Цæй, нæ зынаргъ газеткæсджытæ, рæстæг æрцыди радон къуырийы хатдзæгтæ скæнынæн æмæ æрымысынæн, цæмæй баззади уый нæ зæрдæты.

Къуырисæры ма нæм Францæй сыгъдгомау круассанты тæф хæццæ кодта, 404-æм паддзахады та се фсадмæ бархионты рацахсынæн ног фæрæзтæ  агуырдтой. Уыцы рæстæг америкаг президенты фырт æндзыг цæстытæй касти тæрхонгæнæгмæ æмæ йæхи раст кодта, зæгъгæ, цытæ дзурыс, наркотиктæ мæ фыны дæр никуы федтон. Сихоры гуырдзиæгтæ загътой, Пригожины змæсты рæстæджы, дам, нын уыди стыр шанстæ Сочи бацахсынæн, фæлæ, дам, нæ цыдæр тых баурæдта. Æбæрæгæй баззад цы уыди – æрдзон æнæндиуддзинад сæ æрурæдта æви Саакашвилийæн хъуырбæттæнтæ (галстуктæ)  не сфаг ис.

Дыццæджы дам-думтæй бæстæ байдзаг, Путин, дам, йæхæдæг хъизæмæрдтæй мары Гуырдзыйы раздæры президенты æмæ уый сæраппонд байгом кодта Уæллаг Ларсы «уæлахиздзауты» паддзахадимæ комкоммæ авиабастдзинад.

Украинæйæгтæ раздæрау лæгъстæ кодтой НАТО-йæн, райсут нæ уæхимæ æмæ дзырдтой, уырыссæгтæ рæхджы спырх кæндзысты Запорожаг АЭС, зæгъгæ.  Уый, дам, сын куы нæ бантыса, уæд та, дам, сæ гарзджын тыхтæ сараздзысты Украинæйы дæлконтролон территорийыл иннæ АЭС-тæй искæцыйы æрдæм. Фронты Украинæйы контрбабырст цыди. Ацы хатт бацахстой цалдæр квадратон сантиметры. Уый æмбаргæйæ, сæ сæйраг развæдсгарæг Данилов загъта, никуыдæм уал цæуын хъæуы.

Францы Макронæн фæзынди фадат йæ резиденцийы дуарæй афæлгæсынæн.

Æртыццæджы райхъуыст æвирхъау хабар. «Новая газета»-йы редакторы фæнадтой Цæцæны. Йæ къухты æнгуылдзтæ йын ныцъцъæл кодтой, зеленкæ йын йæ цæсгомыл бакалдтой. Изæрмæ адзæбæх æмæ хæдтæхæджы бадтис, йæ «саст æнгуылдзытæ» та рæвдз ралидз-балидз кодтой клавиатурæйыл.

Украинæйы хъахъхъæнынады министр йæ удæй уд кодта, цæмæй китайаг минæвары бауырнын кæна, сæ уæлдæфон тасдзинады ныхмæ (ПВО) хæцæнгарз уæрæсейаг «Кинжал»-лыл кæй тых кæны, ууыл. Фæлæ йæ нæ бауырныдта æмæ фæстæмæ афардæг, Кличкойы коллекцимæ кæсгæ дæр не ‘ркодта, афтæмæй.

Изæрырдæм рабæрæг, миллиардер Пригожинæн кæй ис æнæхъæн хисæрмагонд хæдзар. Æмæ дзы цы нæй, суанг ма джакузиимæ бассейн дæр! Æхсæвæр хæрын нæ ферох, афтæмæй бафынæй стæм.

Цыппæрæмы ныл сæмбæлд хабар. АИШ цæттæ у украинæгтæн кассетон тыхон фæрæзтæ радтынмæ. 404-æм паддзахады цинæн кæрон нал уыдис, фæлæ радон уæлдæфон фæдисы фæстæ тарастæ куыддæр фæсабыр сты.

МАГАТЭ-йы ног æмæ ног æрвыстой ЗАЭС-ы рæмудзæн фæрæз агурынмæ. Реакторæй хъауджыдæр сын станцы иу æнæбасгæрст бынат дæр нал баззад.

