1 ИЮЛЬ – ÆППÆТУÆРÆСЕЙОН ХЪÆЛÆСÆППÆРСТЫ БОН

1-æм июны УФ-йы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста Барамындыл  УФ-йы Конституцимæ барасткæнинæгтæ бахæссыны фæдыл 1-æм июлы æппæтуæрæсейон хъæлæсæппæрст ауадзыны тыххæй.

УФ-йы Централон æвзарæн къамис сног кодта йæ куыст Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл æппæтуæрæсейаг хъæлæсæппæрстмæ бацæттæ кæныны тыххæй. Коронавирусимæ уавæр кæд стабилондæр кæны, уæддæр раздæрау приоритеты ис æмбæстæгты æнæниздзинад. Фадгуытæм бацæ-уæны бардзысты тæвд, уым гæнæн уыдзæн индивидуалон хъахъхъæныны фæрæзтæ райсын – маскæтæ, æрмкъухтæ æмæ, æгæрыстæмæй, иу хатт йедæтæмæ спайдагæнæн кæмæй нæй, ахæм ручкæтæ. Ахсджиаг у, адæм кæрæдзийыл кæй не ‘мбæлдзысты, уый дæр – схъæлæс кодта æмæ рахызт хицæн дуарæй. Паспорт у æнæмæнгхъæуæг, фæлæ йæ къухмæ радтын нæ бахъæудзæн, фаг у йæ байгом кæнын æмæ йæ равдсын. «Тынг æввахс нæ цæуæм кæрæдзимæ, фæлæ ахæм дæрæддзæджы, цæмæй йæ къамисы уæнгтæн сæ бон суа цæстæй равзарын», – æмбарын кæны Элла Памфилова.

Сæйраг бон у 1-æм июль, фæлæ Конституцимæ барасткæнинæгтæ  бахæссыны фæдыл æмбæстæгтæн сæ хъуыды равдисынæн гæнæн уыдзæн уый размæ æнæхъæн къуырийы дæргъы. Æртæ регионы гæнæн уыдзæн электронон хуызы схъæлæс кæнынæн. Фæндæттæ хастæуыд æппæтуæрæсейаг хъæлæсæппæрст Уæлахизы парады – 24 июны ауадзын, фæлæ Путин уый размæ бамбарын кодта, афтæ саразæн цæмæннæ ис, уый.

«Зонын æй, мæ коллегæтæ мын дзырдтой Парады боны хъæлæсæппæрст ауадзыны  тыххæй. Ницы хъæуы хæццæ кæнын. Уый у хицæн егъау цау бæстæйы царды, уымæ гæсгæ Уæлахизы парад у уаз  хъуыддаг æмæ йæ ницæимæ схæццæ кæндзыстæм, уыцы нымæцы Конституцийы фæдыл хъæлæсæппæрстимæ дæр», – загъта УФ-йы Президент.

«30 боны  у оптималон æмгъуыд, кæцы нын фадат ратдзæн ацы бонимæ баст  æппæт æнæмæнгхъæуæг процедурæтæ сæххæст кæнынæн», – банысан кодта УФ-йы Централон æвзарæн къамисы сæрдар Элла Памфилова.

«Социалон барасткæнинæгтæ, кæцытæ хаст цæуынц Уæрæсейы Сæйраг закъонмæ, ома, Конституцимæ сты хуымæтæджы адæмы гарант, зын минутты сæ æнæхъусдардæй кæй нæ ныууадзысты, фæлæ сын кæй æххуыс кæндзысты, уый тыххæй», – загъта политолог Андрей Манойло.

Æндæр ивындзинæдтæ фæахъаз уыдзысты политикон стабилондзинад бахъахъхъæнынæн. Фæтыхджындæр уыдзæн Парламент. Паддзахадон Думæйæн йæ бон суыдзæн, æрмæст премьеры сфидар кæнын нæ, фæлæ ма министрты иу хайы дæр. Æмæ архайгæ президент та райсдзæн ног æмгъуыдмæ йæ кандидатурæ раразмæ кæныны фадат. Фæлæ ацы уавæрæй спайда кæндзæн æви нæ, уый йæхæдæг аскъуыддзаг кæндзæн Владимир Путин. Барасткæнинæгты æнæхъæн пакет у суверенитеты тыххæй. Бæрзонд бынæтты кусæг чиновниктæн нал уыдзæн дывæр æмбæстагдзинады бар. Ног этап райдайдзæн, кæд æмæ барасткæнинæгты æвварс рахæцой хъæлæсæппæрс-ты хайадисджыты фылдæр хай, уæд.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ хъæлæсæппæрст хъуамæ уагъд æрцыдаид апрелы мæйы, фæлæ коронавирусы пандемийы аххосæй хаст æрцыд фæстæдæр æмгъуыдмæ.

