ, уый. Ӕмæ йæ ныййарджытæ йæ фарсмæ куы уой, уæд уый кæцыдæр скъоладзауæн йæ уроктæ хорз сахуыр кæнынæн æппындæр ницы ахъаз у. Уымæн æмæ æз мæхæдæг æвдисæн уыдтæн, кæцыдæр ныййарджытæ сæ сывæллæтты карæны куы уыдысты, уæд скъоламæ рæстмæ кæй нæ цыдысты æмæ кæй нæ ахуыр кодтой. Ӕмæ ахæм ныййарæг ахуырдзауæн цы хъуамæ баххуыс кæна?

«Дистанцион ахуырæй æз ныридæгæн тынг стыхстæн, уымæн æмæ бирæ темæтæ рæстмæ нæ фембарын. Раздæр-иу нын ахуыргæнæг урокыл райхæлдта алы æнæзонгæ фарст дæр, алцыдæр-иу мын бамбарын кодта æмæ мын ныр ахæм фадат нал ис. Ме ‘мкъласонты æмбисмæ нæ вæййы интернет  кæнæ смартфон æмæ нæ рахи-зынц онлайн урокмæ. Цалдæр æмкъласонæн та цалынмæ сæ ныййарджытæ куыстытæй æрбацæуынц, уæдмæ сын нæ вæййы фадат ахуыргæнæгимæ бастдзинад саразынæн. Мæнæн ахуыргæнæг цы хæслæвæрдтæ радты, уыдон куыд фембарын, афтæ сæ саразын. Фæстаг бонты мæ цæстытæ тынг райдыдтой риссын. Уымæн æмæ нын исто-рийæ чиныджы фыццаг хай фæцис æмæ ахызтыстæм дыккаг хаймæ. Фæлæ нæм чингуытæ кæй нæй, уый фæстиуæгæн мæ уроктæ фæахуыр кæнын, интернеты смартфоны экранæй фæрсгæйæ», – зæгъы Амандæ, го-рæт Цхинвалы скъолатӕй сӕ иуы 6-æм къласы ахуыргæнинаг.

Ахæм проблемæтимæ горæты скъолатæ кæм æмбæлынц, уым районты, хъæуты скъолатæ та куыд кæнынц?.. Кæцыдæр дæрд-дзæф хъæуты интернет нæ, фæлæ ма дзы, æгæрыстæмæй, чырæг телефоны бастдзинад дæр рæстмæ нæу. Ахуырад æмæ зонады ми-нистрады райдианы ахæм фæндон рахастой, цæмæй уроктæ уадзой расписанимæ гæсгæ. Фæлæ уымæн гæнæн нæй, уымæн æмæ уыцы-иу афон ничи æртымбыл кæндзæнис къласы сывæллæтты. Ӕмæ цалдæр скъоладзауы кæй хæдзары ис æмæ иу смартфонæй чи пайда кæны, уыцы  ахуырдзаутæ та цы хъуамæ саразой? Уæл-дай уынгæджы сты ахæм ахуыргæнджытæ, кæцытæн сæхи сывæл-лæттæ дæр сты скъоладзаутæ.

«Сывæллæттæн сæ фылдæр хай уроктыл, къласы бадгæйæ, ахуыргæнæгмæ зæрдиагæй никуы фæхъусынц, æмæ дистанцион методæй куыд ахуыр кæндзысты? Терегуаны скъолайы ахуырдзауты фылдæр хаймæ абоны бон дæр нæй интернет. Уый фæстиуæ-гæн, ахуыргæнæг хъуамæ радгай дзура телефоны скъоладзаутæм, фæамона сын сæ уроктæ, хæслæвæрдтæ сын радта æмæ сын стæй сæ зонындзинæдтæ рафæлгъауа. Хорз у, æмæ скъоладзаутæ бирæ не сты, æндæра бынтон уынгæджы уаиккам. Хистæркъласон-тæ сæхицæн сарæзтой интернеты къордтæ, фæлæ дзы цы пайда ис, – интернет сæм нæ вæййы. Ацы ахуыры метод æрмæстдæр у уый хос, цæмæй сывæллæттæ бынтон рохуаты ма аззайой. Ӕз, куыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, афтæ тынг тыхсын ацы дистанцион ахуырæй. Иннæ предметтæй интернеты ис тынг бирæ æрмæг – конспекттæ, онлайн уроктæ, фæлæ нæ мадæ-лон æвзагæй та кæм цы ссардзынæ? Ноджы ма зындзинæдтæ æв-зарæм хаххнывкæнынады æмæ музыкæйы уроктæ уадзыны. Нæ ахуыргæнæндæтты рагæй фæстæмæ уæлдай хъусдард здæхтой спорты фадыгмæ æмæ ацы дистанцион ахуыры физкультурæйы урок ауадзынæн бынтондæр ницы амал ис. Кæд нæм интернет рæстмæ нæ кусы æмæ йыл хъæцæм, уæд ма электроны рухс дæр ахицæн вæййы æмæ уый фæстиуæгæн бынтон ныкъуылымпы вæййæм», – зæгъы Терегуаны астæуккаг скъолайы директор Тадтаты Ритæ.