Фæссихор та Зеленский Евроцæдисы чысыл паддзахæдтæм ногæй абалц кодта æхца æмæ хæцæнгарз курæн турнейы. Базылдис Болгаримæ, Чехимæ æмæ ма кæдæмдæр. Фæлæ йæ цæсгом райгонд нæ уыдис.

Майрæмбон хъæлдзæг æмæ райдзаст æнкъарæнтæй райдыдта. Уæдæ куыд? Майрæмбоны фæстæ улæфæн дыууæ боны зæрдæмæ хъарм уылæнтæ фæхæссынц.

Æрмæст Зеленскимæ уыцы уылæнтæ нæ бахæццæ сты – комкоммæ йын загътой, Евроцæдисы саммитмæ дæ нæ хонæм. Æвæццæгæн, ацы хатт наркоманæй баулæфыны фæнд скодтой. Багæдзæ кæныны фæндон рахастой куынæггæнæг хæдтæхджытæ Украинæйæн радтыны хъуыддаджы. Уыдоны бæсты украинæгты къухты ныссагътой авиасимулятортæ. Уадз æмæ контрбабырсты æхсæн улæфæн сахæтты, дам, сæхи ирхæфсой æмæ тренировкæтæ кæной райгуырæн хуторты, зæгъгæ.

АИШ-ы æппынфæстаг сбæрæг кодтой, урс ссадæг кокаин кæй у. Æбæрæгæй баззад, номхыгъдæй уыцы ссадæг чи ‘рбахаста. Æмæ уæд Урс Хæдзары нырыккон хицауы аххосджын скæныны фæнд рахастой. Ома, зæронд лæг у æмæ ма йын цы уæлдай у. Уынгæй искуыцæй  дæр æй æрбахастаид, ницыуал æмбары æмæ.

Сабаты сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй 500 боны æмæ УӔТ-ты сæйраг командир Залужныйы гуырæн бон снысан кодтой. Йæхи йын нæма ссардтой, фæлæ уый кæй æндавы. Сæ хицауады уæнг Анна Маляр та официалон æгъдауæй цингæнгæйæ радзырдта, Хъырымы хид уыдон кæй спырх кодтой æмæ афтæмæй басастис йæ паддзахады террористон мидисыл. Нырмæ дæр уый  махæн дызæрдыгкаг нæ уыди, фæлæ фидæны тæрхондонæн æфсæйнаг аргумент кæй балæвар кодта, уый тыххæй бузныджы аккаг у ацы дзæгъæлдзых министр.

Германийы хъыгъд лæвæрдтой антиуæрæсейаг санкциты æнтыстдзинад æмæ кокаин демократийæн тæссаг кæй нæу, уый тыххæй. Изæрырдæм Эрдоган Уæрæсейы æрдæм æрбаппæрста стыр бырынкъджын. Растдæр зæгъгæйæ та æртæ бырынкъджыны. Зеленский сæ арендæйы ист хæдтæхæджы фæстæмæ Киевмæ æрхæццæ кодта. Нæ сабат та нын фехæлдта.

Хуыцаубоны нæхи цæттæ кодтам кусæн къуыримæ. Æрчъицыдтам Эрдоганы фыдракæнды фæстæ, дарддæр хъæрæй худтыстæм хохолты уæлахизтыл. Мидбылхуд нæм расайдтой Францийы уынаффæтæ Украинæйы тыххæй. Балтикон паддзахæдты митыл фæллад мидбылхудт бакодтам, уымæн æмæ тæригъæд у рынчынтыл худын. Æмæ райдзаст фидæныл æууæндгæйæ, нæ Хуыцаубоны улæфтæй нæхи бафсæстам.

Райдзаст фидæны ралæудыл цæмæн æууæндæм, фæрсут? Уымæн æмæ Уæрæсе фæуæлахиз уыдзæн. Уымæн æмæ Уæрæсе алы хатт дæр фæуæлахиз вæййы.

Гъе, ахæм хабæрттæ. Ног къуырийы райдайæны зæрдиаг арфæтæ райсут, хорз адæм!

Хъусдарæг

Нывы:Зеленский йæ удхор æмбæлттæ – азовæгтимæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.