КОРОНАВИРУСЫ НЫХМÆ ПРЕПАРАТЫ ТЫХХÆЙ

Коронавирус чи мары, ахæм фыццаг препарат июны мæйы райсдзысты Уæрæсейы клиникæтæ. УФ-йы æрбавдыстой фыццаг регистрацигонд препарат коронавирус SARS-CoV-2 «Авифавир»-ы ныхмæ. Ацы препарат у афтæхуыйнæг комкоммæ архайды препарат, кæцы у вирус бирæ кæныны ныхмæ. Препарат уæрæсейаг клиникæтæ райсдзысты 11-æм июны. Хос дзы кæндзысты æрмæстдæр клиникæты, «Авифавир»-æн афтиæгты сæрибарæй уæй кæныны бар  нæ уыдзæн. Ног хосы архайгæ буарад у фавипиравир. Райдианы ацы буарады бындурыл 2014 азы гриппы ныхмæ препаратыл бакуыстой Японы,  спайда дзы кодтой коронавирусы пандемийы ныхмæ дæр æмæ йын уыд хорз фæстиуджытæ. Æцæг, иртасæнты япойнæгтæ не спайда кодтой контролон къордæй. Хæрзæрæджы райдыдта Япон клиникон иртасæнтæ уадзын, контролон къордæй спайда кæнгæйæ, æмæ уый та у комкоммæ фæндаг ацы бæстæйы дæр препарат официалонæй срегистраци кæнынмæ. Фæлæ уæддæр уымæ æнæксæгæйæ, уæрæсейаг бакуыстгонд препарат йæ рауадзынмæ бацыд фыццаг.

«Компани «ХимРар» УФ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ иумæ дунейы фыццаг сбæлвырд кодтой ацы препараты клиникон эффективондзинад хос кæныны регламентмæ бæрæг модификациты рæстæджы. Мах, дунейы фыццæгтæ, равдыстам,  хос кæныны схемæйы ивындзинæдты рæстæджы клиникон фæстиуджытæ  хорз кæй сты, уый. Ацы препаратæй чи пайда кодта, уыцы пациентты 65 проценты  цыппæрæм бон ссæрибар сты вирусæй. Ирдæй равдыстам препарат эффективон кæй у, уый», – банысан кодта комкоммæ инвестициты уæрæсейаг фонды генералон директор Кирилл Дмитриев.

Компани «ХимРар»-ы къордты директорты советы сæрдар Андрей Иващенкойы ныхæстæм гæсгæ, компани «ХимРар» фæнд кæны иу мæйы дæргъы препараты 50-60 мин курсы уадзын, кæцы  уыдзæн фагæй фылдæр. Уыимæ препараты нæ уæй кæндзысты афтиæгты. Уымæй дарддæр ма, иртасæнты фыццаг этапы, цыран регистраци æрцыдысты 60 пациенты, не сбæрæгчындæуыд препаратимæ баст иу серьезон фæрссаг   эффект дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Уæрæсейы æвзæрст кæй æрцыдысты 50 бархион-æфсæддоны, уыцы нымæцы фондз сылгоймаджы, коронавирусы ныхмæ вакцинæйы клиникон иртасæнты хайад райсыны тыххæй. Препаратыл ма  куыстой Хъахъхъæнынады министрады институт, цыран уый размæ фæлвæрдтой лихорадкæ Эболайы ныхмæ вакцинæ æмæ Гамалеяйы номыл иртасæн институт. Уым ныридæгæн цалдæр адæймаджы сæхицæн бауагътой ацы ног препарат, кæцыйы фæстæ сæм ссардæуыд афтæхуыйнæг «антителæтæ»-тæ. Специалистты ныфс ис уымæй, æмæ æппæт клиникон иртасæнтæ дæр кæй фæуыдзысты июны кæронмæ.

СÆХИ ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ УÆЛАХИЗЫ ПАРАДМÆ

24 июны Стыр Фыдыбæстæойн хæсты Уæлахизы 75 азы цытæн парадтæ уагъд æрцæудзысты 9 хъайтар горæты æмæ 19 горæты, цыран сты æфсæддон зылдты, флотты æмæ Гарзджын тыхты баиуæгнæдты штабтæ, – уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу.

Парады хайад райсдзысты æрмæстдæр COVID-19 иммунитетимæ æфсæддон службæгæнджытæ. Сырх фæзуаты парады архайдзысты 14 мин адæймаджы, уыцы нымæцы уæлдæр ахуырадон уагдæтты агъоммæйы 800 хъомылгæнинаджы,  техникæйы 1850  иуæджы æмæ 511 тæхæг аппараты. «Хæд-тæхджытæ æмæ вертолеттæ парады рæстæджы рацæудзысты 16 къордæй Сырх фæзуаты сæрмæ. Æдæппæтæй парады хайад райсдзысты 75 уæлдæфон науы, афтæ ма 37 резервон тæхæг аппараты. Атахты дæргъвæтиндзинад уыдзæн 5 минуты», – фехъусын кодта УФ-йы Уæлдæфон-космикон тыхты сæйраг командæгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг инæлар-лейтенант Виктор Афзалов. Уæлдæфон парады кæройнаг хайы Сырх фæзуаты сæрты ратæхдзæн рæнхъ оперативон-тактикон авиацийы 10 хæдæтæхджы скондæй, уæлдæр пилотаж «Русские витязи» æмæ «Стрижи»-йы къордтæ. Парады уæлдæфон хай фæуыдзæн æхсæз куынæггæнæг хæдтæхджытæ Су-25 къорды ратахтæй.

22-æм июны Мысæн æмæ фыдохы боны Мæскуыйы цур парк «Патриот»-ы байгом кæндзысты Гарзджын тыхты сæйраг аргъуан æмæ музейон комплекс «Дорога памяти». «Мах фæнды, цæмæй уырдæм адæм кæной сæ сывæллæтты, сæ сывæллæтты сывæллæтты, цыран уыдон зонгæ кæндзысты сæ бæстæйы кадджын историимæ. «Дорога памяти»-йыл ацæугæйæ, фендзысты, сабыр цард сын цы аргъæй æрхастæуыд, уый» – фехъусын кодта Сергей Шойгу.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.