Иумийагæй сисгæйæ, нæ республикæйы хъæууон скъолаты фылдæр хайæн дистанцион ахуырæн æмбæлон уавæртæ кæй нæй, уый дызæрдыггаг нал у. Фæлæ Цхинвалы скъолатæ та куыд цæттæ сты ацы ног фæзынгæ ахуыры методмæ?

«Махæн нæ ахуырдзауты 75 проценты бæрц активонæй ахуыр кæнынц ацы методæй. Ис нæм ахæм категорийы сывæллæттæ, кæ-цыты сæ ныййарджытæ карантины фæстиуæгæн акодтой хъæу-тæм æмæ сын ныр фадат нæй интернетон бастдзинад саразынæн. Фæлæ уыдонмæ дæр телефонæй фæдзурынц сæ ахуыргæнджытæ æмæ сын радтынц хæслæвæрдтæ. Нæ ахуырдзаутæ пайда кæ-нынц алыгъуызон онлайн порталтæй, кæцытæ стыр ахъаз сты скъоладзауты зонындзинæдтæн. Азы дæргъы æгæр бирæ рæстæг кæй рауагътам ахуыры процессæй, уымæ гæсгæ алкæцы ахуыргæнæг дæр тырны йæ ахуырдзаутæн æмбæлон зонындзинæдтæ радтын-мæ, цæмæй программæйæ фæстейæ ма баззайæм. Райдианы зын уыд куыд скъоладзаутæн, афтæ ахуыргæнджытæн дæр, фæлæ стæй фæцайдагъ стæм. Фæлæ… Не скъола ифтонг у нырыккон оргтехникæйæ, алкæцы ахуыргæнæгæн дæр ис хисæрмагонд компьютер æмæ нын ныр скъоламæ бацæуыны фадат кæй нæй, уый тыххæй æвзарæм зындзинæдтæ. Алкæцы ахуыргæнæгмæ хæдзары нæй компьютер кæнæ йæм нæй интернет, æмæ бар-æнæбары архайы чырæг телефонæй. Ӕмæ ахуыргæнæгæн афтæ тынг зын у. Цæмæй æнæхъæн къласæн хæслæвæрдтæ радтай, темæтæ сын бамбарын кæнай, сæ дзуаппытæм сын байхъусай кæнæ сын сæ фе-най, уымæн бирæ рæстæг хъæуы æмæ цæстытæ фæриссынц эк-ранмæ кæсынæй. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын ныййарджытæн, кæцытæ бацыдысты нæ уавæры æмæ нын æххуыс кæнынц. Кæцыдæр предметты систам расписанийæ, уымæн æмæ сын нæй уадзæн дистанцион æгъдауæй. Фæлæ, иумийагæй сисгæйæ, æз райгонд дæн мæ ахуыргæнджытæй дæр æмæ ме скъоладзаутæй дæр», – зæгъы Цхинвалы фыццæгæм скъолайы директор Гобозты Русудан.

Куыд уынæм, афтæмæй дистанцион ахуыр бынтон æвзæр нæу, – æрмæст скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ хъуамæ æнæмæнг ифтонг уой интернет æмæ смартфонтæй, иууыл хуыздæр – компьютертæй. Рæстæг æй куыд равдыста, уымæ гæсгæ нæ республикæйы скъолатæ бирæбæрцæй нырма цæттæ не  сты дистанцион ахуырмæ. Стæй ацы методы хæрзиуджытæ куыд ис, афтæ дзы хъуагдзинæдтæ дæр бирæ ис. Ахуырдзау раст куы  пайда кæна интернетæй, уæд дзы ссарæн ис тынг бирæ алыгъуызон æрмæг æмæ йын ахуырмæ тырнындзинад куы уа, уæд хæдзары бадгæйæ дæр райсдзæнис æмбæлон зонындзинæдтæ. Фæлæ психологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллонæн æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй  йе ‘мкарæнтимæ æмбæла, ныхас кæна, хъаза. Уый æддейæ ма, скъолайы урокыл бадгæйæ, йæ урок дзургæйæ, фидар кæны йæ дзырдыгъæд, иуварс кæнынц йæ комплекстæ æмæ йæхи фæхаты бæрæг хуыздæр. Не ‘хсæнад уыцы æмвæзадмæ нæма схызт, цæмæй дистанцион ахуырмæ рахизæм. Традицион скъолатæ фылдæр пайда хæссынц куыд ахуырдзаутæ æмæ педагогтæн, афтæ ныййарджытæн дæр.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.